РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ æххææстгæнæг Бекъойты Геннади фембæлд Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министрады зайæгойкуысткæнынады, механизаци, химизаци æмæ зайæгойтæ хъахъхъæныны департаменты директор Роман Некрасов æмæ РЦИ-Аланийы зæхкусæгон-фермерон хæдзарадты æмæ хъæууонхæдзарадон кооперативты  ассоциацийы Президент Къадзаты Игоримæ.

Фембæлды ма хайад райстой хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Мæргъиты Алан æмæ РХИ-йы УФ-йы минæварады минæвар Александр Журов. Уынаффæ цыдис Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны хъæууонхæдзарадон министрадты æхсæн дыууæфарсон æмгуысткæнады фарстатыл.

Бекъойты Геннади уазджытæн æгасцуай зæгъгæйæ, ныфс бавæрдта æнтысгæ æмгуысткæнынадæй æмæ сын бузныг загъта Республикæйы аграрон къабазæн се ‘ххуысы тыххæй, бæлвырддæрæй та хъæууонхæдзарадон техникæйы парк баххæст кæныны тыххæй.

«Æппæт разæууæлтæ дæр ис Уæрæсеимæ æмгуысткæнынадæн хъæууонхæдзарадон архайды алы здæхты дæр.

Мах нæ уæрæсейаг коллегæты базонгæ кодтам хъæууон хæдзарады рæзты программæимæ, кæцыйы бакуыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министрад æмæ Экономикон рæзты министрад. Хъæуы системон ахаст хъæууон хæдзарады рæзтмæ. Ныфс нæ ис дарддæры эффективон æмархайд æмæ нæ уæрæсейаг коллегæты ‘рдыгæй æххуысæй», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Роман Некрасов йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй архайды приоритетон здæхт у Хуссар Ирыстоны аграрон къабазæн планбæрцонæй æххуыс кæнын, уыцы нымæцы йæ хъæуæг техникæйæ ифтонг кæнын.

«УФ-йы хъæууон хæдзарады министр Дмитри Патрушевы бахæсмæ гæсгæ махæн приоритетон здæхт, раздæрау, у аграрон къабазæн æххуыс кæнын, афтæ ма нæ разы хæс лæууы, цæмæй республикæйы сифтонг кæнæм иттæг гъæдджын тауæн æрмæджытæй. Махæн иттæг ахсджиаг у Республикæмæ тауинæгтæ цахæм рады æрвитын хъæуы, уый æмбарын. Мах уый бæтдзыстæм боныгъæдтимæ, цæмæй тауинæгтæ æрвыст цæуой хæрзвадат рæстæджыты», – загъта Роман Некрасов.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй куыст организаци кæнын у бирæ куыстдомæг процесс æмæ вазыгджын хæс, кæцы хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа иумиаг тыхтæй. Афтæ ма загъта, зæгъгæ, план цæуы республикæйæн дарддæр æххуыс кæнын хъæууонхæдзарадон техникæ самал кæныны хъуыддаджы, уымæн æмæ республикæйы аграрон къабазы сæйрагдæр здæхтытæй иу у нæмыгон культурæтæ тауын.

«Фæнды нæ цæмæй республикæйæн мах цы æххуыс кæнæм, уый уа адресон. Мах баххуыс кæндзыстæм ахæм адæймæгтæ æрбахонынæн, кæцытæм фæлтæрддзинад ис зæххы фадыджы оцифровкæ кæныны, цæмæй æппæт куыстгонд зæххытæ уой иууон электронон картæйы, цæмæй Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад раконд æрцæуа ног технологион æмвæзадмæ», – банысан кодта Роман Некрасов.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.