РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Уæлдæфон-десантон æфсады сæйраг къомандæгæнæг, инæлар-булкъон Андрей Сердюковæн, УФ-йы уæлдæфон-десантон æфсæдты сæрмагонд сконд æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбон-Уæрæсейы Уæлдæфон-десан-тон æфсæдты боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Андрей Николайы фырт!

Арфæ дын кæнын, УФ-йы уæлдæфон-десантон æфсæдты сæрмагонд сконд æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбон – Уæрæсейы уæлдæфон-десантон æфсæдты боны цытæн.

Сымах стут тыхы, ныфсхастдзинады æмæ патриотизмы цæвиттон. Хъайтар Уæлдæфон-десантон æфсæдтæ нымад цæуынц гарзджын тыхты элитæйыл. Хъайтарон архайдтытæ, диссаджы фæразондзинад æмæ удуæлдайдзинады фæрцы абоны онг хъахъхъæд цæуы УФ-йы сабыр уавæр. Зын уавæрты сымах алы хатт дæр архайут райгуырæн зæххы хæрзиуæгæн, æмбæстæгты сабыр æмæ æдас цард ифтонг кæнут, ныхдуртæ иуварс кæнгæйæ, æмæ уæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæнгæйæ.

Ныфс мæ ис, æвзонг фæлтæр дарддæр дæр кæй хъахъхъæндзæн æмæ кæй фылдæр кæндзæн сæ дадатæ æмæ фыдты кадджын традицитæ, Уæрæсейы паддзахадон интерестыл кæй тох кæндзæн, кæй хъахъхъæндзæн йе ‘мбæстæгты æнцойад æмæ сабыр куыст.

Ацы нысаниуæгджын боны дæуæн цытджын Андрей Николайы фырт, æмæ УФ-йы уæлдæфон-десантон сæрмагонд скондæн мæ цæст уарзы фидар æнæниз-дзинад, æнтыстытæ æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ».

Уæрæсейы Уæлдæфон-десантон æфсæдты боны цытæн ма хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта УФ-йы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Юнус-Бек Евкуров, Маргеловы номыл Рязаны уæлдæфон-десантон ахуыргæнæндоны хистæр армийы инæ-лар Александр Рагозин, Волгограды областы губернатор Андрей Бочаров æмæ УФ-йы Федералон службæйы Паддзахадон Думæйы депутаттæ Андрей Красов, Александр Шерин æмæ Владимир Шамановæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.