Тадтаты Аланы тыххæй

1. Тадтаты Алан Сергейы фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министры бынатæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны æвдæм æрсидт Парламенты депутатæй æвзæрст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министры хæстæ æххæст кæнын рæстæгмæ æвæрд æрцæуæд Бестауты Ацæмæз Георгийы фыртыл – Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министры фыццаг хæдивæгыл.

3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 14 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Гæбæраты Иналы тыххæй

1. Гæбæраты Инал Федыры фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы бынатæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны æвдæм æрсидт Парламенты депутатæй æвзæрст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæст кæнын рæстæгмæ æвæрд æрцæуæд Гаглойты Юри Арсены фыртыл – Республикæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæгыл.

3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 14 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Бибылты Ацæмæзы тыххæй

1. Бибылты Ацæмæз Æхсары фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы хистæры бынатæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æвдæм æрсидт Парламенты депутатæй æвзæрст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ.

2.Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы хистæры хæстæ æххæст кæнын рæстæгмæ æвæрд æрцæуæд Жажиты Таймураз Анатолийы фыртыл – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы хистæры фыццаг хæдивæгыл.

1. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 14 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Габатты Аланы тыххæй

1. Габатты Алан Хаджумары фырт сæрибар æцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххуысгæнæджы бынатæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны æвдæм æрсидт Парламенты депутатæй æвзæрст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 14 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ  БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Педагогон архайды рæзгæ фæлтæры ахуыр æмæ хъомыл кæныны се стыр лæггæдты æмæ бирæазон æнтысгæ фæллойадон архайды тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг» лæвæрд æрцæуæд:

– Хъуылымбегты Иринæ Исламы чызгæн – Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг;

– Хъуылымбегты Луизæ Барисы чызгæн – Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæн;

– Ломидзе Иринæ Дмитрийы чызгæн – Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг.

Музыкалон аивады къабазы йе стыр лæггæдты æмæ бирæазон сфæлдыстадон архайды тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист» лæвæрд æрцæуæд:

Сланты Ацæмæз Филиппы фыртæн – Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг.

Педагогон архайды сæ лæггæдты æмæ бирæазон æнтысгæ куысты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцæуæд:

Дудайты Сæрмæт Павелы фырт – Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг;

– Къæбысты Сæрмæт Владимиры фырт – Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 22 май

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.