РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади ауагъта кусæгон æмбырд, цыран хайад райстой Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георги, Фи-нансты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Азæ æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Æмбырды уынаффæ кодтой Æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ модернизацийы фарстытыл, сæрмагондæй, управленийы системæйы централизацийыл. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ 2020 азы 1 августæй  горæтты æмæ районты медицинон æмæ социалон уагдæттæ, кæцытæ уыдысты бынæттон администрациты управленийы бын, рахызтысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады юрисдикцийы бынмæ.

Уый размæ Президент Бибылты Анатоли Хицауадæн бахæс  кодта 15-æм октябрмæ Æнæниздзинад хъахъхæныны министрады структурæты реорганизацийы фæдыл барадон базæ саразыны фæдыл цæттæгæнæн куыстытæ кæронмæ фæуыны тыххæй.

Æмбырды рæстæджы банысанчындæуыд, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг барадон документаци ис цæттæдзинады стадийы. «Хицауады централизаци сараздзæн æнæмæнгхъæуæг уавæртæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы æппæт структурон дæлхæйттыл управленийы тыххæй кæцы фадат ратдзæн Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады раз сæвæргæ хæстæ эффективонæй сæххæст кæнынæн. Фæлæ хуссарирыстойнаг æнæниздзинад хъахъхъæныны модернизаци ууыл нæ фæуыдзæн, мах бахъæудзæн дарддæры системон куыст кæнын кадрон потенциалы рæзты фæдыл, материалон-техникон ифтонгад, хосгæнæн фæрæзты ифтонгад фæхуыздæр кæнын», – банысан кодта Бекъойты Геннади æмбырдæн хатдзæгтæ аразгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.