РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд журналистты къордимæ, кæцытæ горæт-хъайтар Цхинвалмæ æрцыдысты 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон хæст куы расидт, уыцы боныл 11 азы сæххæсты сæраппонд мысæн мадзæлттæ равдисыны нысанæн пресс-туры фæлгæтты.

Фембæлды рæстæджы уагъд æрцыд паддзахадон хорзæхтæ радтыны церемони, кæцыты Пухаты Эрик ауагъта Президент Бибылты Анатолийы номæй.

Дыууæ адæмы ‘хсæн хæларадон ахастыты рæзтмæ йæ хайбавæрды æмæ Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цыд, уыдон объективон æгъдауæй равдисыны тыххæй Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыд ирайнаг продюсер æмæ журналист Хаял Муаззин.

Хорзæх лæвæрд æрцыд дæр Васили Александры фырт Прохановæн РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады ахастытæ райрæзын кæныны фæдыл йæ лæггæдты тыххæй.

Ноджы ма иу хорзæх «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй хорзæхджын æрцыд китайаг телеканал «Феникс»-ы æфсæд-дон уацхæссæг Лу Юйгуана, кæцы æвдыста 2008 азы августы хæсты цаутæ.

Пухаты Эрик банысан кодта Хуссар Ирыстоны цаутæм объективон ахасты ахсджиагдзинад æмæ бузныджы ныхæстæ загъта журналисттæн сæ бæрзонд профессионализмы тыххæй.

«Мах хæсджын стæм, цæмæй нæ зæрдыл дарæм æрмæст Хуссар Ирыстоны историйы трагикон цаутæ, алы фæмардуæвæг цæрæджы, алы хæстон-сæрибаргæнæг æмæ уæрæсейаг салдаты нæмттæ нæ, кæцытæ хъæбатырæй хъахъхъæдтой нæ республикæ сæ цард æмæ æнæниздзинады аргъæй, фæлæ æппæт уыдоны, кæцытæ æрбалæууыдысты нæ фарсмæ, хæстон архайдтыты рæстæджы, тохты фæстæ æмæ сабыр рæстæджы нын æххуыс кæнгæйæ. Сымах стут, 2008 азы августы информацион блокадæ чи атыдта, уыдонæй сæ иутæ, уæ хъус дардтай Хуссар Ирыстоны æндидзынады æмæ рæзты процессмæ, объективон æгъдауæй цаутæ æвдисгæйæ.Республикæйы къухдариуæгады номæй уын арфæ кæнын уæ аккаг хорзæхты тыххæй æмæ уын бузныг зæгъын уæ вазыгджын, хатт тæссаг куысты тыххæй», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Уазджытæ дæр бузныджы ны-хæстæ загътой республикæйы къухдариуæгадæн.

Хаял Муаззин æмæ Лу Юйгуана нæ бамбæхстой Хуссар Ирыстонмæ сæ хъарм ахаст, цыран, уы-дон куыд загътой, афтæмæй сæхи хатынц, куыд сæхи хæдзары, афтæ.

«Æз мæ куыст æххæст кæнын зæрдæбынæй æмæ архайын, цæ-мæй Иран æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн рæзой ахастытæ экономикæйы æмæ культурæйы фадугуыты, цæмæй мæ бæстæ æмæ дунеон æмæхсæнад Хуссар Ирыстоны хуыздæр базоной. Тынг æхсызгон мын у, Цхинвалмæ кæй æрцыдтæн, уый», – загъта Хаял Муаззин, æмæ бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Мæрзойты Элинæйæн.

Йæ тæлмæнты тыххæй радзырдта Лу Юйгуана æмæ банысан кодта республикæйы позитивон ивындзинæдты тыххæй.

«2008 азы августы хæсты фæстæ æз цы федтон æмæ ныр цы уынын, уый у стыр размæцыд. Уæлдай тæлмæнтæ мæм сæвзæрын кодтой ног социалон объекттæ, фæндæгтæ. Цхинвал ссис зæрдæмæдзæугæ, нырыккон горæт рæзты стыр потенциалимæ», – загъта Лу Юйгуана.

Пухаты Эрик хъусдард аздæхта æрхонгæ журналистты принципиалон æмбæстагон позицимæ.

«Хъуамæ хорздзинад аразай. Мах тыххæй рæстдзинады сусæг кæнын нæ хъæуы æмæ æвзонг Республикæ Хуссар Ирыстоны хурхыл лæууын, фашистон гуырдзиаг хицауады æмæ йæ ныгуылæн партнерты фарс хæцгæйæ  сæ меркантилон интересты тыххæй. Уый ныхмæ-вæрд у журналистон этикæйы фæткойтæн æмæ адæймагдзинады нормæтæн. Бирæтæ цæттæ не сты сæ профессионалон намысы сæрыл тох кæнынмæ. Сымах растдæр стут уыцы журналисттæй, кæцытæ бæрнджынæй æмæ курдиатджынæй æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ», – загъта Хицауады Сæрдар æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон алы хатт дæр цæттæ у ныхас кæнынмæ æмæ хæларадон æмархайдмæ. Уазджытæн та йæ цæст бауарзта дидинæфтыд æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

РХИ-йы Хицауады

 пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.