ÆВЗÆРСТЫТÆМ  БÆРНОН АХАСТ

Ивгъуыд азы 18 декабры официалон æгъдауæй райдыдта нæ бæстæйы Президенты æвзæрстыты кампани. 26 январы та Дзæуджыхъæуы кусын райдыдта Уæрæсейы Президенты бынатмæ кандидат Владимир Путины æвзæрстыты агъоммæйы штаб. Йæ æмсæрдæрттæ сты Сылгой-мæгты советы разамонæг Хабыцаты Ларисæ, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Бытъæты Роберт æмæ муниципалон куыстуат “Владтрамвай”-йы мастер Гобеты Артур. Штабмæ цæудзысты æвзарджытæ сæ куырдиæттимæ.

Æвзæрстытæм æмбæлгæ уагæй бацæттæ кæныныл уыд сæ ныхас республикæйы разамонджытæн Терроризмы ныхмæ архайды къамисы радон æмбырды. Йæ архайджытæ сæйраг æргом аздæхтой æвзарæн фадыджы террористон фыдракæндтæ æмæ æндæр æгъдаухæлдтытæй бахизынмæ. Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамис цæттæ у нæ бæстæйы сæйраг мадзал – Президенты æвзæрстытæм. «Нæ республикæйы территорийыл кусдзысты, иудадзыг номхыгъды чи ис, ахæм 347 æвзарæн фадыджы, 25 фадыджы – нæ республикæйы рæстæгмæ чи ис æмæ 4 фадыджы та – регистрацигонд чи нæу, уыцы æвзарджытæн. Æппæт фадгуытæ дæр ифтонг уыдзысты видео-цæстдарды фæрæзтæй. Алы æвзарæгæн дæр фадат ис, йæхи кæм фæнды, уым схъæлæс кæнынæн. Æвзæрстыты архайдзысты Æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ дæр. Сæ цæст дардзысты æвзæрстыты фæткмæ. Къамисимæ æмгуыст кæндзæн барадон службæ дæр. Ныртæккæ къамисы раз лæууы бирæ хæстæ. Уыдонæй иу – адæмы ‘хсæн информацион-æмбарынгæнæг куыст бакæнын, алы æвзарæгмæ дæр, кæцы бон, кæм æмæ куыд ис схъæлæс кæнæн, уыцы информаци фæхæццæ кæнын», – загъта Моргуаты Жаннæ.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй цы æнæзакон информаци парахат кæнынц ныртæккæ, уый бауромын у барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ иннæ ведомствотæй аразгæ. “Ацы ахсджиаг политикон мадзал цавæр æмвæзадыл ацæудзæн, уый уыдзæн уыдонæй аразгæ. Куыд зонæм, афтæмæй иуæй-иу сайтты, стæй оппозицион мыхуыры цъыфкалæн кæнынц ныры Президентыл. Уыцы информацийы гуырæнтæ законы бындурыл хъæуы сæхгæнын æмæ адæмы зонд мауал змæнтой. Терроризмы ныхмæ æмæ æвзарæн къамисты кусджытæй та курын, цæмæй æвзæрстытæм цæттæ кæныны куыстытæ куыд цæуынц, уыдон мын афоныл хъусын кæной. Æвзæрстытæ хъуамæ уой æргом æмæ рæстаг”.

Президенты æвзæрстытæм куыд цæттæ кæнынц, цавæр æдасдзинады мадзæлттæ арæзт цæуы, уый фæдыл ма радзырдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы Сæргълæууæг Æлбегаты Барис æмæ “Росгвардия”-йы республикон управленийы хицау Роман Беляков.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.