Иуæндæс аз рацыд уыцы уæззау трагикон бонтæй, знаг гадзрахатæй куы рахæтыд  Ирыстоны горæт æмæ хъæутыл, алыгъуызон хæцæнгарзæй пайдакæнгæйæ ирон адæм скуынæг кæнынмæ куы æрхъавыд.

Зæххыл цалынмæ иу ирон уа, уæдмæ рох нæ уыдзысты 2008 азы августы трагедийы амæттæгтæ, махæн мысынæн чи баззад, уыдоны рухс нæмттæ.

Алы аз дæр 7 августæй 8 августмæ æхсæвы Ирыстоны алы къуымты уагъд цæуынц  мысæн мадзæлттæ. Ахæм мысæн изæр арæзт æрцыд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр. 7 августы изæры дыууадæс сахатмæ æввахс, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ 1990 азæй 2008 азмæ гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы Дменисы хъæуæй чи фæмард, уыдоны номыл арæзт цырты раз æрæмбырд сты  хъæууон администрацийы, Культурæйы хæдзары кусджытæ æмæ хъæуы цæрджытæ чысылæй стырæй, августы хæсты чи фæмард, уыдоны ный-йарджытæ æмæ æввахс хиуæттæ.

Æрæмбырдуæвджыты къухты уыд агрессийы амæттæгты къамтæ, ссыгътой цырæгътæ.  Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн – «Иуæндæс азы размæ цы уæззау уавæры уыдыстæм, уыцы зын бонтæ нын Хуыцау макуыуал бавзарын кæнæд. Чидæриддæр Ирыстоны сæрыл йæ цард æрхаста, уыдон нæмттæ рох макуы уæд, мæнæ нæм цы кæстæртæ хъомыл кæны, уыдон хæст макуыуал фенæд, Ирыстонæн кадджын хъæбултæй бахъомыл уæд. Арæхдæр сын хъуамæ дзурæм, ма рох кæнæм нæ истори, нæ кæстæртæ хъуамæ зоной – ирон адæм знаджы раз сæ сæр кæй никуы æркъул кæндзысты. Нæ кæстæртæ макуыуал бавзарæд ахæм æнкъард бонтæ, цæрæд сæрибар Ирыстоны сыгъдæг арвы бын», – загъта уый.

Фæмардуæвджыты ныййарджытæ бузныг загътой æрæмбырдуæвджытæн сæ аудгæ ахасты тыххæй, загътой, зæгъгæ, мачиуал басудзæд хæсты азарæй, фæлæ сæ рох макуы уæд, райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ уд чи радта, уыцы цардбæллон лæппуты рухс нæмттæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.