Ацы бонты Тедеты Георгийы номыл Цхинвалы 1-æм музыкалон скъолайы хъомылгæнинæгтæ цæугæ академион концерт равдыстой Знауыры поселочы цæрджытæн. Концерт уагъд æрцыд 2019 аз Хетæгкаты Къостайы азæй расидт кæй æрцыд, уый сæраппонд.

Поселочы Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд бирæ адæм. Ардæм æртæ автобусыл æрбацыдысты, скъолайы хъомылгæни-нæгтæ, сæ ахуыргæнджытæ,ацы уагдоны директор Тедеты Маринæйы сæргълæудæй æмæ горæт Цхинвалы администрацийы цур Культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы кусджытæ Тасойты Игоры сæргълæудæй, афтæ ма ныййарджытæ дæр.

Концерт амонæг – 1-æм музыкалон скъолайы ахуыргæнæг Котолиты Тамарæ куыд загъта, афтæмæй концерт уагъд цæуы ирон литературæйы бындурæвæрæг, Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн.  Уый, зæгъ,  махæн  ныууагъта сæйраджыдæр, йæ æнæмæлгæ «Ирон фæндыр»-ы, кæцы мыхуыры рацыд 1899 азы. «Къостайы æмдзæвгæтæ, уыдоныл фыст зар-джытæ зæлыдысты æмæ зæлынц Ирыстоны алы къуымты. Поэт йæх-дæг дæр зарыд тынг хорз, цагъта роялыл, уыдис ын тынг рæсугъд хъæлæс. Фæстæдæр Къостайы æмдзæвгæтæ систы фыццаг ирон нотæты æмбырдгонд «Ирон зæлтæ»-йы бындур, кæцы мыхуыры рацыд 1905 азы. Ирыстоны вокалон сфæлдыстады классикæ систы «Хъуыбады», «Зонын», «Додой», «Æнæхай» æмæ æндæр уацмыстæ. Къостайы сфæлдыстадæй пайда кодтой ирон композитортæ Галаты Барис, Хаханты Дудар, Гæбæраты Илья, Æлборты Фе-ликс, Кокойты Тæтæрхъан æмæ бирæ æндæртæ», – дзырдта Котолиты Тамарæ.

Уый фæстæ Цхинвалы 1-æм музыкалон скъолайы кæстæр иумиагскъолайон хор Тасойты Валентинæйы сæргълæудæй сæххæст кодта зарæг «Красный шар», «Победа», «Взрослые и дети». Сæ но-мыртæ тынг хорз сæххæст кодтой иууылдæр. Уæлдай тынгдæр сце-нæмæкæсджыты зæрдæмæ фæцыдысты Леонтьев Клим,Зассеты Максим, Быценты Анна-Марияйы, Тасойты Анастасия, Бязырты Алан, Гæззаты Аленæ, Плиты Аннæ, Козаты Дианæ, Гасситы Ланæ, Гобозты Роман, Савицкий Максим æмæ иннæты сæххæстгонд номыртæ. Концерты кæрон скъолайы вокалон æххæсткæнынады хъомылгæнинæгты ансамбль Хаситы Линæ, Гасситы Нинæ, Дзæгъиаты Альвинæ, Гæбæраты Дианæ, Букуылты Еленæйы хайадистæй сæххæст кодтой зарæг «Моя семья-вселенная».

Котолиты чызг ма æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ,  Петр 1 рæстæджытæй фæстæмæ уырыссаг литературæйы зынгæдæр 50 уацмысы номхыгъдмæ бацыд Къостайы æмдзæвгæ «Сидзæргæс».

Цæугæ концерт æхцондзинад кæй æрхаста знауырæгтæн, уый ирдæй зынд сæ зæрдæйыуагыл. Æгæрыстæмæй, концертмæ æрба-цыд 90 аздзыд Джиоты Митуша дæр, кæцы зæрдæбын арфтæ ракодта концерты чысыл хайадисджытæ æмæ йæ организатортæн. Знауыры поселочы астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Валя куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ дæлбар уагдоны хъомылгæнинæг-тæ æмæ коллектив дæр стыр æхцондзинад  райстой  концертæй.

1-æм музыкалон скъолайы директор Тедеты Маринæ райгондæй баззад йæ хъомылгæнинæгты архай-дæй æмæ банысан кодта уыдон уæлдай хуыздæр кæй сæххæст кодтой сæ номыртæ, уый. «Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын ацы концерт сорганизаци кæнынæн нын чи бахууыс кодта, уыдонæн – горæт Цхинвалы администрацийы культурæйы управленийы кусджытæн Тасойты Игоры сæргълæудæй, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим æмæ Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты ансамбль «Симд»-ы къухдариуæггæнæг  Гаглойты  Ростикæн  Знауырмæ ацæуынæн нын сæ автобустæ  кæй рахицæн кодтой, уый тыххæй».

Тедеты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ сын ацы цæугæ концерт   уыд фæстаг 30 азы дæргъы фыццаг æмæ уымæ гæсгæ уæлдай райгондæй баззад, йæ сорганизаци кæнынæн сын чи баххуыс кодта, уыдонæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ концерты фылдæр æххæст кæй æрцыдысты ирон композиторты уацмыстæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.