Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ «Æххуысхъуаг бинонтæн баххуыс кæныны» программæйы фæлгæтты адресон социалон æххуыс бакæныны тыххæй.

2019 азы февралы мæйы материалон æххуыс райстой республикæйы 312 æмбæстаджы иумæйагæй 1 милуан 714 мин сомы.

Уыдонæй 18 адæймаджы сты 1-аг æмæ 2-аг къорды инвалидтæ (435 000 сомы), 26 – гуырцæй инвалидтæ (260 000 сомы), 33 – бирæсывæллонджын бинонтæ (375 000 сомы), 9 – фæмардуæвджыты бинонтæ (90 000 сомы), 8 – æвæрæз бинонтæ (80 000 сомы), 5 – сидзæртæ (55 000 сомы), 11 æмбæстаджы та сты ахæмтæ, кæцытæ бахатыдысты социалон ифтонгады органмæ, рынчын кæй сты, уый тыххæй (179 000 сомы). Уымæй уæлдай ма хицæн æрцыд 40 000 сомы дыууæ бинонтæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджыты мард бавæрыны тыххæй, 200 000 сомы лæвæрд æрцыд Хæсты фæцæфуæвджыты фондæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.