Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты æппæт фронтты дæр хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады цæвиттон æвдыстой ирон адæмы мингай минæвæрттæ. Ацы тугкалæн хæсты историйы йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд номдзыд æфсæддон раздзог, Советон Цæдисы Хъайтар, инæлар-булкъон Мамсыраты Хаджи-Умарæн. Бирæ фыст æрцыдис Хаджи-Умары тыххæй. Уый ссис дунейы зындгонд фыссæг Эрнест Хемингуэйы роман «По ком звонит колокол»-ы сæйраг хъайтары прототип. Номдзыд инæларæн стыр кад кæнынц йæ райгуырæн Ирыстоны дæр. Нæ горæты уынгтæй иу хæссы йæ ном. Йæ ном лæвæрд æрцыд нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайæн дæр.

Ацы бонты та скъолайы кæрты цытджын æгъдауæй байгом йæ бюст. Уый  байгом йæ райгуырæн бонмæ, кæцы нысан цæуы 15-æм сентябры.

Бюст байгом кæныны церемонийы хайад райстой куыд ахуыргæнджытæ æмæ ахуыр-гæнинæгтæ, афтæ æхсæнады минæвæрттæ дæр. Ардæм æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, Парламенты депутаттæ, РХИ-йы Ахуы-рады министр Гасситы Натали æмæ æндæртæ.

Мадзалы райдианы айзæлыдысты РХИ-йы Паддзахадон гимны зæлтæ. Уый фæстæ мадзаламонджытæ – ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ кæрæдзи ивгæйæ  дзырдтой Мамсырайы фырты цард æмæ хæстон архайдыл. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, Ирыстоны иууыл тынгдæр кæцы хъайтартæн кад кæнынц, уыдонæй сæ иу у Мамсырайы фырт. Уый рацыдис цыппар хæстыл. Архайдта партизанон къорды, командæ кодта чысыл дæлхæйттыл æмæ кавалерион баиугæндтыл. Уый райгуырд Цæгат Ирыстоны Ольгинскæйы хъæуы 1905 азы 15 сентябры. Хайад иста мидхæсты тохы. Ахуыр кодта Скæсæн адæмты университеты. Дарддæр йæ службæ райдыдта Сырх Æфсады политорганты. 1924 азы уый фæцис Æфсæддон  политикон скъола, бацыд компартийы рæнхъытæм.

Мамсыраты Хаджи-Мурат йæ хæстон архайд райдыдта 1937 азы Испаны хæсты булкъон Ксантийы номимæ, цыран лæууыд развæдсгарæг – диверсион къорды сæргъ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты командæ кодта хицæн æмæ хицæн кавалерион дивизитыл.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн.

«Мамсыраты Хаджи-Умар у адæймаг-легендæ. Уый тыххæй дзурынц Испанийы, цыран ын æвæрд æрцыд цыртдзæвæн. Йæ ном ын æдзух дзурынц историктæ. Мах, æнæдызæрдыгæй, сæрыстыр стæм ацы адæймагæй. Махæн, йæ хъысмæт æфсæддон хъуыддагимæ сбæттын кæй фæндыд, уыдонæн, ахæм стыр æфсæддон раздзогтæ-инæлæрттæ, куыд Мамсыраты Хаджи-Умар, Плиты Иссæ уыдысты, цæвиттон кæмæй исæм, ахæм гоймæгтæ», – банысан кодта уый.

Загъта ма, зæгъгæ, Мамсырайы фырт рацыд цыппар хæстыл æмæ кæддæриддæр ардта фадат йæ хæстон хæстæ æнтысгæйæ æххæст кæнынæн.

«Уый йæ хæстон хæстæ æххсæт кодта афтæ, цæмæй бахъахъхъæдтаид йæ хæстонты цард æмæ уый та, бауырнæт уæ, у тынг зын хъуыддаг. Уый уыдис рæнхъон хæстон, стæй, афицер суæвгæйæ, диверсион куысты фæдыл æххæст кодта йæ хæстæ, арæзта æппæт дæр, цæмæй тагъддæр æрцыдаид, æрвылаз дæр 9-æм майы кæй нысан кæнæм, уыцы Уæлахизы бон. Мах бæрнджынæй сæрыстыр стæм нæ хъайтартæй æмæ никуы никæмæн ратдзыстæм бар, нæ истори ногæй рафыссынæн, йæ фæивынæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æрыгон адæймæгтæ хъуамæ зоной сæ хъайтарты æмæ сæ исой цæвиттон.

РХИ-йы Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметов дæр йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, Мамсыраты Хаджи-Умар у стыр гоймаг, æмæ скъола йæ ном кæй хæссы, уымæй хъуамæ уа сæрыстыр.

«Ирæттæм ис бирæ хъайтартæ, фæлæ Мамсырайы фырты ном хицæн кæны æндæртæй. Уый у адæймаг-легендæ. Æппæт йæ царды фæндаг снывонд кодта Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнынæн. Сымах хъуамæ сæрыстыр уат, уе скъола йæ ном кæй хæссы, уый тыххæй. Æмæ алыбон дæр скъоламæ æрбацæугæйæ, ацы адæймаджы бюст уынгæйæ, хъуамæ уæхимæ радтат фарст, «æппæт дæр сарæзтон уый тыххæй, цæмæй ацы легендарон адæймаджы хуызæн уон?», – ахуыргæнинæгтæм сидгæйæ загъта Кулахметов.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæ кастысты Мамсырайы фыртыл фыст æмдзæвгæтæ, дзырдтой йын йæ царды хабæрттæ.

Ацы скъолайы директор Туаты Мадинæ банысан кодта мадзалы ахсджиагдзинад. Загъта, зæгъгæ, скъола 1978 азæй фæстæмæ хæссы Мамсыраты Хаджи-Умары ном.

«Мах æрæмбырд стæм, цæмæй сæнусон кæнæм нæ æмфыдыбæстæйоны, легендæтæ кæуыл скодтой, уыцы адæймаджы – булкъон Ксантийы ном. Не скъолайы ацы мадзалæн зын саргъгæнæн у, уымæн æмæ уый комкоммæ баст у нæ сывæллæттимæ. Уыдон хъуамæ сæ зæрдыл дарой ахæм стыр гоймæгты, куыд Мамсыраты Хаджи-Умары æмæ тырной уыдоны хуызæн уæвынмæ», –  загъта уый.

Директор бузныг загъта, ацы проект реализаци кæнынмæ йе стыр хайбавæрд чи бахаста, æппæт уыдонæн. Бузныджы ныхæстæ сæрмагондæй загъта республикæйы разамынадæн, Парламенты депутаттæ Тъехты Алан, Уырыгаты Инал æмæ Уалыты Розæйæн, афтæ ма бюсты автор, республикæйы сгуыхт нывгæнæг Бекъойты Аланæн. Бюст арæзт æрцыди депутат Уалыты Розæйы (парти Иууон Ирыстон) инициативæмæ гæсгæ. финансон æххуыс та бакодтой партитæ «Адæмы иудзинад» æмæ Хуссар Ирыстоны компарти.

Райдианы бюст æвæрд хъуамæ æрцыдаид, хъайтары ном чи хæссы, уыцы уынджы, фæлæ фæстæдæр райстæуыд уынаффæ, зæгъгæ, символикондæр уыдзæнис, йæ ном чи хæссы, уыцы 5-æм скъолайы кæрты йæ сæвæрын.

Раныхæсты фæстæ бюсты цытджын æгъдауæй байгом кодтой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметов æмæ йыл сæвæрдтой дидинтæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.