Куыд Уæрæсейы иннæ горæтты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр 8 сентябры æнтыстджынæй ацыдысты бынæттон хæдразамынды органтæм æвзæрстытæ. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æвзарæн фадгуыты иунæг закъонхалæн цау дæр не ʻрцыд. Республикæйы Центрон æвзарæн къамис, бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстыты федералон æмæ республикон закъонты домæнтæ æххæст кæнгæйæ, сарæзта æппæт мадзæлттæ дæр æвзæрстытæм бæстон бацæттæ кæнынæн.

Æвзæрстыты архайдтой мины бæрц цæстдарæджы. Уыдон алы партитæй уæлдай уыдысты æхсæнадон организацитæй. Цæмæй æвзарджытæ хъæлæс кæнынмæ зæрдиагæй цæуой, уый тыххæй кæцыдæр æвзарæн зылдты арæзт æрцыд хойраджы армукъатæ, республикæйы аивадон коллективтæ та æвдыстой сæ аивад.

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй æвзæрстыты архайдта аст политикон партийы. 32 мандатты бынæттæ райсыныл тох кодтой 192 адæймаджы. Хъæлæс кæныны бæрæггæнæнтæ куыд фенын кодтой, афтæмæй цæрджытæн схъæлæс кодта сæ 49, 13%. Æрвылхаттау разæй цæуы “Единая Россия”,  дыккаг бынатмæ рацыд парти “Патриоты России”, æртыккаг бынаты – КПРФ. Бафиппайын хъæуы уый æмæ бирæ азты дæргъы ацы æртæ парти кæй вæййынц ахæм уагыл кæрæдзи фæдыл, уыимæ Парламентмæ æвзæрстыты дæр. Цыппæрæм бынат райста “Справедливая Россия”, фæндзæм – “Родина”, æхсæзæм – ЛДПР, æвдæм -“Коммунисты России”, æстæм – “Яблоко”. Æрæджы куыд фехъусын кодтам, афтæмæй “Коммунистическая партия Российской Федерации” æвзæрстытæй ист æрцыд, фæлæ йæ тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, фæстæмæ бахастой. Ныр куыд уынæм, аф-тæмæй æртыккаг бынатмæ рацыд. Адонæй Дзæуджыхъæуы Æмбырды æвдæм равзæрстмæ бацæудзысты æрмæстдæр æхсæз партийы. Фæстаг дыууæ партийы, “Яблоко” æмæ “Коммунисты России”,  фаг хъæлæстæ кæй нæ райстой, уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырдмæ нæ бахаудзысты. “Единая Россия” йы партимæ æрхауд авд мандаты, æртындæс та иумандатон зылдтæй. Æдæппæт ссæдз мандаты. “Патриоттæ” райстой 3 мандаты, “Коммунисттæ” æмæ “Справедливая Россия” та фæйнæ 2. Фæйнæ иу мандат æрхауд ЛДПР æмæ “Родина”-мæ.

Æвзæрстытæм цæстдарæг эксперттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Уыцы бон ма республикæйы цалдæр район æмæ хъæуæн æвзæрст æрцыд сæргълæуджытæ.

Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.