Бæрзонд Урстуалгом. Беджызаты Чермены Мæсгуыты бæстæ, Царциаты калак, Беджызаты Пепе, Леуан æмæ Хъороты Агор кæцæй рацыдысты, фыдæлты кады зарæг кæцæй райхъуыст, уый йæ рæстæджы уыдис Нæртон бæстæ.

Уыцы æгъуыстаджы къуым радта диссаджы фæлтæр, ахæм фæлтæр, кæцытæ Урстуалгомы зарæг систой бæрзонд, Лæгъзцъитийы уонг. Абоны-бон уыцы æрдхæрæны бæстæ у афтид, йæ рæстæджы цард цæджджинагау кæм фыхт, уыцы диссаджы бæстæ баззад, сагтæ, сæгуыттытæ, сычъитæ, дзæбидыртæ, бирæгътæ æмæ æрсытæн. Æцæг ма дзы кæмдæр иугай хæдзæрттæй фæздæг скæлы.

Фæрнджын комбæстæ уыд йæ дуджы, йæ кад, йæ ном йæ рæстæджы бæрзонд систой, Леуан зæнджы магъз кæй хуыдта, уыцы кæстæртæ. Уыдон та уыдысты: фысджытæ Беджызаты Чермен æмæ Уасо, Хъороты Дауыт, Хъазбег æмæ Сослан, Дзесты Куыдзæг æмæ Фæрниаты Дзибуш, Хæмыцаты Георги æмæ Гæлыуаты Аким, Сланты Ахмæт æмæ Гугкаты Шамил, Советон Цæдисы инæлар-майор Сланты Ленто, мæлгъæвзаджы хицау Сланты Гаха.

Ранымад фæлтæры рæнхъытæм сæ-рыстырæй ахæссæн ис, Стыр Фыдыбæтæйон хæсты хайадисæг, нæ университеты доцент, дзæнæттаг Беджызаты Герасы фырт Дудары.

Дудар куыд поэт, афтæ раджы æрбацыд ирон литературæмæ. Кæд йæ царды хуыздæр азтæ ирон поэзийæн не схай кодта, уæддæр Дудар цы фæндаг равзæрста, уый нæдæр дæлдæр уыд, нæдæр æгуыдзæгдæр.

Уый тыххæй та зæгъæн ис афтæ: Дудар цы фæцард, уымæй йæ цард æмæ йæ бонтæ снывонд кодта йæ адæмы æгъуыстаджы фолькор æмбырдкæнынæн, уыдон бабæстон кæнынæн. Фидарæй зæгъæн ис, Дудар йæ дуджы уыдис Ирыстоны иууыл тыхджындæр æмæ курдиатджындæр фольклорист.

Сæрыстырæй дзурæм, махæн ис æртæ эпосы – Нартæ, Даредзантæ æмæ Царциатæ.

Дудар æртæ эпосы æртымбыл кæныныл бирæ тых бахардз кодта. Ирыстоны дыууæ хайы ахæм ком, ахæм хъæу нæ баззад, кæм нæ фыста аргъæуттæ, æмбисæндтæ, кадджытæ æмæ таурæгътæ, загъдаутæ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ, уыциу-уыциутæ, историон таурæгътæ æмæ легендæтæ, бы-нæттон таурæгътæ, стæй уæд Нартæ, Даредзантæ æмæ Царциатæ.

Гуырдзыстоны ирон хъæутæ дæр рох нæ уыдысты Дударæй. Уыдис Боржомы районы Гудзареты, Хашуры, Карелы, Къахеты, Хъуд æмæ Тырсыйы кæмтты.

Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Дудар. Йæ царды фæндæгтæм ын куы акæсай, уæд фендзынæ диссаджы нывтæ, базондзынæ диссаджы хабæрттæ.

Хæдзарвæндагæй уал райдайæм: Беджызатæ Едысы дзыхъхъы цъус мыггаг уыдысты. Кæддæр, дам, стыр мыггаг уыдысты, фæлæ, дам, бирæгъы удæгасæй куы бастыгътой, уæд уый тæригъæдæй сыскъуыдысты.

Чысыл мыггаг, фæлæ хъуыстгонд дыууæ стыр хъуыддагæй – цæргæ бирæ кодтой. Зæгъæм, Дудары фыды фыд Дауит фæцард 120 азы, Дауиты фыд  Леуан – 122 азы, Леуаны фыд Пепе та – 173 азы. Дыккаг хорз миниуæг – уыдысты зондджын, куырыхон нæлгоймæгтæ, сæ хæдзарвæндаг хъуыстгонд уыд Ирыстоны Цæгатæй Хуссармæ, Гуырдзыстоны уæды хицауады цæсты. Алы уазæг дæр фылдæр Беджызатæм цыд. Æртыккаг миниуæг та сæм уый уыд, æмæ хорз зыдтой ирон адæмон сфæлдыстад, тынг рæхстысты сæ дзурынмæ. Пепе æрдхæрæйнаг уыд  ацы хъуыддаджы, фæлæ дзы уæддæр Леуанæн æмбал нæ уыд. Æнæхъуаджы йæ Тыбылты Алыксандр нæ рахуыдта Ирон Гомер.

Æрдхæрæйнаг уыдысты ацы хъуыдда-джы Дауиты зæнæг дæр, уæлдайдæр та Чермен æмæ Уасо.

Нæргæ хæдзарыл тынг фæзынд 1937 аз, йæ дæрзæг къух сыл рауагъта æмæ Леуаны домбай хæдзарвæндаг царæфтыд фесты. Йæ куырм цæстыты сыг калдис Леуанæн дзæвгар азты, стæй 1942 азы бацыд йе ‘цæг дунемæ. Нæ адæмон сфæлдыстадæй кæд бирæ рацыд йæ дзыхæй, уæддæр зæгъæн ис, мæрдтæм дзы фылдæр ахаста, нæ йæ бафæрæзтой ныффыссын нæ интеллигенци дуджы уæззау уавæрты аххосæй.

Леуаны хæдзарвæндаг дардыл уыдысты, хъæрмуд æмæ уæздан бинонтæ уыдысты. Уыдоны ‘хсæн райгуырд Дудар дæр 1922 азы.

Уыцы хæдзары фарн æмæ амондæй хайджын уыд Дудар дæр, æмæ хæдзары фарн, æгъдау, намыс дæлæмæ никуы æруагъта. Уыдис сабыр æмæ хиуылхæцгæ, хорз хæдзардзин адæймаг, адæм æмæ æмгæртты уарзаг, ирон цæхх æмæ кæрдзыныл – уæздан æмæ хæдæфсарм, ирон лæгдзинæдтæй – хайджын, йæ царды бонты сыл рыг абадын никуы бауагъта.

Райгуырдис хъуыстгонд хъæу Едысы, фыццаг ирон сахар Царциаты 1922 азы. Лæгъз æмæ зæрдæйы фæндиаг нæ уыдысты йæ царды фæндæгтæ. Йæхæдæг дæр æмæ йæ хæдзарвæндаг дæр скъæрæнты бирæ фесты. Йæ фыд Гераст кад æмæ намысыл хæст адæймаг уыд, куыста ахуыргæнæгæй, 1937 азы йæ куы байсæфтой, уæдмæ та куыста Едысы колхозы сæрдарæй. Мад Софья тырсыйаг Хъалæгаты чызг уыд. Уæздан æмæ хæдæфсарм сылгоймаг, къухмимæ – хæрзарæхст, ирон дзаумæттæ бийынмæ æмæ хуыйынмæ рæвдз, цæмæ нæ рæхст, ахæм ын нæ уыд.

Дудар кæсын-фыссын скъолайы кары агъоммæ базыдта йæ фыды фæрцы, чиныджы хицау та йæ скодта йæ фыды ‘фсымæр Чермен. Уый йын балæвар кодта сывæлло-нæй Къостайы «Ирон фæндыр». Дудар райдианы бацыд Едысы скъоламæ, стæй йæ аивта Цхинвалы фæллойадон скъоламæ. Фæцахуыр дзы кодта иу аз, стæй фæстæмæ æрбаздæхт Едысмæ. Ам фæцис каст скъола, рæвдз æмæ зæрдæргъæвд уыд ахуырмæ, фæлæ ралæууыд æндæр дуг, йæ фæндæгтæм кæрæдзи фæдыл тылдысты цæлхдутæ, Леуаны хæдзармæ радгай уасын байдыдтой фыдбоны халæттæ.

Дауиты сæрыл ривад куырæйттæ зилын райдыдтой. Йæ зæнæгæн – Герас, Никъала, Чермен, Мелитон, Уасо, сæ хо Марияйæн сæ царды фæндæгтæ бæргæ сарæзта, фæлæ йын сæ æгъатыр 1937 аз цæвæгæй кæрдын райдыдта. Байсæфтысты зæнæджы хистæртæ, хæдзарыл сбадт цыфыддæр знаджы ном. Уыдта æппæт дæр æвзонг Дудар, байсæфт йæ фыд Герас, Хъалæгон баззад æнахъом даринæгтимæ, тухийаджы фæндаг æрхауд Дудармæ дæр æвзонгæй.

Хæдзары уæззау уæз æрхауд Дауитмæ,  бахъуыд æй маамæлайы къæбæр агурын уыцы стыр хæдзарвæндагæн. 1937 азы Калакæй æрбацыд дыууæ лæджы, Едысы сывæрдтой метеорологон станц, бакодтой йæ Дауиты бар, Дауит та йæ бакодта æвзонг Дудары бар  æмæ Дудар бирæ азты фæкуыста уыцы чысыл станцы къæбæры аргъыл.

Дуджы стыр ивæнтæ Дудары пайдайæн нæ уыдысты.

Ралæууыд 1941 аз. Хæсты уæззау хъæр базмæлын кодта Ирыстоны хæххон хъæуты дæр. Æнафоны, æнæрæстæджы, бамидæг Дудар дæр хæсты быдыры. Тбилисæй æрвыст æрцыд Ташкентмæ, уырдыгæй Читайы областмæ, дарддæр Башкиримæ. Æрхауд Мæскуымæ, ард сын бахæрын кодтой Мавзолейы раз, стæй сæ арвыстой Калугæмæ. Знаджы ныхмæ хæцыд Мæскуыйы бынмæ, хайад иста Малоярославы горæт сисыны сæрыл тохты. Ам фæцис уæззау цæф, бахауд госпиталмæ. Куы фæсæрæн, уæд нал бахауд йæхи полкмæ æмæ æрвыст æрцыд развæдсгарджыты ротæмæ. Ам дæр активон уыд Дудары архайд, цалдæр хаты æрбакодта уацайрæгты, «æвзæгты».

Хæст хæст у, нæмыг раст æмæ зылыны нæ фæрсы, фæцис уæззау, мæлæтдзаг цæф Дудар дæр. Ласт æрцыд Калугæмæ. Фыццаг медицинон æххуыс куы райста, уæд æрвыст æрцыд Казанмæ, уырдыгæй та Ижевскмæ. Ам ын скодтой операци. Дохтыртæ кæд æргомæй сæ фæндон нæ загътой Дударæн, уæддæр æрвыст æрцыд Тбилисы æфсæддон госпиталмæ.

Ацы госпиталы куыста зынгæ дохтыр Абайты Георги. Уый бамбæрста, Дудар тохы быдыры аккаг кæй нал у æмæ йæ рарвыста Цхинвалы рынчындонмæ. Дудары буары цалдæр раны уыд знаджы нæмгуыты схъистæ, исгæ дæр дзы скодтой дохтыртæ, фæлæ дзы йæ буары дæр баззад, мæрдтæм дзы цалдæр ахаста йемæ.

Цхинвалы рынчындоны фæстæ Дудар ссис лæдзæджы хицау, фæлæ цардбæллон лæппу йæхи нæ ауагъта, йæ тыхтæ рад-та ахуырмæ. Фæцис каст кæронмæ астæуккаг скъола, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта нæ пединституты физматы, фæлæ тагъд раивта ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ.

Йæ цæфтæй арæх рынчынтæ кодта, фæлæ уæддæр 1949 азы каст фæцис йæ факультет. Институт уæрæх фæндæгтæ байгом кодта æвзонг лæппуйæн цардмæ, нæ литературон къæбицмæ. Хæдзарвæндаджы хæрзиуджытыл зæрдæйæ уыд, мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад æй æлвæста йæхимæ, хорз зонгæ уыд Чермен æмæ Уасойы хъуыддæгтимæ. Уыдон сфæлдыстадон фæндæгтыл ныллæууыд Дудар дæр. Фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ, фæзындысты йын уæды периодикон мыхуыры. Æвзонг лæппу бирæ цыдæртæ фехъуыста сæхи Леуанæй, фыдæлты диссæгтæ дзурынмæ æмбал кæмæн нæ уыд, уымæй.

Дзырд дæр ыл нæй, Дудары фольклоры фæндагыл кæй бафтыдтой Леуаны диссаджы таурæгътæ. Уымæн ирд æвдисæн у иу хъуыддаг – Дудар цы бирæ диссæгтæ ныффыста ирон фольклорæй, уыдоны фылдæр хай йын радзырдта Леуан.

Пединституты ахуыргæнгæйæ, Дудар йæ тыхтæ фылдæр лæвæрдта ирон фольклор æмæ литературæмæ, æвзаг æмæ литературæйы зонадон кружокы уыдис активон хайадисæг. Йæ цæст ыл тынг æрæвæрдта Биазырты Алыксандр, хорзæн æй мысыд Дудар йæхæдæг дæр.

Институт каст фæуыны фæстæ Дудар бавнæлдта æхсæнадон куыстмæ. Цы фæкуыста йæ царды бонты, уыдон иууылдæр уыдысты нæ институты. Нырма уал дзæвгар азты фæкуыста филологон факультеты деканаты нымæрдарæй. 1953 азы байгом ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ. Дудар уырдæм æрцыд конд лаборантæй. Уæдмæ нæм байгом РАМП-ы факультет (райдиан ахуыры педагогикæ æмæ методикæ), ног кафедрæ йæхимæ акодта Дудары. Ам, лаборанты куысты æмрæнхъ кастис лекцитæ ирон фольклор æмæ литературæйæ, кодта зонадон куыст дæр.

Æнæхин, цæсгомджын уыд куысты, арæхстджын – йæ хъуыддаджы. Уый тых-хæй йын нырма лæвæрд æрцыд хистæр ахуыргæнæджы, стæй та доценты ном.

Æппæт ранымайгæ хъуыддæгты æмрæнхъ Дудар кодта егъау сфæлдыстадон куыст. Уæлдæр æй загътон, йæ къахы рыстæн дæр фæрæзта, афтæмæй зылд Ирыстоны къуымты æмæ Гуырдзыстоны ирон хъæуты, бантыст ын тынг бирæ æрмæг æртымбыл кæнын.

Цалдæр азы размæ Цæгат Ирыстоны мыхуыры рацыд гуырахстджын чиныг Царциатыл. Ис дзы Дудары ныв ахæм фыстимæ: ацы æрмæджыты фылдæр хай æртымбыл кодта Дудар.

Уæндонæй йæ зæгъын, йæ рæстæджы дæр æмæ абоны-бон дæр Дудары ном рохуаты ис. Йе сфæлдыстадон бынтыл кæмдæр хъуына схæцыд. цыд мыхуыры гуырдзиаг æвзагыл, Цхинвалы. Йæ рауадзæг уыдис нæ пединституты кусæг профессор Гълонти А.А.

Гуырдзиагау рацыдысты уый руаджы, ирæттæ сыл хъуыды дæр никуы акодтой.

Нартæ цалдæр томæй рацыдысты, хицæн чиныгæй æрæджы Дзæуджыхъæуы рацыдысты Даредзантæ. Æркæсæм æмæ фендзыстæм Дудары къухæй дзы цас æрмæг ис. Дудар уæхскуæзæй фæкуыста, фæлæ бузныджы ныхас никæмæй фехъуыста. Дзæуджыхъæуы рауагъдад «Ир» æмæ Цхинвалы рауагъдад «Ирыстон» сæхи гуылы бын æндзæрстой, Дудары мæт та чи кодта…

Æрæджиау хорзæх дæр хорзæх у. Абон ма уæддæр æркæсæм Дудары сфæлдыстадон бынтæм. Ацы бонты Дудары райгуырдыл æххæст кæны 100 азы. Цы фæцард Дудар, уыдоны фылдæр хай схардз кодта ирон хæзнатæ æртымбыл кæныны хъуыддагæн. Уыдон агурæг цы фæндæгтыл цыд, уыдон уыдысты къахвæндæгтæ, Къостайы загъдау, мыствæндæгтæ. Æгæрыстæмæй, бæх æмæ хæрæг дæр никуы уыд йæ къухы.

Хъæр, дам, мæрдтæм дæр хъуысы. Разынæд нæм ирон лæджы фарн æмæ хъару æмæ Дударæн рауадзæм мыхуыры йæ аргъæуттæ, бынæттон легендæтæ, йæ ирон адæмон диссаджы историон зарджытæ æмæ таурæгътæ.

Нартæ, Даредзантæ æмæ Царциаты кой нал кæнын, уыдон уæддæр разындысты иумæйаг æмбырдгæндты.

Дудармæ ирон мыггæгты равзæрды фæ-дыл цы легендæтæ ис, уыдон дугъы дисæгтыл сты дзурæг. Æвгъау сты фесæфынæн, рохуаты ныууадзынæн.

Хуыцауы арфæ зæгъын Хуссар æмæ Цæгат Иры зонад-иртасæн институттæм, рахæссут рæгъмæ Дудары бынты.

Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты къæбиц ацы аз нысан кæны йæ сырæзты 100 азы. Хорз уаит, ацы стыр бонимæ Дудары ном дæр куы ссардæуид.

ПЛИТЫ ГАЦЫР,

Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.