Куыст цæуы, Ручъы тъунелыл резервон электроэнергийы хаххы арæзтадыл.  Уымæн ныридæгæн арæзт æрцыд йæ иу хай.

Ацы ахсджиаг объекты арæзтады тыххæй паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы сæргълæууæг Гæбæраты Алан зæгъы: «Зымæджы бонты нæ республикæ арæх аззайы æнæ электроэнергийæ. Аварийы рæстæджы канд цæрджытæ нæ, фæлæ зындзинæдтæ февзарынц электрохызæджы кусджытæ дæр. Цæмæй ахæм  цаутæй хызт уой Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм, уый нысанæн Уæрæсейы Федерацийы энергетиктимæ бадзырдтæ рагæй уагъд цыд. Электрохызæджы уæлæмхас хахх Ручъы тъунелыл уагъд кæй хъуамæ æрцæуа Хуссар Ирмæ, ууыл куыддæр къухтæ фыст æрцыд дыууæфарсæрдыгæй дæр, афтæ Уæрæсейы энергетикæйы министрады специалисттæ æрцыдысты нæ республикæмæ, цæмæй сахуыр кодтаиккой уæлæмхас хаххы маршруттæ, кæуылты æнцондæр уы-дзæнис йæ рауадзын. Ручъы тъунелыл электроэнергийы хахх ауадзынмæ хъуамæ æрæвнæлдтаиккой фарон сæрды мæйты æмæ азы кæронмæ хъуамæ сæйраг куыстытæ  уыдаиккой фæуд. Фæлæ пандемийы аххосæй хъуыддæгтæ фæкъуылымпы сты».

Мах цымыдис кодтам ныртæккæ куыстытæ цы стадийыл сты, уыцы фарстмæ. Уый тыххæй та нын «Энергоресурс»-ы ахæм дзуапп радтой. «Æрцыд цæттæгæнæн куыстытæ, цæмæй Ручъы тъунелыл уагъд æрцæуа йæ дæргъ аст километр кæмæн уыдзæнис, ахæм уæлæмхас хахх. Электроэнерги ист цæудзæн Зæрæмæг-цæгаттаг парталæй æмæ баиу уыдзæн Дзауы электрохаххимæ». Ног резервон  электроадæттæн хахх саразын кæй хъæуы, уыцы фарстытыл уынаффæ цыд социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы рабадты дæр. Уæд энергетиктæн хæс æрцыд, цæмæй бакусой æхсæз проектыл. Уыдонæй иууыл æнцонвадатдæр разынд тъунелыл кабел ауадзын. Уымæн æмæ йыл не ‘ндавдзæнис æвзæр бо-ныгъæдтæ.

Гæбæраты Алан ма нын куыд радзырдта, афтæмæй зымæгон бонты Дзомагъгоммæ æвцæгыл фæндаг нæ вæййы. Ацы бæрзонд  хæххон бынат у зынвадат, тæссаг у зæйтæ æрцæуынæй. Уырдæм афæдз аст мæйы дæргъы бацæуæнтæ нæ вæййы. Афтæ зæгъæн нæй, ома, электрохызæджы кусджытæ æвзæр кусынц æмæ уымæн аскъуыйы электроны хахх. Сæрдыгон рæстæг паддзахадон унитарон куыстуат «Электроресурс»-ы кусджытæ  ранæй-рæтты, профилактикон куыст бакæнынц, бацæттæ йæ кæнынц, фæлæ уæззау, хуылыдз мит нæ бауромынц телтæ æмæ та аскъуыйынц. Куыддæр ацы аз резервон электрохахх арæзт æрцæуа, афтæ цæрджытæ хатгæ дæр нал фæкæндзысты авари кæй æрцыд, уый.

Куыд зонæм, афтæмæй боны фæткæй ист не ‘рцыд нæ цæугæдæтты ГЭС-ты арæзтады фарст. Уый фæдыл та нын ПУК «Энергоресурс»-ы  сæргълæууæг ахæм дзуапп радта. «Куыд зонæм афтæмæй нæ республикæмæ электроэнерги æмæ газ æмткæй цæуы Уæрæсейы Федерацийæ бæрзонд хæххон бынæтты. Уый та æдас нæу канд зымæг нæ, фæлæ ма сæрд дæр. Уымæ гæсгæ ГЭС саразын раздæр дæр æмæ ныр дæр у актуалон. Цалдæр азы размæ нæ республикæмæ хуынд æрцыдысты уæрæсейаг энергетиктæ. Уыдон сахуыр кодтой Зонкъары ГЭС-ы арæзтад республикæйæн цас слæудзæнис æмæ дзы ифтонг чи æрцæудзæнис уыцы фарстатæ. Уыцы суммæ у дзæвгар. Махæн, нæхи бюджеты фæрæзтæй уый саразын нæ бон нæ бауыдзæн. Инвестпрог-раммæмæ та хаст æрцæуынц иууыл вазыгджындæр социалон объекттæ. Канд Зонкъары нæй саразæн ГЭС, фæлæ ма Леуахийы цæугæдоныл дæр. Уыцы фарстатæ хаст æрцыдысты фæстæдæр рæстæгмæ. Куыддæр уавæртæ фæзына, афтæ та мах уыцы фарст рахæсдзыстæм Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ. 

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.