Ирон куырыхон æмбисонд амоны, цæмæй адæймаг йæ  абоны бон æмæ  йæ  фидæны цард раст бамбара, уый тыххæй хъуамæ  зона царды рæстдзинад.

Советон Цæдис куы фехæлд, уæд уымæй размæ, нæ  дидинæгкалæг зæххыл иумæ  хæларæй, æнгомæй цы бирæ  адæмыхæттытæ  цард, уыдоны ‘хсæн иуæй-иу рæтты 90-æм азты нæ  бæстæйы знæгты ардыдæй æрцыд тугкалæн хæстытæ. 1992 азы хæст, мæлæтхæссæг, æвирхъау æмæ  æгъатыр хæст аст æмæ  ссæдз азы размæ, 1992 азы 30 октябры – ирон адæмæн карз, уæззау рæстæг скодта. Маст, рыст æмæ  утæхсæнæнтæ разæй барæн нæй. Рис цæуы зæрдæйы, мидсагъæсты, хъуыдыйы, удрисы æнкъарæнтæй. Ирон адæмы мидхъизæмар æмæ  уды кæрзын арæдывтой сæ  бæттæнтæ. 1992 аы 30 октябры райсомы кæркуасæнты, нæ  хурыскæсæйнаг сыхæгтæ. Хъулгъайы экстремистты гадзрахатæй рацыды хабар Ирыстоны кæмттæ, горæттæ, хъæутыл фæдис-фыдохы фидиуæджы дзæнгæрджытæ  æрвнæрдау дæрдтыл ныннæрыдысты.

Иры дзыллæ  сæрæй къæхтæм барызт. Фыдызæхх ныккæрзыдта! Арв æмæ  зæххы фыдæх баиу! Мæлæтхæссæг тыхтæ  сæрра сты. Хъулгъа ныл ногæй, æргом хинкæлæнæй рацыд. Хæстон стæры нæм æрбалæбурдтой нæ  сыхаг экстремисттæ. Нæ  ауæрстой никæуыл – зæрондæй-ногæй, адæм хауæццаг фесты, бирæтæ  фæмард сты. Абоны онг не ‘мзæххонтæй æбæрæгæй сæфтыл нымад чи у, уыдон дæр сты дæсгæйттæ…

Ирыстоны уыдон хъаны цард кодтой, Иры бæркадæй сæ  хъуырмæ  уыдысты, сæ  къахыбын сæгъы бага нæ  саст æмæ  ма хъуамæ  Дзæуджыхъæуы æмбис æмæ  Горæтгæрон район дæр хæст, тыхы фæрцы сæхи бакодтаиккой. Фæлæ  сæ  сæ  фын фæсайдта, уас сæ  ардауæг хистæртæ  бахус уой уæлхъæдæй, куыд уæ  ферох, æхсидавæн нæй бафснайæн зыгуымы.

Ирон адæм тыхгæнæгæн нæ  бары! Æнамонд, æвирхъау хабар уайтагъд фæдисы дугъон бæхыл абадт! Фыдуацыл стыр базыртæ  ис, тагъд æрзилы дæрдтыл! Иры зæхх нынкъуысти, хæстон тæссаг хабар бандæвта Ирыстоны фæсивæды зæрдæтæ. 1992 азы октябры фæстаг бонты йæ  зæхх, йæ  адæмы знæгтæй бахизыны охыл милицæйы кусджыты æмрæнхъ æрлæууыдысты бархион хæдæфсæддонтæ, сæ  разæй (мæрдтæй сыгъзæрин талатæ  суадзæнт) Дзуццаты Бибо æмæ  Цуциты Вовæ. Ирыстоныл уæззау рæстæг куы скодта, райгуырæн зæхх фыдгулты къæхты бын йæ  хъæдгæмттæй куы хъæрзыдта, уæд йæ  сатæг дæлвæзтæй стахтысты уарийы хуызæн лæппутæ. Фидар гæнахау иумæ  æрлæууыдысты Иры хъæбултæ, Ирыстоны хъæ-батыр хъахъхъæнджытæ, ирон намыс, ирон туг, макуы фесæфай!

Фæдисы нæм фесты нæ  хуссайраг æфсымæртæ. Цæй диссаджы лæгдзинад сæм разынд, куыд тагъд æрлæууыдысты нæ  фарсмæ! Уæд рабæрæг – Иры дзыллæйæн йæ  иудзинады ис йæ  амонд. Хъыгагæн, нæ  хуссайраг æфсымæртæй хъулгъайы хæсты фæмард авд хъæбатыр лæппуйы. Уæвгæ, цас разагъды фæсивæд фæхъуыдис уыцы 3-4 боны хæсты æмæ  ма уый фæстæ  азты нæ  Ирыстонæй.

Цæгат Ирыстоны милицæйы хъахъ-хъæнынады тыхтæ  æмæ  бархионтæ  цалынмæ  Черменыхъæумæ  хæццæ  кодтой, уæдмæ  хъæубæсты туг ныккалд, дæсгай удызиантæ  æрцыд. Черменыхъæуы милицæйы хайады хицау Демыраты Аличы хъизæмары мардæй амардтой. Милицæйы бæрнон кусæг Цæболты Хазбийæн йæ  мард æбæрæгæй фесæфт. Дзанайты Валентин, йе ‘фсымæр Алихан (Арестан) йæ  фырт Славикимæ  лæгсырдтимæ  тохы мæлæтдзаг цæф фесты. Дыууæ  файнусты Дзанайты-Хъороты Нуркæ, Дзанайты-Цъæхилты Раисæйы кæуынмæ  арвдæр йæ  цæссыгтæ  калдта. Цæссыг лæсæнтæ  кодта, Сланты æртæ  æдзард хъæбулы мæрдтыл сæ  ныййарæг мад Ленæ  куы ныддæлгом, уæд. Айнæг къæдзæхтæ  дзынæзтой ныййарджыты хъарджытæм, саударæг хоты мароймæ, сидзæр сабиты цъæхахстмæ.

1992 азы октябры фæстаг бонты, райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвгæйæ, сæ  туг ныккалдтой йæ  сæрвæлтау бирæ  ирон нæртон гуырдтæ: Сланты æртæ  æфсымæры, Демыраты Алик, Бæззаты Алан, Цехъоты Алан, Джиоты Иван, Кокойты Юри, Уруймæгты Сослан, Бола-таты Гиви, Низам Мехтиев, Томайты Олег, Хæбæлаты Валери, Гæззаты Рафик, Зæнджиаты Вовæ, Къодоты Сергей, Дзы-тиаты Юри, Цориты Станислав, Чихауиты Олег, Гуыбаты Витали, Хуыгаты Валери, Хъороты Солтан, Дриаты Абел, Байсон-гъуырты Аркади, Гецаты Артур, Дзукъаты Жорæ, Джимиты Георги, Хъайтыхъты Юри, Къадзаты Алан, Сергей Коняев, Георгий Паршин, Сихъоты Хъазыбег, Тезиаты Эльбрус, Къорнаты Алан, Багаты Георги, Бызыккаты Коля, Гæбуты Юри, Туаты Юри, Калоты Юри (Джамболат), Алыккаты Юри, Дзусты Эдуард, Токаты Аслан, Тедеты Владимир, Тандуты Чермен, Тагъаты Кермен, Цекъоты Зауыр, Вадим Ельмесов. Магкæты-Дулаты Бæдинæйы йæ  лæ ппутæ  Игорь æ мæ  Русланимæ  сæ  хæ дзары амардтой, сæ  мæрдтæ  æбæрæгæй фесæфтысты, Сохъуырты Тотырбеджы фырт Аслан сахъатæй баззад.

Ирыстоны хъахъхъæнджытæй сæ  цард кæмæн аскъуыд, уыдон бирæ  сты, ацы номхыгъды се ‘мбис дæр нæй. Тæфæрфæс кæнæм нæ  зынгхуыст хъæбатырты хæрзхæстæг хиуæттæн. Чи ма уын ис кæстæртæй, уыдонæй маст макуыуал фенут, сыгъдæг арвы бын уын мæ  зæрдæ  зæгъы æнæниз цардамонд!

Нæ  бæстæ йыл 1990 азы æрцыд æвирхъау социалон фыдбæллæх – цард-арæзт фæфæлдæхт. Ныккалд æнусон бæллицты мæ сыг. Советон бæстæ  бын-дурзылд фæци, мард æрцыдысты ныфс æмæ  сæрибар.

Фыдæвзарæнты бахауд Ирыстон, æрцыд ыл дыууæ  хæсты. Æхсæнадон бынæтты цал хатты уыд рæмыгъдтытæ, цас адæм фæмард давд  æмæ  уацары хъулгъамæ, гуырдзымæ  хастæй. Æнæбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны нымæц бæрæг дæр нæу.

Адæмæн диссаг Беслæны 1-æм скъолайы трагеди у, дунейы рæстзæрдæ  адæмы чи банкъуысын кодта. Иры зæххы арæнтæ  æрбауынгæг сты, тугдзых бирæгътау  æй гæбазгай тонынц.

Цы загъдæуа, куыд дзырдæуа?.. Æниу æй Ходы Камал мæнæй хуыздæр загъта:

О, хæхтæ, уаих фæуат, уастæн,

Фыдæл уæ  цæрайæ  куы цард,

Уæд ныр уæ  буц зæнæджы мастæн

Куыд быхсут мадзурайæ , ‘нцад?

Нæ  нын зæронд уадзынц, нæ  саби,

Фыдгултæ  райстой нæм кæрдтæ …

Аланты ‘хсидгæ  туг, о, сабух –

Кæнæ  мæлгæ , кæнæ цæргæ !

ГУЫЛÆРТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.