Лыгкæнинаг, рæгъмæрахæссинаг нын цы хъуыддæгтæ ис, уыдонмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæм, афтид бынаты та проблемæтæ агурæм… Фыдбылыз нæ йæ уæлныхты куы сисы, уæд дæр афтæ – куырмæфсон, къуырмайыфсон скæнæм… Фæлæ фыдбылыз кæм нæ вæййы, уым дæр æй йæ фæстаг къахæй ахсынмæ гæррæтт стæм. Æмбал нын нæй лæгтæй хъазынмæ, армыдзаг нацийы къордтæдихтæ чи кæны, ахæм хъазтæй хъазынмæ…

Афтæмæй куыд хъуамæ цæрæм, нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссæм, уыцы хæдбар паддзахад куыд аразынмæ хъавæм? Кæрæдзи хæргæ æмæ кæрæдзи æргæвдгæйæ? Æмæ афтæ сырдтæ дæр куы нал цæрынц, мах та адæм куы стæм…

Иу чысыл нæм бæстæ куы ‘рсабыр вæййы, уæд та кæмæндæрты сæ удтæ сцæйхауынц уыцы сабырдзинадмæ кæсгæйæ. Æмæ та тыхарæзт, тыхагуырд фыдбылызы фæстаг къахыл ныззезелæг вæййынц… Чи рæдийы, уый ных бакъуырын лæгдзинад у, уымæй лæгдзинаддæр та, æфхæрд чи æййафа, уый сæрыл рахæцын. Æгæрыстæмæй уыцы æфхæрдæййафæг лæгмар куы уа, æмæ ахæстоны куы бада, уæд дæр!.. Куы хъæуа йæ сæрыл хæцын, уæд! Куынæ хъæуа, йæхæдæг куы уа зылынджын, афтæмæй куы хæцай йæ сæрыл, уæд уый сæрыл хæцын нал хуыйны, уый хуыйны лæгтæй хъазт, искæй хъысмæты фæрцы аслам кад агурын…

Ахæстон нæм кувæндонæй табуйагдæр бынат цæмæн фестад, уый æнахуыр диссаг у, æвæдза, фæлæ йыл ничи дис кæны… Хуыцау бахизæд æмæ уым чи бады, уыдонмæ исчи зулмæ дæр бакæса, хъæрæй ныхас сæм скæна – уайтагъд хъæр-хъыллист, сидтытæ хыррытт кæнынмæ, къухфысттæ æвæрынмæ фæвæййынц… Цы у, уый, цы лæгдзинад у? Нæ ахæстон хуыдонæй æвзæрдæр куы уыд, куыдзы мард дæр æм куы ничи баппæрстаид, уæд кæм уыдысты уыцы адæм, цæмæннæ «тыхстысты» ахæстты уавæрыл. Тугхъæлæс, мæлæтдзаг над-иу кæй фæкодтой, уыдоны сæрыл цæмæннæ искуы исчи сдзырдта, абоны «рæстдзинады сæрыл тохгæнджытæй»?.. Ницыгæнæг адæмы куы æфхæрдтой, иу рæстаг ныхасы тыххæй дæр-иу, адæмы æвзæрст депутаты онг, асфальтыл кæй адæргъ кодтой, уыдоны сæрыл цæмæннæ искуы исчи сдзырдта?..

Адæм алцы дæр хъуыды кæнынц, адæм алкæй дæр зонынц. Уæдæ сын сæ  раст æмæ зылын æвзарынхъомдзинад дæр ничи ма байста. Зонæм алкæй дæр – чи цæмæй цæры, чи цæмæй улæфы… «Адæм, адæм, мæгуыр адæм, мæгуыр адæм…» хъæр кæнын дæр чи кæд æмæ цæмæн райдайы, уыдæттæ дæр æнæзындгонд æмæ æнæмбæрстгонд не сты уæззау цард æмæ тугкалæн хæсты фых адæмæн…

Махмæ, къух кæуыл сисæм, кæй аппарæм, ахæм адæм нæй – уыдæттæн не ‘нтысæм, армыдзаг йедтæмæ кæй не ‘стæм, уый тыххæй. Ахæстоны чи бады, уыдон дæр мах адæм сты, нæ туг не стæг сты. Фæлæ алцæмæн дæр ис бæрц. Ис закъæттæ, кæцытæ æххæстгæнгæ сты махæй алкæмæн дæр. Закъон æмæ фæтк чи халы, уый хъуамæ дзуапп радта, кæй халы, уыцы закъоны раз. Махмæ афтæ цæмæннæ хъуамæ уа, мах иууылдæр уæлбикъонтæ стæм?.. Зылынджын чи у, уый хъуамæ æнæазым адæймаджы  æфхæра, дæлдзиныг æй кæна, фæлæ йын йæхимæ хъуамæ иу сыбыртт дæр мачи скæна, уайдзæф дæр ын мачи хъуамæ бакæна!.. Уайтагъд ын сæрылхæцджытæ разындзæн, уайтагъд сидт сидты фæстæ скъæрынмæ фæуыдзысты. Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ кæд ахæстоны бадæгæн цæрыны, адæймаджы бартæ ис, уæд сæ министрæн, ирон сылгоймагæн чи байста?.. Кæд ахæстоны бадæгæн, йæхи куыдфæнды ма дара, уæддæр бафхæрыны бар нæй, уæд сылгоймаджы, сылыстæг сывæллæттæ цы хæдзары ис, уыцы хæдзармæ дуртæ æхсыны бар цæмæн ис? Уый сæрыл цæмæннæ сдзырдтой нæ «рæстдзинадыл тохгæнæг» лæгтæ? Уартæ нæм нæ рагфыдæлтæй куы æрхæццæ абоны онг ахæм æмбисонд: сылгоймагыл куыдз дæр нæ рæйы…

Царды ад æмæ мидис нал уыдзæн, ахæм цыдæртæ нæм куы цæуа, уæд… Æви афтæ уыдис цæрæнбонты?.. Уыдис, фæлæ ныры хуызæн никуы æрхаудтой адæймагады æргъадтæ къæхты бынмæ. Раздæр адæм кæрæдзимæ цыдысты æргом хæсты, кæрæдзи цагътой, кæрæдзийы зæххытæ истой. Раст уыд? Нæ уыд. Фæлæ цы арæзтой, уый – æргомæй, лæгæй-лæгмæ. Ныр та?.. Кæдæмфæнды акæс æмæ байхъус, алыран дæр – зæрдæхудт… Ефремов расыгæй рулыл сбадт æмæ лæг амардта. Раст бакодта? Нæ бакодта. Фæлæ йыл дыууæ боны дæргъы къахæй чи лæгæрды, зæххы æмвæз æй чи кæны, уыцы æмбæлттæ, коллегæтæ ныры онг кæм уыдысты? Нырмæ йæ нæ зыдтой, нуæзт æй сæфты къахыл кæй ныллæууын кодта, уый, цæмæннæ йын исчи бакъуырдта йæ ных? Уымæн æмæ сын уымæй ницы пайда уыд. Ныр сын ис. Лæг амардта, адæм æм смæсты сты æмæ йæ ныхмæ куы дзурай, уæд дæ фæбузныг уыдзысты, чи йæм смæсты, уыцы адæм…

Æмæ стæй лæгдзинад та?..

Уартæ ма Америкæмæ бакæсæм: удæгасæй басудзинаг чи уыд, сывæрджын сылгоймæгты гуыбынтыл-иу дамбаца чи сæвæрдта, афтæмæй сæ æхца чи иста, ахæм сауцарм ницæйаджы амардтой æви амард æмæ æнæхъæн Америкæ растад, национ лидер дзы сарæзтой. Иу президенты дæр ахæм уагæй никуы баныгæдтой – сыгъзæрин табæты! Цæмæн? Тынг ыл фæрыстысты? Хæрæгæн йæ дымæг! Чидæр сын æхца ныккалдта, цæмæй растой, сызмæнтой, бæстæ ныппырх кæной æмæ уый фæрцы уыцы чидæр радон æвзæрстыты Трампы хъæлæстæй атона кæна…

О, фæлæ уый Америкæ у, хæйрæг нæ фæхæсса, мах та Ирыстоны цæрæм, ирон адæм стæм! Уыдон кæйдæр тæригъæдджын зæххыл цæрынц, хурæй хæдон чи кодта, зæххæй дзабыр, уыцы мæгуыр индейæгты стджытыл сарæзтой паддзахад, мах та нæ фыдæлты, нæ хъæбулты хуыздæрты тугæй æлхæд зæххыл цæрæм. Уыдонæн сæ фыдæлтыл дæр фидыдтой ахæм митæ, махæн та кад æмæ æгъдауыл мард фыдæлтæ уыдис…

 Кæд исчи нæ зæрдæмæ нæ цæуы, раст нæ кæны, уæд лæгтау рацæуæм æмæ йын йæ ных бакъуырæм. Лæгтау! Ирон лæгæн æцæгæлон чи уыд, ахæм чъизи амæлттæй тох кæнын нæ сæфтмæ кæны æмæ æркæндзæн æрмæстдæр…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.