Хицауады рабадты ивындзинæдтæ хаст æрцыд «2022 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» закъонмæ.

Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ куыд банысан кодта, афтæмæй «2022 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл бакусын æнæмæнгхъæуæг у 2022 азы 29 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдарты уынаффæмæ гæсгæ, равдисын æмæ 2022 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты хардзон хайы корректировкæ, афтæ ма бюджетон фæрæзты фæдыл иуæй-иу сæйраг къухдариуæггæнджыты фæндонмæ гæсгæ хъæуы бюджетон ассигнацитæ сфидар кæныны фæлгæтты хæрдзты здæхтыты ‘хсæн дихкæнынад.

2022 азы 29 апрелы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæмæ гæсгæ 2022 азы Паддзахадон бюджеты æфтиагон хай «Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс Республикæ Хуссар Ирыс-тоны социалон-экономикон рæз-тæн, инвестицион хуызы мадзæлттæй дарддæр» статьямæ гæсгæ фылдæр кæны 191 милуан сомы, уыимæ иумæ къаддæр кæны «Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс Республикæ Хуссар Ирыстоны Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты бюджетон инвестицитæ сæххæст кæныны нысанæн» статьямæ гæсгæ.

Афтæмæй, Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн, инвестицион хуызы мадзæлттæй дарддæр у 6 млрд 131 милуан, 354 мин сомы, финансон æххуыс Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты бюджетон инвестицитæ сæххæст кæнынæн финансон æххуыс у 1 млрд 159 милуан сомы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.