Кæддæр иу поэт фыста: «Кæм хъуамæ уаид раст тæрхон, уым федтон æз фыдæх…». Ацы ныхас хауы ныртæккæйы дунеон бархъахъхъæнæг организацитæм дæр. Махæй алчидæр хорз хъуыды кæны, дунейы искæцы бæстæйы æмбæстаджы бартæ-иу хæлд куы цыдысты, уæд-иу ын уыд йæ хъаст кæдæм ахæсса, уый. Ахæм организацитæ уыдысты Гаагæйы тæрхондон, Адæй-маджы барты фæдыл дунеон федераци, Иугонд Нациты организаци æмæ афтæ дарддæр. Зæгъæм Иугонд Нациты Организацийæн йæ уагæвæрды фыст ис, адæймаджы йæ цармы хуыз, йæ дин, йе ‘взаг æмæ йæ ардмæ гæсгæ не ‘взаргæйæ, уымæн йæ бартæ æмæ йæ сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнын организацийы хæс кæй у. Фæлæ ныртæккæ дунейы æхсæнадон-политикон уавæр куыд ивы, афтæ ивы ацы организациты ахаст дæр адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæм. Мах хорз зонæм Гуырдзыстоны æрбабырсты цаутæ Хуссар Ирыстонмæ, хуссарирыстойнаг адæмæн цы стыр зиæнттæ æрхастой экономикон, демографион, моралон æмæ æндæр фадгуыты дæр, уый.

Уый фæдыл историон зонæдты доктор, О.Е. Кутафины номыл Мæскуыйы паддзахадон юридикон академийы дунеон барады кафедрæйы профессор Е.Г.Мойсеев йæ зонадон уац «Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ рæзт сифтонг кæныны  дунеон-барадон бындуртæ»-йы фыста, зæгъгæ Гуырдзыстон æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ мæнгардæй, Уæрæсе та йæхи æмбæстæгты нывондæн æрхаста ирон адæмы скуынæг кæнын ма бауадзыны сæраппонд. Уый фæдыл, дунейы бархъахъ-хъæнæг организацитæ «бузныг зæгъыны бæсты (…) Уæрæсейыл рауагътой хахуырты зæй. Хахуыр æмæ æнæсыгъдæгдзинадæй. Рæстдзинад бамынæг кæныны сæраппонд уыдон æхсæвæй бонæй уырнын кодтой дунейы адæмæн, зæгъгæ, «чысыл» Гуырдзыстон сси «стыр Уæрæсейы» амæттаг. Фæлæ фæстæдæр дуне базыдта Кавказы цауты тыххæй рæстдзинад, уыцы нымæцы 2008 азы Кавказы тыхæй фыццаг чи спайда кодта, уый тыххæй дæр.».

Ацы æмæ æндæр цауты фæдыл дунеон æмæхсæнады цæстæнгас ивд кæй æрцыд, уымæн ма æвдисæн ссис æрæджы австралийаг журналист, рæстдзинадыл дунейы зындгонд тохгæнæг, зындгонд интернет бæрæгуат Wikileakc-ы бындурæвæрæг Джулиан Ассанж Английы полицийæгты къухтæм лæвæрд кæй æрцыд, уыцы хабар дæр. Ныры онг уый æмбæхст уыди Эквадоры минæварады бæстыхайы, фæлæ йæ ныр Эквадоры Президент Ленин, зæгъгæ ахæм æнахуыр ном кæмæн ис, уый, радта полицийæгты къухмæ. Бæлвырд куыд у, афтæмæй Джуллиан Ассанж ацы бæстæйы минæварады æмбæхст уыди авд азы дæргъы. Йæ бамбæхсыны аххосаг та уыди Америкæйы хицауад йæ фæдыл кæй зылдысты, уый, уымæн æмæ адæмы рæгъмæ рахаста сусæг зонæнтæ бæстæйы мидæггагон политикæйы, уыцы нымæцы йæ хæстон фыд-ракæндты тыххæй дæр.

Ацы хъуыддæгтæм кæсгæйæ диссаг уый у, æмæ дунейы бархъахъхъæнджытæй уый барты сæрыл нырма ничи ницы загъта, афтæмæй та Америкæ æмæ Европæйы алы бæстæты алкæцы æнæуаг хъуыддагыл хæст гоймæгтæн карзæй хъахъхъæнынц сæ бартæ, кæмдæрты та аргъуантæ дæр растыл банымайынц, иуардон къайадтæ арæзт кæй цæуы, уый дæр.

Джулиан Ассанжы цардвæндаг ныртæккæ тынг дзырддаг у. Политикон эксперттæй йæ бирæтæ нымайынц аххосджыныл, уæлдайдæр та ныгуылæйнаг цæстæнгасыл хæст чи у, уыдон. Сæ хъуыдымæ гæсгæ уый гадзрахатæй рацыд йæ бæстæйыл, уымæн æмæ раргом кодта уымæн йæ паддзахадон сусæгдзинæдтæ. Уæрæсейаг политиктæй бирæтæ та зæгъынц, Джулиан цы зонæнтæ рахаста адæмы рæгъмæ, уыдон цымыдисаг сты æппæт адæймагадæн дæр, уымæн æмæ дунейы дзыллæты хисæрмагонд интересты дæр агайынц, суанг ма сæ хисæрмагонд зонæнты æдас-дзинад дæр хæлд кæй цæуы фæсвæдæй, уымæ гæсгæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Джулиан Осанжы раргомгонд документтæм гæсгæ, æгас дунейы цæрджытæ сты сусæг организациты хъусдарды бын, сæхи сын нæ бафæрсгæйæ.

Ныртæккæ дунеон инофрмацийы фæрæзтæ сæ хъус дарынц Джулиан Ассанджы дарддæры хъысмæт куыд уыдзæн, уымæ. Гæнæн ис,  æмæ йæ Англисы хицауад адæтта Америкæйы къухтæм. Уæд ын цавæр тæрхон счындæуыдзæн, уый зын зæгъæн у.

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.