Онкологийы æгъатыр низы ныхмæ ныр цалдæр мæйы тох кæнынц Дзæгъиаты бинонтæ. Уыдонæн нæ уыдис уыцы фæрæзтæ æмæ фадат, цæмæй сæхи тыхтæй сæ сывæллонæн æмбæлонæй схос кодтаиккой Израилы. Ацы бинонты фарсмæ æрбалæууыдысты, сæ рисыл сын чи фæрыст æмæ онкологийæ рынчынты хъысмæтыл уæлæхох чи нæ у, ахæмтæ. Уыдонæн сæрмагондæй æххуыс кодта нæ республикæйы сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья» Цхуырбаты Татьянæйы сæргълæудæй.

Цалдæр мæйы дæргъы онкологион рынчын Дзæгъиаты Миланæйæн схос кæныны тыххæй æмбырд цыдысты æхцайы фæрæзтæ нæ республикæйы уагъдцæуæг æндæр æмæ æндæр хæрзаудæн акциты фæрцы. Ацы хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахастой, куыд сæрмагонд коллективтæ æмæ организацитæ, афтæ ма хицæн адæймæгтæ дæр.

Ныр дæргъвæтин рæстæг æгъатыр низимæ чи тох кæны, уыцы дыууадæсаздзыд Миланæйæн, хос скæныны тыххæй Хуссар Ирыстоны æрæмбырд  кодтой æхцайы фæрæзтæ. Нæ республикæйы æмбæстæгтæ æмбаргæдзинад кæй æвдисынц æмæ ацы риссаг фарсты иувæрсты кæй нæ хизынц, стæй цы амæлттæй æрæмбырд кодтой æнæмæнгхъæуæг æхцайы фæрæзтæ, уый тыххæй радзырдта хæрзаудæн акциты организатортæй сæ иу Мамиты Григори.

Цалдæр мæйы бæрц нæ республикæйы уагъд цыдысты алыгъуызон хæрзаудæн акцитæ, концерттæ. Рынчын чызджы тыххæй бангы баконд æрцыдысты сæрмагонд хыгъдтæ, дуканиты та æвæрд  уыдысты æхцайы фæрæзтæн асыччытæ. Нæ республикæйы æмбæстæгтæй дарддæр ацы бинонтæм се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтой Мæскуыйаг æмæ дзæуджыхъæуккаг адæм дæр. Уымæ гæсгæ сын бантыстис æрæмбырд кæнын 3 милуан сомы бæрц.

«Хæрзаудæн акцитæ райдыдта аразын Цхуырбаты Людвиг, стæй йæм уый фæстæ æрбаиу сты æндæртæ дæр. Тынг æхсызгон у, ахæм æмбаргæ фæсивæд нæм кæй ис æмæ кæй аразынц, хæрзаудæн хъуыддæгтæ. Ацы хъуыддаджы стыр активондзинад равдыстой фæсивæд æмæ сын бантыст æнæмæнгхъæуæг æхцайы фæрæзтæ баххæст кæнын. Æдæппæтæй мах æрæмбырд кодтам 1,7 милуан сомы концерттæ æмæ акциты руаджы», – радзырдта Мамиты Григори.

Низ у æрхаугæйæ, æмæ цы гæнæн ис, уымæй хъæуы рынчын æмæ йæ бинонты фарсмæ балæууын, уæлдайдæр та дзырд куы цæуа онкологи кæнæ та æндæр уæззау диагнозыл, уæд. Ацы хъуыдыйы фарс ис поэт, Джусойты Нафийы номыл премийы лауреат Чехойты Оля. Уый æрæджы цы преми  райста, уый адих кодта горæты цы дыууæ рынчын сывæллоны ис, уыдоныл.

«Дзæгъиаты чызгæн цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд  ис, уымæй нæ ныфс ис æмæ йын хос кæныны фаг уыдзысты», – загъта инициативон къорды уæнг Цхуырбаты Людвиг. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй бирæтæ баххуыс кодтой ацы бинонтæн. Уыдон æхсæн ис амалиуæггæнæг Уанеты Вадим. Вадим рынчын чызджы номыл рахицæн кодта сæдæ мин сомы бæрц. «Дзæгъиаты Миланæйæн баххуыс кодтой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ нæ горæты администраци. Миланæ ныртæккæ ис фæндагыл æмæ 27 октябры хъуамæ консультаци рацæуа израилаг дохтыртæм, уый фæстæ йын райдайдзысты хос кæнын», – банысан кодта Цхуырбайы фырт.

Нæ зæрдæ дардзыстæм, Миланæ нæм æнæниз æмæ хъæлдзæгæй кæй æрыздæхдзæн фæстæмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.