Æлутон

Нырыккон ирон адæмæй иутæ дзырд “æлутон”-ы нысаниуæг кæнæ бынтондæр нæ зонынц, кæннод та йæ бæттынц æрмæстдæр – бæгæныимæ. Афтæмæй та æлутон æрмæст бæгæны, ома, нозт нæ нысан кæны, фæлæ йын ис иумиаг нысаниуæг: хæрд-нозт. Уыцы хæрд-нозтæй цыфæнды стад адæймаг дæр куы фæхъæстæ уа, уæд ын сæтты йе стонг, йæ фæллад ын сафы. Рынчын дзы куы фæхъæстæ уа, уæд ын йæ низ суры, дзæбæх æй кæны. Мард дзы куы фæхъæстæ уа, уæд æй æгас кæны. Æнæниз адæйма-гæй йæ цард даргъдæр кæны.

Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр, сæйраджыдæр, бæгæныимæ баст у. Æлутон – бæгæныйыл нæ фыдæлтæ нымадтой сæрмагондæй фых бæгæны. Йæ мидæг-иу ын ныппæрстой фысы фæхсын, кæнæ æнæхъæн тохъыл, ома, кусартгонд нард нæл фыс æнæхъæнæй. Бæгæны фыхтой уæдмæ, цалынмæ кусарт йæ мидæг батадаид, бæгæныимæ сæмхæццæ уыдаид. Ахæм бæгæны ахъаз кодта куыд нозтæн, афтæ хæрдæн дæр, хуыдтой йæ хæссынæн рог, хæрынæн – адджын.

Нæ рагфыдæлтæ Нартæм ма ахæм «æлутон» хосы миниуджытæ уыдис Нарты фæткъуымæ дæр, мард æгас кæныны йедтæмæ.

Кæхцгæнæн, ноггуырды тыххæй ракуывд

Рагзаманты кæхцгæнæн арæзтой æрмæстдæр фыццаг нæлбындар, ома, лæппуйы райгуырды фæдыл. Фæстæдæр ацы бæрæгбон райдыдтой нысан кæнын, дыккаг, æртыккаг æмæ а.д. лæппуйы гуырдты фæстæ дæр. Дыууæ къуыри раздæр-иу чындзæн (лæппуйы мадæн) сцæттæ кодтой сæрмагонд хуын, мадырвадæлтæ ноггуырдæн лæвар кодтой байраг.

 Бæрæгбонон фынгмæ æрбахæссынц сабийы, дзыккайы къусимæ (раздæр-иу дзыккайы къусы атылдтой чызджы къах, цæмæй йæ райгуырды фæстæ хæдзары лæппутæ гуыра, фыццаг чызджы хонгæ дæр кодтой «дзыккакъах», фæлæ фæстагмæ дзыккайы къусы тулын райдыдтой лæппуйы къах дæр). Фынджы хистæримæ хъуамæ иууылдæр сыстой фынгыл бадджытæ. Хистæр скувы:

«Дунесфæлдисæг Иунæг Кадджын Хуыцау, табу дæхицæн! Абон дæ рæсугъд кувæн боны цин кæнæм ноггуырдыл æмæ йæ цæрæнбонты цины аккаг фæкæн! Йæ ныййарджыты фæндиаг куыд байрæза, зондджын, уæздан æмæ хъаруджын куыд уа, йæ кад дунетыл куыд айхъуыса! Ирыстоны амондджындæр гуырд чи уыдис, уый æмбал æй фæкæн!

Сыгъзæрин Уастырджи, табу дæхицæн! Нæ ноггуырды дæ рахиз базыры бын бакæн æмæ йæ рæствæндæгтыл æфтау! Йæ царды фæндаг уæрæх æмæ амондджын куыд уа, йæ хорз хъуыддæгтæй Ирыстонæн кад куыд хæсса, ахæм арфæ йын ракæн!

Сыгъдæг Мады-Майрæм, табу дæхицæн! Ацы сыгъдæг сывæллон дæ лæвар у, æмæ йын амонд дæр балæвар кæн! Авд æфсымæр æмæ иу цъæхцæст хойы хистæр куыд уа, ахæм арфæ йын ракæн!

Рухс Аларды, де ‘ргом æм макуы раздах, дæ чъылдыммæ дын кувдзыстæм!

Нæ Иры зæххыл хохæй быдырмæ цыдæриддæр зæдтæ æмæ дауджытæн кувæндæттæ ис, табу сæхицæн! Ацы ноггуырдыл йæ бар кæмæн цæуы, уæ фарнæй йын хай бакæнут!

Фыстæджытæ

Мад æмæ фыд сæ фырты æфсадмæ фæндараст кæнынц.

– Фысс нæм фыстæджытæ, лæппу, дæ хъуыддæгтæ куыддæриддæр цæуой, уыдæттæ нæм иууылдæр æргомæй фысс, мацы нæ æмбæхс, – фæдзæхсынц æй.

– Омæ, дам, фыстæджыты кæсгæ фæкæнынц…

– Уæд та афтæ баныхас кæнæм: дæ хъуыддæгтæ хорз куы цæуой, уæд-иу нæм фыстæг ныффысдзынæ цъæх чернилæйæ, кæд æвзæр цæуой, уæд та – сырх чернилæйæ…

Афтæ бадзырдтой, фæлæ цасдæр рæстæг лæппуйæ бæрæг нæй. Æрæджиау дзы райстой фыстæг. Лæппу йæ ныййарджытæм фыссы: «Алцы дæр дзы у хорз, фæлæ дзы сырх чернилæ нæй».

***

Фыд фыстæг арвыста йæ хæстон фыртмæ, фæрсы йæ, йæ хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уымæй.

«Мит мæрзæм, картофтæ стъигъæм, æндæр ницы аразæм…».

Фыд дæр æм йæ фыстæджы ныффыста:

«Æмæ уый хорз у, хорз. Знаг нæм куы ‘рбабырса, уæд ын йæ фæндæгтæ сыгъдæг кæндзыстæм, картофтæ йын хæрын кæндзыстæм…».

Ирон æмбисæндтæ

Дзурынæй хъусынмæ дæсныдæр хъæуы

Æргом ныхасы къæм нæй, æргом ныхас лæвар у

Фыдхъус – хæдзархал, фыдцæст – фыдæмбæлæг

Хорзæхты хуыздæр – рæстæй цæрын

Хорзæй, æвзæрæй чи цы аразы, уый – йæхицæн

Хуылыдз æвзаг алырдæм дæр тасы

Туджыхъæд авд фæлтæрмæ æххæсы

Сывæллон йæ мады ад кæны

Мад – ныййарæг, фыс – схæссæг

Фыды фарн мæрдтæм нæ хастæуы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.