Нæ республикæйы машинæтæ чи цалцæг кæны, ахæмтæ  цъус не сты, фæлæ искæй машинæ куы фехæлы, уæд арæхдæр кæй æрцагурынц, уыдонæй иу у Пæррæстаты Станислав. Уый кæд ныр 12 азы Уæлвæткон уавæрты министарады автомеханикæй кусы, уæддæр æм республикæйы цæрджытæй исчи куы бахаты, уæд ын кæд фадат фæвæййы, уæд ын æнæ баххуыскæнгæ нæ фæвæййы.

Станислав райгуырд æмæ схъомыл нæ горæты. Сабийæ йæ чи зыдта, уыдонæй  ма абон дæр бирæтæ арæх æрымысынц, кæй уыд хистæртæм хъусаг, цыфæнды цумамæ та – æнæзивæг. Скъола каст куы фæцис, уæд слæууыд йе ‘мкарæнты æмæ йæ хистæр æмзæххонты фарсмæ æмæ гуырдзиаг фыдгæнджытæй хъахъхъæдта йæ райгуырæн бæстæ, йæ уарзон адæмы. Фæстæдæр та, 2005 азы бацыд фидауынгæнæн тыхтæм æмæ æнувыдæй æххæст кодта разамынды хæслæвæрдтæ. Иу ахæмы фидауынгæнæн тыхтæн фехæлд сæ хæстон хъомысджын техникæйæ иу. Станислав алцæмæ дæр ныфсхаст у, кæд æфсæрмы кодта, уæдмæ техникæимæ чи архайдта, йæ саразын кæмæн нæ бантыст, уыцы æмбæлттæй, уæддæр йæ дыстæ  басчъил кодта æмæ цалдæр боны фæстæ хъомысджын техникæ скуыста. Йæ командæгæнджытæ йын цы арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой, уыдон æвзонг лæппуйы ноджы тынгдæр сра-зæнгард кодтой æмæ-иу сын уæдæй фæстæмæ цы зындзинæдтæ сæвзæрд, уыдон иуварс цыдысты афоныл æмæ гъæдджынæй.

2010 азы Станислав Уæлвæткон уавæрты министрадмæ кусынмæ куы цыд, уæдмæ дæр разамынад зонгæ уыдысты йæ куыстуарзондзинад æмæ арæхстдзинæдтимæ, æмæ йын æй куыд нæ хъуамæ загътаиккой. Абон дзы разамынад куыд райгонд сты, уый тыххæй Уæлвæт-кон уавæрты министыры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз афтæ зæгъы:

– Станиславæй тынг райгонд стæм. Уымæн æмæ йæ фæрцы нæ техникæ æппынæдзух цæттæ у æххуысмæ ацæуынмæ. Уый сахатмæ никуы фæкæсы, куы бахъæуы, уæд куысты фæстæдæр феххæст кæны йæ куыст.

Иу хорз миниуæг та йæм уый ис æмæ у коллективы хæлар. Се ‘хсæн тауы кæрæдзимæ, æмбаргæ ахаст æмæ хæлардзинад æмæ абон уымæн дæр ис стыр нысаниуæг.

 Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.