Иууыл ахсджиагдæр æмæ æнæмæнгхъæуæгдæр адæймагæн у нуазыны дон. Фæзæгъынц, зæгъгæ, адæймаг кæд æнæ кæрдзын фæразы дыууæ къуыримæ æввахс, уæд, дам, æнæ дон та йæ бон цалдæр бон дæр нæ бауыдзæнис. Ацы хъуыддаг алчи дæр æмбары, фæлæ алчи уымæн æмбæлон аргъ æмæ нысаниуæг нæ дæтты. Иутæ архайынц цæмæй адæмæн уа сæ фаг дон  æндæртæ та ууыл хъуыды дæр нæ кæнынц æмæ йæ хардз кæнынц кæм хъæуа æмæ нæ хъæуа, уæддæр.

Сæрдыгон бонты горæты хисæрмагонд хæдзæртты цæрджытæ фæдонхæр кæнынц хæдзаргæрон зæххыты, уынгты фæсыгъдæг кæнынц сæ машинæты, гаражты крæнттæ ныууадзынц гомæй æмæ дон æнæхъуаджы фæцæуы сутгæ æмæ мæйгæйдты.

Тулдзы къохмæ хæстæг иу ран та, чидæр бавдæлд æмæ тракторæй ныкъахта æмæ разынын кодта горæтмæ дон цы æфсæйнаг хæтæлы цæуы, уый. Æмæ, æрмæст зынын нæ, фæлæ ма трактор доны хæтæл бахъыгдардта кæнæ та йæ барвæндæй фæхуынчъытæ кодтой цалдæр ран æмæ ныр дон уырдыгæй, æхсæвæй бонæй, куы тынгдæр, куы та къаддæр, фæкæлы хæрдмæ. Уымæй дæр иу бон æмæ мæй нæ, фæлæ, йæ алыварс батт сыджыт æмæ къутæртæй дæр бæрæг у, ахæм уавæры цалдæр аз кæй ис, уый. Кæм сцад, уыцы бынатмæ ма фæрсырдæгæй æндæр дон дæр лæдæрсы, сбирæ дзы ис брон, цады алыварс фестад цъæх хъуына, рæмбырд дзы ис æндæр брон дæр æмæ æвзæрын кæны катайдзинад. Катайдзинад уымæн æмæ доны æлхъывдад алы хатт иугъуызон нæ вæййы. Иуæй иу хатт хæтæлтæ бынтондæр раафтид вæййынц æмæ уæд чъизи дон, кæй зæгъын æй хъæуы ацæуы афтид хæтæлтæм.

Диссаг, фæлæ цымæ иуæй иутæ ахæм ахсджиаг æмæ иумæййаг хъуыддагмæ цæмæн афтæ уæлæнгай æмæ мæгуырау ахаст дарынц. Науæд «Водоканал»-ы кусджытæ ууылты бон цалдæр хатт куы ацæуынц уæд цæмæннæ исгуы бацымыдис кодтой доны сæх-сæх кæцæй хъуысы, уымæ.                                                                                                 

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.