Бæрæг куыд у, афтæмæй цалдæр мæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты иу къорд бойкот кæй кодтой, уый фæстиуæгæн уагъд нæ цыдысты сесситæ, фæлæ майрæмбоны 5-æм февралы Парламенты ауагъдæуыд цыппæрæм сессийы дыккаг рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр. 34 депутатæй рабадты уыдысты 30 депутаты.

Сессийы Константин Косачевимæ хайад райстой Хъырымы УФ Федерацийы Советы сенатор Казанков, УФ Федерацийы Советы сенатор Олег Селезнев, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады, евразиаг интеграцийы æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты  хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдары хæдивæг Тайсауты Хъазбег, УФ Федерацийы Советы аппараты минæвар Михаил Синицин æмæ РХИ-йы УФ Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар УФ Федерацийы Советы Марат Кулахметов.

Мадзалы райдиан Гасситы Петр  фæззæджы сессийы банымадта æхгæдыл, уалдзыгон сесси та – гомыл.

Уый фæстæ ныхасы рацыд Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл УФ Федералон Æмбырды Федерацийы Советы комитеты сæрдар Константин Косачев.

Уый депутаттæн раарфæ кодта уалдзыгон сессийы байгомы цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «мах фæстаг мæйты уавæрмæ нæ хъус дардтам æмæ уавæр куыд рæзт, афтæ мах дæр катай кодтам. Цхинвалмæ уый тыххæй æрцыдыстæм, цæмæй байхъусæм сымахмæ дæр æмæ уавæр хуыздæр бамбарæм мидæгæй. Уыимæ иумæ нæхи тæрхонгæнджытыл нæ нымайæм. Уыцы уавæр у уæхи мидæггагон хъуыддаг. Фæлæ сымахæй алчи дæр бæрнджын у, йæ оппоненттæн сæ позици зæгъыны фадат радта æмæ уыцы дискуссийы йæхи позици бахъахъхъæна». Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ ныфс ис, алкæцы фарс дæр кæй бацархайдзæн æмæ кæй ссардзæн уавæр аскъуыддзаг кæныны фæндæгтæ».

Косачев куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ УФ Федералон Æмбырды дыууæ палатайы, Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Думæйы æрцыд нысан кæны дыууæфарсон ахастыты райрæзын кæнын æмæ  хæларадон Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæнын, уыцы ахастыты УФ Президент куыд банысан кодта, афтæ сæ æххæст кæнын.

«Æхсæнпарламентон æмкуысткæнынады фæдыл дыууæфарсон къамисæн уыд дыууæфарсон рабадт, цыран уынаффæ цыд конкретон фарстатæ, кæцытæ баст сты пенсион ифтонгадимæ, автотранспортыл Уæрæсеимæ арæны сæрты ахизыны тыххæй æмæ æндæр фарстатыл. Нæ куыст размæ кæныны фарст мах райстам нæ парламентон контролмæ. Фæлæ мах дырысæй банысан кодтам, æппæт банысангонд проблемæты скъуыддзаг кæнынимæ дыууæфарсон къами-сы æххæстхъомысджын рабадт ауагъдæуыдзæн, республикæйы Парламент йæ куыст куы сног кæна, æрмæстдæр уæд», – загъта Косачев.

Дарддæр куыд банысан кодта, афтæмæй 2019  азимæ  абаргæйæ,  2020 азы кæрæдзиимæ базар кæныны гуырахст сырæзт, статистикæмæ гæсгæ, дыууын проценты, иннæ бæстæтимæ базар кæнын та къаддæрæй-къаддæр кæны. Уыдон сты Уæрæсейæ стратегион товартæ ласын, ахæмтæ, куыд  æртаг, электроэнерги, кондадон, сæудæджерадон æмæ хæлцадон продукци. Æввахс перспективæйы уыдзæн «Газпром»-ы тыхтæй Хуссар Ирыстоны газификацийы проекты реализаци. Ног бадзырдтæ ис республикæйы агросæудæджерадон комплексы рæзты æмæ æмбæлон хъæууонхæдзарадон техникæ æрласыны фæдыл.

«Махæн нæ нысан у, цæмæй скусын кæнæм æхсæнпарламентон  механизмтæ конкретон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Æмбæрстгонд у, Федералон бюджетæй Хуссар Ирыстонæн æххуысы тыххæй  кæй ис æхсæнпаддзахадон программæ æмæ РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазы инвестицион программæ. Ис ахæм хæслæвæрд уæвæг фæрæзтæй максималонæй спайда кæныны тыххæй. Æмархайд кæндзыстæм уæлвæткон уавæрты рæстæджы, æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы, сæрмагондæй та пандемийы рæстæджы. Уыцы иурæстæджы мадзæлттæ ист цæудзысты республикæйы цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны æмæ сын сæ социалон хъахъхъæнынады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй», – банысан кодта Константин Косачев.

Уæрæсейаг сенатор куыд радзырдта, афтæмæй скъуыддзаг æрцыд раздæры гуырдзиаг-ирон конфликты ирон æфсæддонтæ-фидауынгæнджытæн пенситæ снысан кæныны фарст. Тагъд рæстæджы ратификаци æрцæудзæн Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министрадты ветеранты сахъатдзинады документтæ банымайыны тыххæй сразыдзинад.

Уымæй дарддæр ма сенатор зæрдылæрлæууынæн банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы паддзахадон управленийы органты æмæ муниципалон уагдæтты кусджытæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй финанскæнынады фæдыл дыууæфарсон сразыдзинæдтæ сты фæуынхъус. Тагъд цæттæ уыдзысты  къухтæ æрфыссынмæ. Фæуынхъус сты дыууæфарсон сразыдзинадтæ дывæр æмбæстагдзинад æрбæстон кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.