Ацы мæйы райдианы нæ республикæйы райдыдта архайын акци «Бацæттæ  кæн  сывæллоны  скъоламæ», зæгъгæ ахæм номимæ. Акцийы  сæйрагдæр нысан у нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы æвæрæз  бинонты ном хыгъдмæ хаст чи æрцыдысты, уыдоны сывæллæттæн скъолайы ахуыры райдианмæ баххуыс кæнын. Инспекцийы сæргълæууæг Гатайты  Лали йæ хайады кусджытимæ егъау хъусдард здахы æвæрæз бинонты уавæрмæ. Ацы хатт та уыдон хъусдард аздæхтой æвæрæз бинонты сывæллæттæ куыд цæттæ цæуынц скъоламæ, уыцы хъуыддагмæ.

«Хыгъды нæм цы 51 сывæллоны. Уыдон иууылдæр сты скъолайы агъоммæ кары сывæллæттæ. Кæй  зæгъынæй  хъæуы,  ацы  бинонтæн сæ къух цыбыр у, æмæ сæ бон нæу, цæмæй сæ сывæллæтты  куыд  æмбæлы  афтæ бацæттæ кæной скъоламæ.  Уый тыххæй мах сфæнд кодтам ацы акци ауадзын. Куыд уынæм, афтæмæй йын ис æввæрццаг фæстиуджытæ.  Уыдонæн тымбыл цæуы скъоламæ бацæттæ кæнынæн хъæуæг æрмæджытæ – хызынтæ, дзаумæттæ æмæ æндæр ахæмтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сывæллæтты бинонтæн, уæлдайдæр та цалдæр сывæллон кæй хæдзары ис, уыдонæн уæлдай зындæр уыдзæн сывæллæтты скъоламæ сæрмагонд  дарæсæй сифтонг кæнын. Мах сфæнд кодтам нæ уагдоны фæлгæттæй рахизын æмæ  акци фæуæрæхдæр кæныны тыххæй  нæ горæты æмбæстæгтæй æвæрæз бинонты уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдонмæ фæсидын»,- банысан кодта Гатайты Лали.

Уæдæ ныр цалдæр къуырийы дæргъы куыд социалон хызæджы, афтæ бынæттон информацион фæрæзты дæр, информаци лæвæрд цæуы, цæмæй йæ бон кæмæн куыд у, афтæ се ’хуысы къух фæдаргъ кæной æвæрæз бинонтæм. Æмæ уыцы информацитæн ныридæгæн ис æвæрццаг фæстиуджытæ. Гатайты Лали нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй акцимæ æрбаиу сты канд хицæн адæймæгтæ нæ, фæлæ нæ горæты дуканиты хицæуттæй дæр иуæй иутæ, куыд зæгъм спортивон дуканийы хицау Гуыбеты Заринæ, кæцы фæндон бахаста сывæллæтты скъоламæ бацæттæ кæнынæн. Нæ горæты сывæллæтты  дуканитæ «Малыш», « Ерман», «Vera kids»,-ы хицæуттæ дæр æнæаргъæй  кæнæ æрдæг аргъыл балæвар кодтой уæлæдарæс, цы æвæрæз бинонты сывæллæтты бакодтой сæ дуканитæм, уыдонæн. Уыцы дуканитæм канд скъоламæ чи бацæудзысты, ахæм сывæллæтты не ‘рбакæнынц, фæлæ уыдонæй кæстæрты дæр.

«Бирæ æмбæстæгтæ нæм æрбаиу сты, бирæты дзы нæ фæнды æмæ сын сæ нæмттæ раргом кæнæм. Фæлæ уыцы хъуыддаг æз растыл нæ нымайын, мæ хъуыдымæ гæсгæ  хорз хъуыддаг чи аразы, уый хъуамæ алчи дæр зона. Зæгъæм политикон парти « Ныхс»-, ы номæй Бесаты Зитæ баххуыс кодта сывæллæттæн  æхцайы фæрæзтæй, афтæ ма нæ республикæйы æндæр  æмæ æндæр  политикон партитæ æмæ политикон архайджытæ, афтæ  дæр се ‘хуысы къух фæдаргъ кодтой. чи фæдаргъ кодта, æппæт уыдонæн. Акци «Бацæттæ кæнæм сывæллон скъоламæ»-йы фарс балæууын нæ паддзахадон телерадиокомпани «Ир-FM»-ы кусджытæ дæр сæ директор Цхуырбаты Аланы сæргълæудæй. Æххуысы къух нæм канд нæ республикæйы цæрджытæ нæ фæдаргъ кодтой, фæлæма нын нæ банчы сæрмагонд хыгъдмæ дæр республикæйы æттейæ бирæ æмбæстæгты хынцынц æхцайы фæрæзтæ. Зæгъын мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын, се ‘хуысы къуыдонæй алкæмæн дæр.  Уый стыр ныфс дæтты нæ республикæйы кæстæрты сомбоныл чи тыхсы, уыдон фылдæрæй фылдæр кæй кæндзысты», – балхынцъ кодта йæ ныхас Гатайты Лали.

Фылдæр информаци базоныны тыххæй бадзурæн ис ахæм телефоны номыртæм: +7-929-811-31-90

 

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.