РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд хицауады рабад, цыран æркастæуыд къорд закъоны проекттæм.

Финансты министр Хæбæлаты Азæ æрдзырдта РХИ-йы закъоны «Паддзахадон бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл» проекты тыххæй. Министр куыд загъта, афтæмæй объективон ах-хосæгтæм гæсгæ 2018 азы паддзахадон бюджетмæ хъуамæ хаст æрцæуа ивындзинæдтæ. Августы мæйы цы нысаниуæгджын бæрæгбон нысан цæудзæнис, уый тыххæй, афтæ ма Дзауы поселочы скъола-интернаты футболон фæзуат арæзт кæй цæудзæн, уый хæрдзты фæдыл. Фæлæ, уыцы æхцайы фæрæзтæ бюджетыл уадиссаг нæ бандавдзысты, уымæн æмæ бюджет фæхъæздыгдæр уыдзæнис акцизтæ æмæ тамакотæй цы æфтиæгтæ æрбацæуа, уыдоны хыгъдæй.

Рабадты сæйрагдæр темæтæй иу уыд республикæйы дзулфыцæн комбинаты фыццаг сорты дзулы аргъы регуляци кæнын. Уый фæдыл доклад сарæзта сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади. Уый загъта, зæгъгæ, ацы уынаффæ хъæуы, цæмæй фæлхасгæнджытæ хызт уой, иуæй-иу амалиуæггæнджытæ рæс-тæгæй рæстæгмæ дзулы аргъыл æнæ закъонæй кæй схæцынц, уыцы æппæрццаг уавæрæй. Уый ма куыд загъта, афтæмæй республикæйы иунæг паддзахадон куыстуатыл нымад цæуы дзулфыцæн комбинат, уымæ гæсгæ дзулы аргъ бæстон кæныны бартæ ис æрмæстдæр хицауады уынаффæмæ гæсгæ. «Абоны бон 600 граммы I сорты ссадæй социалон дзулы аргъ у – 16 сомы, гæнæн ис æмæ уый фæстæдæр суа 18 сомы», – дзырдта комитеты сæрдар.

Рабадты хайадисджытæ цымыдис кодтой цæмæннæ ис гæнæн, цæмæй бынæт-тон продукцийæ конд цæуа дзул, зæгъгæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй паддзахадон дзулфыцæн комбинат ссад ласы республикæйæн æдтейæ. Куыд зонæм, афтæмæй та нæхи æфсирон культурæтæ сæ гъæдмæ гæсгæ фæстæ нæ лæууынц æрласæггаг продукцийæ. Уый фæдыл рабадты хайадисджытæн лæвæрд æрцыд ахæм дзуапп, зæгъгæ,  уый  тыххæй  республикæйы хъуамæ уа сæрмагонд куырой. Уый тыххæй та саразын æмæ бакусын хъæуы проектыл.

Рабадты æркастæуыд автотранспортон бæлццæттæ æмæ багаж горæтты, горæтгæрон æмæ горæтæн æдтейæ фæлгæтты маршруттыл ласыны тарифтæм. Уыцы фарстатæн, дзуапдæттæг уыдзæнис паддзахадон унитарон куыстуат «Хуссар Ирыстоны автомобилон-транспортон управлени».

Рабадты ма фидаргонд æрцыдысты РХИ-йы телефонон бастдзинады лæг-гæдты фæткойтæ. Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан йæ доклады бамбарын кодта, зæгъгæ, бæлвырдкæнинаг чи у, уыдон сты бынæттон, æхсæнгорæтон телефонон бастдзинады рæстæджы чи æвзæры, уыцы барадон ахастытæ.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик цымыдис кодта ныртæккæ республикæйы фæлгæтты стацианарон бастдзинадæй цал абонент пайда кæны, уымæ. Уый фæдыл Джиголаты Хасан загъта: «Стационарон бастдзинадæй пайда кæнынц æрмæстдæр паддзахадон уагдæттæ. Нымæцмæ гæсгæ сты 1200 абоненты бæрц. Кабелон хызæгты тынг бахъыгдардта инженерон-канализацион хызæгтæ куы арæзтой, уæд», – загъта уый.

Æмбырды хорзыл банымадтой РХИ-йы пантеоны тыххæй æмæ Мидхъуыддæгты министрады кусджыты мæйон мызды тыххæй закъоны проекттæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.