РХИ-йы Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта æмбырд хъæууонхæдзарадон фадыджы рæзты фарстыты фæдыл.

Æмбырды хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг Æлборты Алан æмæ Хицауады Аппараты Контроль æмæ уынаффæтæ æххæст кæныны Управленийы хистæр Хаханты Цицерон.

Æруынаффæ кодтой ацы азы фыццаградон хæстыл архайды сæйраг бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ, сæйраджыдæр, агросæудæджерадон комплексы рæзты программæйыл, кæцыйы æвдыст цæуынц рæзты ахсджиагдæр здæхтытæ, афтæ ма хъæууон хæдзарады фадыджы проектты экономикон эффективондзинадæн саргъ кæныны фарстытыл, кæцытæ реализаци цæуынц чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн льготон кредиттæ радтыны программæмæ гæсгæ, афтæ ма индивидуалон амалиуæггæнджыты æмæ фермерон хæдзарадты архайдыл.

Æмбырды кæрон Хицауады Сæрдар Экономикон рæзты министр, Хъæууон хæдзарады министр æмæ  Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæгæн бахæс кодта, цæмæй бакусой  Хуссар Ирыстоны территорийыл æрвылазон хъæууонхæдзарадон армукъа организаци кæныны фарстытыл æмæ сæ фæндæттæ бавдисой  Хицауадмæ.

Уым уыдзæнис гъæдджын, бынæттон амали-уæггæнджыты æркæнгæ экологон æгъдауæй гъæдджын хъæууонхæдзарадон продукци, уыдоны нымæцы зайæгойгуысты æмæ фосдарды продукци.

Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, армукъайы ауадзын стимул уыдзæн æндæр амалиуæггæнджытæн æмæ дарддæр дæр импульс ратдзæн фыдыбæстæйон хъæууонхæдзарадон продукци размæ кæнын æддагон аграрон базæртты.

«Скъуыддзаг цæудзысты проблемон фарстытæ, кæцытæ баст сты хъæууонхæдзарадон продукцийы экспортимæ, æмæ фадат ратдзæн мидæггагон хæлцадон хæстæ скъуыддзаг кæнынæн, уыцы нымæцы, уæрæсейаг базæртты бынæттон амалиуæггæнджыты продукци размæ кæнын», – загъта Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.