Бонæй-бонмæ, азæй-азмæ Ирыстоны хъысмæт зынæй-зындæр кодта. Сæфты къахыл лæуд уыд нæ райгуырæн бæстæ. Гуырдзиаг гæрзифтонг фыдгæнджытæ 1990-1992 азты Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд тынг бирæ зиæнттæ ракодтой нæ адæмæн, нæ зæхх тугхъулон адардта. Нæ адæм бирæ фæтох кодтой, цæмæй нæ райгуырæн бæстæ суа сæрибар, хæдбар, нæ сабиты худт хъуыса æмæ нæ паддзахад размæ цæуа. Бирæ фæсивæд бабын дыууын азы дæргъы уыцы тугуарæн тохты, бирæ ныййарджытæ скодтой сæ хъæбултыл саутæ.

Нæ горæты зæронд хидæй ахизгæйæ, адæймаджы цæст фыццагдæр цы уынгыл схæцы, уый у дыууæ æвзонг, хъæбатыр æфсымæрты –   Остъаты Олег æмæ Аланы номыл. Кæд сын нæ бантыст бирæ рацæрын, уæддæр ирд фæд ныууагътой сæ фæстæ.

Амондджын бинонтæ уыдысты Остъаты хæдзарвæндаг, сæ фыд Андрей шофырæй куыста уæзласæн машинæйыл, сæ мад Кокойты Венерæ куыста дуканийы уæйгæнæгæй. Андрей æмæ Венерæ хъæрмудæй цардысты, уыдис сын æртæ хъæбулы: Олег, Азæ æмæ Алан.

Олег райгуырд 1967 азы 16 августы, йе ‘фсымæр Алан та – 1973 азы 2 июлы. Ахуыр кодтой 10-æм астæуккаг скъолайы, уыдысты ахуырмæ æвзыгъд лæппутæ. Алан скъолайы ахуыргæнгæйæ, æвзыгъд уыд математикæмæ, хайад иста скъолаты олимпиадæты. Дыууæ æфсымæр дæр архайдтой спорты дзюдо æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Олег йæ ахуыр адарддæр кодта Новгороды хъæууонхæдзарадон институты, Алан та ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты физикæ-математикæйы факультетмæ. Бирæ фæндтæ уыд æфсымæртæм, фæлæ цард сызмæст, сытынг сты хæстон архайдтытæ æмæ сæ бахъуыд сæ къухтæм хæцæнгарз райсыны сæр.

Кокойты Венерæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ лæппутæ кæрæдзийæ  хицæн кодтой уымæй æмæ: “Олег уыди уæзбын, Алан та уыд тæлфаг, æнæрцæф, йæ къæл-къæл худтæй -иу æй алчи дæр базыдта. Иумæйагæй та сын уыд уый, æмæ сæ дыууæ дæр уарзтой рæстдзинад æмæ ирон æгъдæуттыл хæст уыдысты.”

Гуырдзы нæм 1989 азы куы ‘рбалæбурдтой,  уæд фыццаг бонтæй фæстæмæ Олег æмæ æвзонг Алан хъахъхъæдтой сæ горæт. Олег, æгæрыстæмæй, иу рæстæджы бахауд гуырдзиæгты къухмæ дæр.

Сæ сыхаг Джиоты Мананæ нын куыд ра-дзырдта, афтæмæй Остъаты æфсымæртæ уыдысты æнæзивæг, коммæгæс, æгъдау-джын, куыд хъомыл кодтой, афтæ се ‘гъдау фидарæй фидардæр кодта. Иу ахæмы нæ гуырдзиаг сыхаг Цхвимитидзе Бежо сæ балконы сæрмæ æрсагъта гуырдзиаг тырыса. Олег куыстæй куы ‘рбацыд æмæ йæ куы ауыдта, уæд йæ маст рахсыст, сбырыд æм æмæ йæ рыппæрста, стæй йæ ныскъуыдтæ кодта. 1991 уæззау фыдæвзарæнты Олег кусын райдыдта дзулфыцæн комбинаты сменæйы хистæрæй, организаци кодта куыст æмæ афтæмæй дзулæй ифтонг кодтой горæты цæрджыты.

Иу ахæмы цалдæр боны комбинат фæцух ссадæй æмæ тæссаг уыд, æххормагæй куы баззадаиккой мингай цæрджытæ. Уæд Цæгат Ирыстонæй Чъребамæ æрластой цалдæр уæзласæн машинæйы йедзагæй ссад. Æнæ равдæлонгæнæн нæ уыд машинæтæн, фæлæ сæм йæ ныфс ничи хаста – горæтмæ алырдыгæй тахтысты мæлæтхæссæг нæмгуытæ. Олег цалдæр лæппуимæ æрæвнæлдта ацы куыстмæ æмæ уыцы æхсæв ссады голджытæ æфснайд æрцы-дысты. Æмæ та дзулфыцæн комбинат райдыдта йæ куыст. Афтæ æнæзивæг æмæ хъаруджын уыд Олег. Йæ разы æвæрдта дыууæ бæрнон хæсы – адæмы знаджы нæмыгæй æмæ æххормагæй бахизын.

Олег æмæ Аланы æрдхорд Дзæгъиаты Алан та æрымысы: ” 1991 азы хæсты тæмæны куы фæцæф дæн знаджы нæмы-гæй, уæд туг бирæ фесæфтон.  Олег куынæ уыдаид, уæд ныр æз сæрæгас нæ уаин. Олег мæ æрласта военкоматы цурмæ – уым уыд нæ штаб. Алы хатт дæр-иу нæ разæнгард кодта æмæ нын ныфс лæвæрдта, тагъд фæ-уыдзæн  хæст, зæгъгæ, рæстдзинад фæуæлахиз уыдзæн. Олег куы фехъуыста йæ кæстæр æфсымæр фæмард, уый, уæд æм цыма цыдæр нæртон тых фæзынди, уыйау тас бынтондæр нал зыдта тохы.

Аланы хæст скъолайы ахуыргæнгæйæ ырыййæфта. Ахæм бон нæ уыд æмæ уый йе ‘мгæрттимæ нæ лæууыд посты.

1992 азы 13 июны Присы хъæуы знагимæ тохы фæмард Алан. 19 боны нал фæцард йæ райгуырæн бонмæ, сæххæст ыл уыдаид 19 азы.

Хæст мæлæтуараг у. 1992 азы 13-æм июны Остъаты Андрейы хæдзар фæци кæуæндон йæ кæстæр хъæбул Аланы мардæй. Знæгты ныхмæ хъайтарон тохы аскъуыди йæ уд.

Фæстæдæр йæ адзал ссардта Олег дæр.  Йе ‘мгæрттæй иу фæцæф æмæ йæ рынчындонмæ аласта. Тындзыдта фæстæмæ раздæхынмæ, йæ хæстон æфсымæрты цур балæууынмæ. Иу сахат дæр нæ рацыд, афтæ айхъуыст, Олегы кæй фехстой. Фæстæмæ здæхгæйæ, уый дæр знаджы нæмыгæй фæмард. Дохтырты бон дæр ын нал ссис баххуыс кæнын.

…Дыууæ сау цырты. Сæ иу ис Згъудермæ схизæны, раздæры ресторан “Ерцъойы” цур, иннæ та Мæскуыйы уынджы, раздæры универмагмæ хæстæг, фæлæ сæ иуы бын дæр нæй сæ мард. Уыдон сты, Остъаты дыууæ æфсымæры гуырдзиаг сырдтæ кæм амардтой, уыцы  бынæттæ.

Урс цырт дыууæ æфсымæры нывимæ та ис фæндзæм скъолайы кæрты уæлмæрды…

Андрей æмæ Венерæ, чындзæхсæвтæ кæнын кæмæн хъавыдысты, уыцы хъæбултæн хистытæ фæкодтой. Иу ингæны фæрсæй-фæрсмæ æрцыдысты ныгæд. Андрей ма йæ хъæбулты мысгæйæ, ацард цалдæр мæйы, стæй сæм атагъд кодта.

Ирыстоны сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдоны зонын хъæуы æмæ сын се сгуыхтдзинæдтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттын  хъæуы, цæмæй æнустæм цæрой сæ нæмттæ. Дыууын цыппар азы рацыди Олег æмæ Аланы мæлæ-тæй, фæлæ се ‘мгæрттæ æмæ се ‘ввахс адæм, æгас Иры дзыллæ нæ  рох кæнынц сæ нæмттæ .

1992 азы рацыд Остъаты Олег æмæ Аланы номарæн чиныг “Бæсты сæрвæлтау”. Чиныг сарæзта поэт Плиты Феликс. Фыссæг Хъазиты Мелитон сыл ныффыста очерк æмæ Цыхуырбаты Тимур та сарæзта документалон киноныв дыууæ æфсымæры номарæнæн.

Томайты Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.