Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл 75 азы сæххæсты бон кæй æрæввахс кæны, уый сæраппонд Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы уæнгтæ 3-æм октябры ацыдысты Дзауы районы Сохты хъæумæ. Уым дидинджытæ сæвæрдтой фыццаг ирон хъайтар Остъаты Алексийы цыртыл. Дидинджытæ сæвæрыны церемонийы ма ветерантимæ иумæ хайад райстой Хъемултайы хъæуы Администрацийы разамынд,  Хъемултайы скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Уый фæстæ Остъаты Алексийы цырты раз ауагъд æрцыд митинг. Байгом æй кодта Хъемултайы Администрацийы сæргълæууæг Остъаты Петр. Райдианы уый арфæйы ныхæстæ загъта ветерантæн, мадзалмæ чи æрбацыд, уыдонæн æмæ цыбыртæй æрдзырддта Алексийы цард, архайд, æмæ æнтыстыты тыххæй.

Алекси райгуырд 1905 азы Дзауы районы Сохты хъæуы. Æфсæддон-уæлдæфон скъола каст фæуыны фæстæ, хъæбатырæй тох кодта Финаг урсгвардионтимæ. Иу рæстæджы Алексийæн йæ командакæнынад бахæс кодта, цæмæй скуынæг кодтаит горæт Выборгмæ хæстæг знаг цы техникæ æмæ хæстон тыхтæ стыгуыр кодта, уыдон. Ахæм хæс хуымæтæджы нæ уыд, знæгтæ сæхæдæг хъавыдысты ныббырсынмæ, фæлæ Остъаты лæппу фæраздæр æмæ кæд йæ хæдтæхæг фæцæф, уæддæр цыппар сахаты дæргъы знæгты кодта бомбæты бын. Фæстæдæр, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куыддæр райдыдта, афтæ та Алекси уым дæр æвдыста хъæбатырдзинæдтæ. Нысан æрцыдис полчъы командирæй. Иу рæстæджы йæ полк райста хæс, цæмæй бомбæтæ æркалой немыцаг фашистты аэродромтыл. Уыцы хæс æххæст æрцыдис, фæлæ знæгты ракетæ сæмбæлд командиры хæдтæхæгыл. Алексийæн йæ бон бацис, хæдтæхæг кæцæй стахт, уырдæм æй бахæццæ кæнын, фæлæ æрхауд бæрзондæй, ссыгъд æмæ не ‘мзæххон бабын. Ныгæд æрцыдис Мæскуыйы, йæ уæлмæрдмæ арæх æрцæуынц йæ хъæбулы хъæбултæ. Йæ номыл уынгтæ ис горæттæ Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы.

Остъаты Алексийы цырты раз раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы уæнг Цхуырбаты Иван. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуыцау махæй алкæмæн дæр, алы ирон адæймагæн дæр радтæт ахæм амонд, зонд, цæмæй нæ фæнда нæ хъайтарты, разахта адæймæгты нæмттæ мысын.

Алексийы цырты раз ма раныхас кодтой æмæ æмдзæвгæтæ бакастысты Хъуылымбегты Герсан, Дыгъуызты Никъала, Багаты Владимир æмæ Андрей.

Кæронбæттæны митинджы цыбыр ныхас сарæзта æмæ йæ чиныг – «Чысыл адæмы стыр æнамонддзинад», Хъемултайы Администрацийы разамынд, скъолайы ахуыргæнджытæн æмæ хъæуы цæрджытæй цалдæрæн балæвар кодта Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдар хæдивæг Уалыты Гайоз.                                                                                  

Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.