Хуссар Ирыстоны 40 бирæсывæллонджын бинонтæ æххуыс райстой Европæйы цæрæг ирæттæ æмæ цæгатирыстойнаг патриотон æхсæнадон организаци «Ныфс»-æй (йæ сæрдар Гæззаты Валери).

Хæрзгæнджытæ баххуыс кодтой би-нонтæн продукттæй, кæцыты нымæцы уыд макаронтæ, сæкæр, пырындзы, хурмæзиладжы сой, къанфеттæ æмæ æндæртæ.

Акцийы организатор Токъаты Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, Европæйы цы ирæт-тæ цæрынц, уыдон равдыстой ахæм фæндон, цæмæй Хуссар  Ирыстоны æм-зæххонтæн баххуыс кæной æмæ хъæугæ фæндонимæ бахатыдысты активисттæм.

«Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгонæй райстам ахæм фæндон, уыдон рахицæн кодтой æхцайы фæрæзтæ, æлхæд æрцыдысты продукттæ, уый фæстæ нæ бон ссис Хуссар Ирыстоны ацы хъуыддаг сæххæст кæнын», – загъта Токъайы фырт.

Йæ рады, бирæсывæллонджын бинонтæ бузныджы ныхæстæ загътой æппæт хæрз-гæнджытæн, æмзæххонтæн се ‘ххуысы тых-хæй, сæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, тыхтæ æмæ æнтыстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.