Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад сентябры мæйы æххуысхъуаг бинонтæн рахицæн кодта 810 мин сомы.

Материалон æххуыс райстой 71 адæймаджы.

Уыдонæй 7 сты l æмæ ll къорды инвалидтæ ( 90 мин сомы); 13 – гуырцæй инвалидтæ (130 мин сомы); 26 – бирæсывæллонджын бинонтæ (295 мин сомы); 5 – фæмардуæвджыты бинонтæ ( 50 мин сомы); 8 – æххуысхъуаг бинонтæ (80 мин сомы); 2 сидзæры (20 мин сомы); иумæйаг материалон æххуыс се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ райстой 8 æмбæстаджы (105 мин сомы), афтæ ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 2 хайадисæджы (40 мин сомы)

Зæрдыл лæууын кæнæм, республикæйы цæрджытæн, кæцытæ бахаудысты зын цардуагон уавæрты, адресон æххуыс æххæст цæуы «Адресон социалон æххуыс бакæныны тыххæй» РХИ-йы Хицауады 09.10 2015 азы №89 Уынаффæмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.