Адæм кæрæдзи фæрцы сты, зæгъгæ, æнæхъуаджы нæ фæдзурынц. Æцæгдæр афтæ у – цыфæнды фæрæзджын адæймаджы дæр цыдæр рæстæджы кæйдæр æххуыс бахъæуы. Æмæ раппæлинаг у, уыцы æххуыс куы сæххæст вæййы кæрæдзи æмбарыны уавæрты. Ахæм хорз фæтк раджы ныббиноныг ирон адæммæ æмæ йæ схуыдтой зиу. Зиуы фæрцы иу кæнæ иннæ бинонтæн скъуыддзаг кодтой сæ тыхстдзинад, куыддæр-иу базыдтой, адæймаджы æххуысы сæр хъæуы, уæд-иу рагуылф кодта хъæуы цæрджыты æнæхъæн къорд æмæ афтæмæй цыбыркъух адæймаджы хъуыддæгтæ бæстон кодтой. Кæд раздæры хуызæн нæ, уæддæр абоны бон дæр зиуæй пайда кæнынц нæ хъæуы цæрджытæ æмæ уымæй се ххуысы хай бахæссынц æвæрæз бинонтæн.

Адæймагæн цасдæрбæрцæй йæ уавæр фæрог кæнын, хæлцадон, медицинон æмæ æндæр æххуыстæ бакæнын канд  æмбæстæгты царды нæ уæвынад кæны, фæлæ сси хицæн организацитæ æмæ уагдæтты аудинаг дæр. Ахæм организацимæ хауы Сырх Дзуары Æхсæнадæмон комитет дæр, кæцы нæ республикæйы уæвынад кæны къорд азты æмæ йæ хайбавæрд хæссы æвæрæз æмæ иунæг æмбæстæгты царды уавæртæ фæхуыздæр æмæ фæрогдæр кæнынмæ. Уыцы аудындзинад та æрæджы банкъардтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цалдæр цæрæджы, уыцы нымæцы Джиоты Раисæ (Ремсо) дæр. Раисæ ацы хъæуы райгуырд æмæ схъомыл, куыддæр кусынхъом фæци, афтæ йæ хайбавæрд хаста æхсæнадон хæдзарады иумиаг æнтыстмæ æмæ дзы уый тыххæй райгонд уыдысты хæдзарады разамонджытæ. Уымæй дарддæр хæрззылд æййæфта йæ хисæрмагонд зæххы фадыг дæр, агротехникæйы æппæт домæнтæ æххæст кодта æмæ æрвылаз дæр нартхор, хъæдур æмæ цæхæрадоны халсæрттæй иста хъæздыг тыллæг. Уымæй дарддæр ма Раисæ йæ ныййарæг мад Лохты Назойæн зæронды бонтæм бакодта æцæг хъæбулы лæггад.

Ныр 80-аздзыд Раисæйыл дæр азтæ сæ уæз æруагътой, раздæрау йæ бон нал у уæхскуæзæй йæ куыстытæ æххæст кæнын. Ахæм иунæг æмбæстæгты уæлхъус, сæ тыхстдзинад сын фæрог кæныны тыххæй хъæууон администраци ( йæ сæргълæууæг Бигъуылаты Олег) бахатыд Сырх Дзуары комитетмæ æмæ уæд цалдæр æмбæстаджы райстой хæлцадон продукттæ, уыцы нымæцы Раисæ дæр. Организацийæ нæ ферох, æвæрæз æмбæстæгтæн зымæгмæ суг æрласын дæр æмæ ацы бонты Раисæ дæр райста уыцы лæвар – æдæппæт 3 кубометры. Фæлæ къуыдыртæ бандзарыны æввонг æрсæттын  зæронд сылгоймагæн йæ бон нæ бауыдаид æмæ йын уыцы куыст та бакодта бынæттон нæлгоймаг Мæлдзыгаты Робинзон. Зæгъын хъæуы, районы администраци дæр йе ххуысы къух кæй фæдаргъ кодта  суг æрласыны хъуыддаджы цалдæр æвæрæз бинонтæн.

                                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.