Цалдæр мæйы размæ нæ горæты Тельманы уынджы байгом хæрзаудæн магазин «Рухсы тын». Уый кусы æрвылбон дæр 13 саха-тæй 14 сахатмæ æмæ изæры 18 сахатæй 19 сахатмæ. Ацы хæрзаудæн хъуыддаджы инициатортæ сты æвзонг энтузиастты къорд – Хаситы Михаил, Хъуылымбегты Ленæ, Мамиты Лианæ æмæ Дочиты Джульеттæ. Магазины ис æххуысхъуаг адæмæн алыгъуызон уæлæдарæс, къахы дарæс, хъазæнтæ, хæлцадон продукттæ, гæрзтæхсæн фæрæзтæ æмæ афтæ дарддæр. Ардæм йæ бон æрбацæуын у æххуысхъуаг адæймæгтæн, цæмæй æнæаргъæй райсой, цы сæ хъæуы, уый.

Мах фембæлдыстæм Хаситы Михаил æмæ Хъуылымбегты Ленæимæ. «Куыд зонæм, афтæмæй      Хъуылымбегты Ленæ хæрзаудæн куыст рагæй кæны. Уый ахæм куыст канд горæты нæ кодта, фæлæ республикæйы районты дæр. Йæхи сæрмагонд машинæйыл-иу сæ-вæрдта æмæ аласта районтæм, дæрддзæф хъæутæм, цæрджытæ кæмæй нал пайда кодтой, фæлæ æппарынæн æвгъау чи уыдысты, ахæм уæлæдарæс, къахы дзаума, сывæллæттæн хъазæнтæ, ахуыргæнæн чингуытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Ахæм архайд кæнын æнцон нæ уыд æмæ, æппынфæстагмæ, æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ – хуыздæр уаид сæрмагонд магазин байгом кæнын. Мах бахатыдыстæм республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ. Уый нын нæ хъуыды уайтагъд бамбæрста. Æмæ æрмæст идеяйы æвварс нæ рахæцыд, фæлæ ма нын баххуыс кодта бæстыхай рахи-цæн кæныны дæр», – зæгъы Хаситы Михаил.

Хæрзаудæн магазинмæ июны мæйы райдианы хуынд æрцыдысты Ленингоры поселочы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ. Уыдонæн магазин «Рухсы тын»-ы организатортæ канд дарæс равзарыны фадат нæ радтой, фæлæ ма сын сæвæрдтой бæрæгбонон фынг дæр, æрбахуыдтой сæм мильтфильмты уарзон персонажты. Сывæллæттæй алчи дæр йæхицæн равзæрста, йæ зæрдæмæ чи фæцыд, ахæм уæлæ-дарæс, чингуытæ, хъазæнтæ æмæ райгондæй аздæхтысты фæстæмæ.

Хъуылымбегты Ленæ та нын афтæ радзырдта: «Магазин «Рухсы тын» нæ республикæйы у фыццаг æмæ иунæг. Ардæм æрбацæуын йæ бон у алкæцы æххуысхъуаг адæй-магæн дæр. Æцæг нæм хатт æрбацæуынц, ахæм уавæры чи не сты, ахæмтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн се ‘ддаг бакастыл дæр фæзыны. Уыдонæн мах бамбарын кæнæм, цæмæй искæй къæбæр ма исой. Махмæ цы æххуысхъуаг адæм æрбацæуынц, уыдон дæрдджын дзаумайæ дарддæр сæхицæн ахæссынц ног пысултæ дæр. Уый та у нæ бæстæйы сæргълæууæджы руаджы. Уый нын æрмæст уæрæх æмæ райдзаст магазинæн бынат нæ рахицæн кодта, фæлæ ма нæ йæхи сæрмагонд хæрзаудæн фонды руаджы ифтонг кæны ног уæлæдарæсæй. Уыцы нысанæн бадзырдтам Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хицæн магазинтимæ æмæ нын уыдон дæр систематикон æгъдауæй æрвитынц хъæуæг дзаумæттæ. Не ‘мбæстæгты ‘хсæн дæр бирæ ис ахæмтæ, кæцыты фæнды хæрзаудæн куыст кæнын, мæгуыртæн æххуыс кæнын. Уыдон æрбахæссынц алыгъуызон дзаумæттæ. Æз æмæ сæ ме ‘мбæлттæ ахицæнтæ кæнæм, æхсинаг чи вæййы, уыдоны ныхсæм, ныиту сæ кæнæм æмæ сæ уый фæстæ ауындзæнтыл æрцауындзæм, ногты хуызæнæй. Хатт кæйдæрты бафæнды цалдæргай фæлыст дзаумæттæ ахæссын, фæлæ махæн ис нæхи фæтк: магазинæй æрмæстдæр хæссæн ис дыууæ фæлыст дзаума».

Хъуылымбегты Ленæ ма нын загъта, æввахсдæр бонты йæ зæрды кæй ис пансионат «Аудындзинад»-ы цæрджыты æрбахонын. «Кæд сæ ногарæзт уагдоны æппæт уавæртæ дæр ис, уæддæр сæ иуæй-иутæ тыхсынц, горæтмæ дæрддзæф кæй сты æмæ сын горæтмæ тезгъо кæныны фадат кæй нал ис. Чизоны, уыдонæй чидæртæ бæллынц ахæм дзаумæттæм, уæд, уадз, æмæ сæхи сбуц кæной».

Магазины ном «Рухсы тын» цæмæн рахуыдтой, уый тыххæй та нын Хъуылымбегты чызг загъта: “Рухсы тын – рухс кæны алы адæймаджы зæрдæ дæр. Адæм алы хатт дæр æххуыс кодтой кæрæдзийæн æмæ мах та стæм æрмæстдæр æхсæны лæгтæ. Бирæтæм ис ног кæнæ хорз уавæры чи ис, ахæм дзаумæттæ æмæ сæ æрбахæссынц махмæ. Мах зонæм, бирæ ис ахæм бинонтæ, кæцытæ сты æххуысхъуаг æмæ сæ сæрмагондæй æрбахонæм. Ирон адæймагæн йæ менталитет бар нæ дæтты мæгуыргур ацæуын, фæлæ куы зона, магазинмæ бацæудзæн æмæ æнæаргъæй рахæсдзæн, йæ бинонтæ цух цæмæй сты, уый, уæд уым диссагæй ницы ис”.

Уазӕгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.