Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады архайды сæйраг здæхтытæй сæ иу у зын цардуагон уавæрты чи бахауд, уыцы æмбæстæгтæн æххуыс кæнын.

Архайды бæрæггæнæнтæм гæсгæ 2019  материалон æххуыс бакодтой 1440 æмбæстагæн, иумæйаг суммæ 14 139 475 сомы .

Уыдонæй 120 сты 1-аг æмæ 2-аг къорды инвалидтæ (1 640 025 сомы); 154 – гуырцæй инвалидтæ (1 550 000 сомы); 624 – бирæсывæллонджын бинонтæ (7 025 000 сомы); 100 – фæмардуæвджыты бинонтæ (1 000 000 сомы); 106 æвæрæз бинонтæ (1 085 000 сомы); 85 – сидзæртæ (865 000 сомы); 37 æмбæстаджы райстой иумæйаг материалон æххуыс хос кæныны тыххæй (514 450 сомы); иу адæймаг къамисы рабадты уынааффæмæ гæсгæ (40 000); 9 æмбæстагæн хицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ зиан бавæрыны тыххæй (180 000); 200 æмбæстаджы та,  чи фæцæф сты, уыдонæн æххуыс кæныны фондыл (200 000); 3 æмбæстаджы та зын цардуагон уавæрты кæй бахаудысты (30 000 сомы).

Дæс мин сомы хицæн æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг Джиоты Марияйы 90 азы юбилей нысан кæныны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.