Историйы сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдис, нæ адæм, 30 азы размæ æмæ уый фæстæ дæр, сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады фæдыл тохгæнгæйæ цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый. Уыцы бирæазон тохæн йæ райдиан уыд 1989 азы 23 ноябрь, гуырдзиаг фашисттæ горæты æрбахизæнмæ куы æрбацыдысты æмæ горæт бацахсынмæ куы бафæлвæрдтой, уæд. Уыдонæн сæ фæндæй ницы рауад, нæ адæмæн та ацы бон ссис зæрдылдарæн бон – Æхсардзинад æмæ иудзинады бон. Уый цытæн нæ республикæйы цы бирæ алыгъуызон мадзæлттæ ауагъд æрцыд, уыдонæй сæ иу уыд, нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы цы мадзал ауагъд æрцыд, уый.

Ардæм æрбахуыдтой, уыцы боны цауты активон хайадисджытæ Бестауты Бала, Плиты Гурам æмæ Плиты Аланы.

Мадзалы райдианы скъолайы  хъомыладон куысты хайады сæргълæууæг-организатор Тедеты Ноннæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы бон ссис нæ историйы зæрдылдаринагдæр бонтæй сæ иу. Ацы бон, зæгъгæ, мах мысæм, куыд нын нæ республикæйы чи бахъахъхъæдтой æмæ йæ сæрыл сæ цард чи радтой, канд уыдоны рухс нæмттæ нæ, фæлæ кад кæнæм абон не ‘хсæн чи цæрынц, уыцы хъæбатыртæн дæр.

Уæд цы æрцыд, уыдоны тыххæй бæстондæрæй радзырдта 10-æм къласы ахуыргæнинаг Багаты Алан.

«23 ноябрь нæ  адæмæн зæрдылдарæн уымæн ссис, æмæ раст уыцы бон, 1989 азы, фыццаг хатт нæ фæсивæд хъæбатырæй æрлæууыдысты сæ райгуырæн зæхх гуырдзиаг хотыхджын фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Уæд бирæнымæц автобустæ æмæ рог автомашинæтыл æрбафсæрстой нæ уарзон горæт Цхинвалы æрбахизæнмæ. Се ‘рбацыды æфсон –  горæты митинг ауадзын, æцæгæй та сæ хъавд уыд горæт бацахсын. Уый та рабæрæг, цы бирæнымæц машинæтыл æрбацыдысты, уыдоны кæй уыдис хæцæнгæрзтæ дæр, уымæй. Нæ горæты цæрджытæ бамбæрстой,уыдон хæрзæбонæн кæй не ‘рбацыдысты æмæ, иу стæмтæй дарддæр, агуылф кодтой Згъудеры бынмæ, горæтмæ æрбахизæнмæ. Куыд зонæм, афтæмæй та уым сæ размæ, уæдмæ ныфсджынæй æрлæууыдысты, сæ кæрæдзийы цæнгтыл фидар ныххæцгæйæ, ирон лæппутæ», – мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдыл æрлæууын кодта Багаты Алан.

«Сæ бон куы базыдтой «æнæхонгæ уазджытæ», уæд аздæхтысты. Аздæхтысты, фæлæ иууыл нæ. Ирон тугæй дойны кæмæн уыд, уыдон апырх сты гуырдзиаг хъæутæм æввахс ирон хъæуты æмæ   судзын райдыдтой хæдзæртты, ластой сын сæ фæллæйттæ, мардтой сабыр цæрджыты, фæндæгтыл сæ ахстой, надтой, амынæттæй сæ кодтой, алыгъуызон фыдхъизæмæрттæ сын æвзарын кодтой.

Афтæ райдыдта гуырдзы æмæ хуссайраг ирæтты æхсæн æргом ныхмæлæуд, æргом хæст.

Æмæ, кæд Хуссар Ирыстонæн уыцы бон нымад у агрессийы райдианыл, уæддæр ссис Æхсардзинад æмæ иудзинады бон. Афтæ кæй у, раст уыцы нысанæн уагъд æрцæуынц 23 ноябры алыгъуызон мадзæлттæ нæ республикæйы», – дзырдта йæ раныхасы скъолайы ахуыргæнинаг Музиаты Алан, дæр.

23-æм ноябры цауты тыххæй уыд йе ‘мдзæвгæ 8-æм къласы ахуыргæнинаг Гæбæраты Дианæйæн.

Ахуыргæнинæгтæ тынг цымыдисæй хъуыстой ацы цауты хайадисæг Бестауты Балайы раныхасмæ. Йæ ныхасы райдианы уый æрдзырдта, 5-æм скъолайы ахуыр кæнгæйæ, уый кæддæриддæр сæрбæрзонд кæй уыд ацы скъолайы æнтыстытæй, куыд ахуыры, афтæ спорты къабазы дæр. «Уыцы кад та сымах хъуамæ бæрзонддæр исат. 1989 азы 23 ноябры цаутæ æрымысгæйæ та, цыма, адæймаджы зæрдæ аркъауæй исчи сæлвасы, афтæ фæвæййын. Уыцы хъуыддаг æнæнхъæлæджы нæ уыд. Мах зыдтам, уыдон кæй æрбацæудзысты, уый æмæ уыцы бынаты мах къахтам акъоппытæ, æмбырд кодтам нæхи æрæмбæхсыны тыххæй дуртæ æмæ сæ арæзтам цæндтæ. Уæд мæныл цыдис 29 азы. Бафæлладыстæм-иу, уыцы дуртæ рахæсс-бахæссæй, фæлæ цы гæнæн уыд. Иуахæмы райхъуыст хъæртæ, æрбацæуынц, зæгъгæ. Афтæ бирæйæ æрбацыдаиккой, уый æнхъæл нæ уыдыстæм æмæ уæд нарæгдæр кæм уыд, уым æрлæууыдыстæм кæрæдзийы  къухтыл хæцгæйæ. Уæд уым кæрæдзийы къухтыл чи хæцыдис, уыдонæй æз бирæты зонын, фæлæ, уыдонæй чидæртæ ницы дзурынц æмæ сæ абон нæ адæмæй зонгæ дæр ничи кæны. Æнæуый тæссаг уыд, уыдоны размæ балæууын, æнцон уыд не ‘рцахсын, фæлæ уыдон дæр, уымæ сæ ныфс нæ бахастой. Згъудеры бынмæ та æрлæууыдысты горæты цæрджытæ. Уырдæм цæуын райдыдтой хъæутæй дæр. Æмæ лæууыдысты фидарæй, æмзонд, æмдыхæй. Уыдон сæ бон куы базыдтой, уæд аздæхтысты. Фæлæ мах сæ ныхмæ æрлæууынмæ разæнгард кодта нæ бæстæмæ уарзондзинад», – дзырдта Бала.

«Зын уыд, тынг зын, уыцы рæстæджы нæ чысыл Ирыстоны бахъахъхъæнын. Знаг нæм иуырдыгæй фарс куы лæбурдтаид, уæд ын лæвæрдтаиккам аккаг ныхкъуырд, фæлæ уый лæбурдта алырдыгæй дæр. Æртыхст ныл залиаг калмау. Фæлæ уыдыстæм цырддзаст æмæ куыд æмбæлд, афтæ лæппутæй алчидæр архайдта йæ зæхх бахъахъхъæныныл. Уæд хъуыды дæр ничи кодта мæлæтыл. Сæ ных хастой размæ, знагæн аккаг ныхкъуырд дæттынмæ.

Ирыстонæн йæ сомбон сæ фæсивæд сты æмæ уын мæ цæст уарзы  рæсугъд сомбон. Уый та рæсугъд уæд уыдзæни, кæд æмæ хорз ахуыр кæнат», – загъта йæ раныхасы Плиты Алан.

Плиты Гурам дæр зæрдæбын арфæтæ ракодта ахуыргæнинæгтæн æмæ сын йæ фæдзæхст уыд, цæмæй зындзинæдтыл уæлахиз кæной, уый тыххæй сæ кæй хъæуы хорз ахуыр кæнын. Ахуыргæнинæгтæн уый дæр радзырдта уыцы боны цаутæй хицæн нывтæ. Ахуыргæнинæгтæн та йæ цæст бауарзта амондджын цард сабыр арвы бын.

Мадзалы раныхас кодта ацы хъуыддæгты активон хайадисæг, адæмон ахуыргæнæг, депутат Уалыты Розæ. Уый лæмбынæг радзырдта ирон фæсивæды сгуыхтдзинæдты тыххæй. «Раст уыдоны руаджы бафтыдис уæлахиз нæ къухты. Æмæ дзы йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдон та ныгæд цыдысты не скъолайы кæрты. Ныхæстæй радзурæн нæй, не скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ цас цæстысыг калдтой скъолайы кæрты сæ бавæргæйæ. Фæлæ нæ адæм сты æнæбасæтгæ. Иу та сæ кæны кæрæдзимæ уарзондзинад.

Уарзут уæ райгуырæн зæхх, уæлæхох ыл макуы сут, уый у фыдæлтæй уын чи баззад, уыцы зæхх!» – уыд йæ фæдзæхст йæ ахуыргæнинæгтæн.

Мадзалы кæрон скъолайы кæстæркъласонты райстой Ногдзауты рæнхъытæм æмæ уымæй мадзал фæаивдæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.