Ныры дуджы адæймаджы цардыл æнæ электроэнергийæ ахъуыдыгæнæн дæр нæй. Уый нын æрмæст нæ хæдзæртты нæ рухс кæны, фæлæ уыимæ баст у æппæт нæ цардархайд. Мах зонæм, нæхиуыл бавзæрстам, цы у æнæ электроэнергийæ цæрын. Бавзæрстам æй уæззау 90-æм азты. Фæлæ Уæрæсе уыцы тыхст хæццæ дуджы дæр нæ фарсмæ æрбалæууыд æмæ Кавказы хохрагъыл нæ респуликæмæ айтыгъта электроадæттæн хахх. Æмæ сулæфыдысты нæ адæм. Цард кæм нымæгау кодта, уым та ногæй базмæлыд, адæмы та царды ныфс бацыд.

Фæлæ Кавказы хохрагъыл карз зымæджы уадтымыгъты, митуардты ныхмæ фæлæууын электроадæттæн хаххæн æнцон нæ уыд. Æрцыдысты-иу ыл аваритæ æмæ-иу æрмæстдæр нæ электрикты, зæгъæн ис, хъайтарон архайдтыты руаджы авари иуварс æрцыд. Æмæ, цæмæй ахæм аваритæй хызт уæм дарддæр, уый тыххæй уынаффæ ист æрцыд, цæмæй Ручъы тъунелыл арæзт æрцыдаид резервон электрохахх. Рахицæн æрцыд æхцайы фæрæзтæ æмæ йæ арæзтадмæ æрæвнæлдтой ацы азы райдианы. Бæлвырддæрæй та куыстытæм æрæвнæлдтой, зæй цæуынæй тас куынæуал уыд, уæд. Кæд æнцон нæ уыд, уæддæр кусджыты иузæрдион архайды руаджы æппæт куыстытæ дæр баконд æрцыдысты рæс-тæгыл. Ам арæзт æрцыд æртæ сæйраг ахъазгæнæг фазæйы, æххæст гуырахстæй арæзт æрцыд фæлдзæуæн пункт, цалцæг æрцыдысты муфтæтæ æмæ баиу æрцыд дæлстанц «Северный портал»-ы электроифтонгад. Афтæ æппæт куыстытæ дæр фæстейæ баззадысты æмæ æрбалæууыд цины зæрдылдарæн бон – резервон хахх энергосистемæмæ баиу кæныны бон. Уый фæдыл уым ауагъд æрцыд цытджын церемони. Ардæм æрбацыдысты нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцæуæг, фæсарæйнаг бæстæтимæ æхсæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл Уæрæсейы Президенты управленийы хистæр Игорь Маслов, Уæрæсейы Æдасдзинады Советы хистæры хæдивæг Рашид Нургалиев, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Цæгат Ирыстон-Аланийы хицауады сæрдар Дзанайты Барис, акционерон æхсæнад «Россети»-йы генералон директор – æххæстгæнæг директоры фыццаг хæдивæг Андрей Муров æмæ æндæр уазджытæ дæр. Райдианы уыдон бацымыдис кодтой, дæлстанц «Северный портал» куыд арæзт æрцыдис, уымæ. Куыд арæзт цыдис, сæ разы цы проблемæтæ лæууыд, уыдоныл уæлахиз кæнгæйæ, уæддæр сæ къухты стыр æнтыст кæй бафтыд, уый тыххæй сын лæмбынæгдæр радзырдтой электриктæ. Уæрæсейаг уазджытæ стыр райгондæй баззадысты электрикты куыст æмæ архайдæй.

Цытджын церемонийы раныхас кодта æмæ дæлстанц «Северный портал»-ы ахсджиагдзинадыл йæ хъуыдытæ загъта Уæрæсейы Æдасдзинады Советы хистæры хæдивæг Рашид Нургалиев:

«Бирæ азты дæргъы хъуыды кодтам, цæмæй арæзт æрцыдаид, абон цы диссаджы объект федтам, ууыл. Арæзт цыдысты алыгъуызон проекттæ, фæлæ иумæйаг тыхтæй абон арæзт чи æрцыдис, уый у иууыл растдæр æмæ ныр зæрдæ райы йæ арæзтæй. Куыд зонут, афтæмæй 2016 азы, уый тыххæй йæ хъуыды загъта Владимир Путин. Раст уыдонæй фæстæмæ архайдтам ацы хъуыддагыл – Хуссар Ирыстоны электроэнергийæ æнæкъуылымпыйæ сифтонг кæныныл. Уымæн æмæ стыр зындзинæдтæ æвзæрстой, рухс-иу куы ахуыссыд, уæд, уæлдайдæр та – зымæгон, стыр мит-иу куы ныууарыд. Уый тыххæй-иу мæн арæх бахъуыдис, Бибылты Анатолиимæ цы æмбырдтæ уагъд цыдис, уым ууыл æрдзурын. Æмæ абон æз тынг райгонд дæн электриктæй, ацы хъуыддагыл æнувыдæй чидæриддæр архайдта, уыдонæй. Уымæн æмæ æппæт уыцы куыстытæ бакæнынæн хъуыд рæстæг æмæ нæ уый та æлхъывта, стæй дæр ацы хæхтыл ахæм куыстытæ æххæст кæнын æнцон нæ уыд. Хъуыд алыгъуызон техникæ æмæ стыр арæхстдзинад æмæ уый та сæ къухты бафтыд», – загъта Рашид Нургалиев æмæ зæрдæбын арфæтæ ракодта, чи йыл куыста, уыцы электриктæ æмæ йын йæ арæзтадмæ   йæ хъус чи дардта, æппæт уыдонæн.

Йæ раныхасы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр банысан кодта: «Æххæст æрцыд вазыгджын куыст, специалисттæ сæххæст кодтой вазыгджын техникон хæстæ, цæмæй электроадæттæн хахх эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдаид. Уый æцæгæйдæр у нысаниуæгджын бон Хуссар Ирыстонæн. Зын зæгъæн у, цас ахсджиаг у уый Хуссар Ирыстоны алы цæрæгæн дæр. Электроэнергийы ахицæн, æгæрыстæмæй, 2-3 сахаты алы республикæйæн дæр сæвзæрын кæны уæлвæткон уавæр. Дзырд бонтыл, къуыритыл куы цæуа, уæд мах æмбарæм, æппæт уыцы азты цахæм уавæры цардис республикæ», – загъта Президент.

Цытджын церемонийы ма раныхас кодтой æмæ арæзтады ахсджиагдзинадыл æрдзырдтой фæсарæйнаг бæстæтимæ æхсæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл Уæрæсейы Президенты управленийы хистæр Игорь Маслов, Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис, акционерон æхсæнад «Россети»-йы генералон директоры фыццаг хæдивæг Андрей Муров.

Кæронбæттæны электриктæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй.

Уæдæ афтæ. Нал уыдзæн къуылымпыдзинæдтæ нæ республикæйы цæрджыты электроэнергийæ ифтонг кæныны хъуыддаджы. Æмæ нæ ацы зынгæ цауы тыххæй фæнды раарфæ кæнын æмæ бузныг зæгъын, чи йыл куыста, уыцы аразджытæ æмæ специалисттæн. Рухс цард кæнæт кæддæриддæр. Кæддæриддæр рухс цард кæнæт, кæмæн æй сарæзтой, уыдон – нæ республикæйы цæрджытæ дæр.

БЕСТАУТЫ Валя             

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.