Республикæйы ахицæн Цæгат Ирыстоны Парламентмæ æвзæрстыты кампани. Æвзæрстытæ, ацы хатт, цыдысты дыууæ боны – 11 æмæ 12 сентябры.

Архайдтой дзы фондз политикон партийы: «Единая Россия», «Родина», ЛДПР, КПРФ, æмæ «Справедливая Россия – Патриоты – За правду». Центрон æвзарæн къамис ацы фондз партимæ снысан кодта кандидаттæ, æвзæрстытæй та аиуварс кодта æртæ партийы: «Коммунисты России», «Новые люди» æмæ «Партия дела». Йæ аххосаг уыд æвзæрстыты Федералон закъоны амынддзинæдтæ кæй нæ сæххæст кодтой, уый. Уыдон тæрхондонмæ балæвæрдтой сæ хъаст, фæлæ барадхъахъхъæнджытæ цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ Центрон æвзарæн къамисы уынаффæ йæ тыхы баззад.

Ацы хатт, иннæ азтимæ абаргæйæ, депутаттæм кандидатты нымæц уыд бирæ фылдæр. «Справедливая Россия – Патриоты – За правду», ЛДПР æмæ «Родина» фæсте фæуагътой «Единая Россия»-йы. Сæ кандидатты нымæц схæццæ 86, 80 æмæ 77 адæймагмæ. «Единая Россия» бавдыста 74 кандидаты. КПРФ – 69 кандидаты. Афтæмæй депутаты иу мандатыл тох кодтой авд адæймаджы. Депутаттæ æвзæрст æрцыдысты фондз азы æмгъуыдмæ.

Ацы бонты канд Парламентмæ не ‘взæрстой депутаттæ, фæлæ ма районты æхсæз центры æмæ 82 хъæумæ Минæвæртты æмбырды депутаттæ.  Уыимæ сæргълæуджытæ 62 хъæумæ. Бынæттон хиуынаффæйады органтæм æвзарын хъæудзæн 870 депутаты.

Муниципалон скондты горæттæ æмæ хъæуты Минæвæртты æмбырдтæм кандидаттæй кæй бавдыстой, уыдоны нымæц у 1574, хъæуты сæргълæуджыты бынæттæм та – 216 кандидаты.

Æвзæрстыты æвæрд æрцыд 335 æвзарæн хайады. Æвзарджытæн уæлæмхасæн зæрдæдарæнтæн фадæттæ саразыны тыххæй, æппæт æвзарæн хайæдты æнæсцухæй куыста видеоцæстдарды системæ, стæй адæмы хъæлæстæ нымайыны 66 электрон комплексы. Алы политикон партийæн дæр алы участокы уыд фæйнæ æртæ цæстдарæджы, кæцытæ сæ цæст дардтой хъæлæс кæныны фæткмæ.

Парламентмæ æвзæрстыты хъæлæстæ Центрон æвзарæн къамис дысон банымадта æмæ сын сæ бæрæггæнæнтæ ныммыхуыр кодта. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр разæй цæуы политикон парти «Единая Россия» – райста 67, 5 проценты хъæлæстæ; дыккаг бынат бацахста парти «Справедливая Россия – Патриоты – За правду» – 14, 4 проценты; æртыккаг бынатæй никуы цух кæны КПРФ – 12, 5 проценты; парти «Родина» – 2, 2 проценты æмæ ЛДПР – 1, 58 проценты. Центрон æвзарæн къамисæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ма, гæнæн ис æмæ хъæлæстæ нымады исты ивддзинæдтæ æрцæуа. Муниципалон скондты горæттæ æмæ хъæуты минæвæртты æмбырдтæм æмæ хъæуты сæргълæуджыты бынæттæм  хъæлæстæ нымад нæма æрцыдысты.

Хъæлæстæ банымайыны хъуыддаджы ма исты ивд æрцæудзæн æви нæ, уый бæрæг нæу, фæлæ ныридæгæн бæрæг у,  Цæгат Ирыстоны Парламенты уынаффæтæ кæй хæсдзысты ацы фондз политикон партийы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.