РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады делегацийы, кæцыйы сконды уыдысты министры æххуысгæнæг Анатоли Гулин, Дунеон æмгуысткæнынады æмæ æхсæнадимæ бастдзинæдты департаменты хайады хистæры хæдивæг Павел Морозов æмæ Финансон-экономикон департаменты директоры хæдивæг Андрей Перепелкин. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты дыууæбонон кусæгон визитимæ.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ æмæ Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны æмæ социалон рæзты министры уынаффæгæнæг Игорь Галь.

Пухаты Эрик уазджытыл хъармзæрдæйæ сæмбæлгæйæ, загъта æнтысгæ куысты фæндиæгтæ нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ модернизаци кæныны æмæ йæ рæзты хъуыддаджы.

«Гæнæн ис зæгъæн, æнæниздзинад хъахъхъæныны куыст кæй хуыздæр кæны,уый тыххæй кæй ис бæрæг æнтыстытæ, фæлæ мах нырма хъæуы, цæмæй ацы системæйы куыст æрбæстон уа. Мах бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийæ, Хуссар Ирыстоны проблемæтæм йæ хъус лæмбынæг кæй дары, уый тыххæй, уæлдайдæр та æнæ-низдзинад хъахъхъæныны къабазмæ», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Йæ рады Анатоли Гулин дæр бузныг загъта Хицауады Сæрдарæн, зæрдиагæй сæ кæй райста, уый тыххæй æмæ йын ба-зонгæ кодта уазджыты. Министры æххуысгæнæг дæр банысан кодта, цъус арæзт кæй не ‘рцыд æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы æмæ уымæн та фæстаг ирд цæвиттон у Сывæллæтты республикон рынчындоны сырæзт.

«Цхинвалы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд сывæллæтты рæсугъд рынчындон. Æз уый тыххæй дзырдтон раздæр дæр æндæр æмæ æндæр æмвæзадтыл,  дзырдтон, ацы медицинон уагдон сывæллæттæн æххуысы хъуыддаджы Кавказы кæй у хуыздæр, куыд йæ нырыккон арæзтадæй, афтæ медицинон ифтонггæрзты ифтонгадæй дæр. Мах хъуамæ сæрыстыр уæм ацы уагдонæй», – банысан кодта Анатоли Гулин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз арæзт фæуд кæны хирургион комплекс. Ифтонггæрзты номхыгъдыл бадзырдæуыд. Уæрæсейаг фарс цæттæ у ацы фарстмæ ноджыдæр иу хатт хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æркæсынмæ.

Ног гуырæн хæдзары арæзтад дæр у приоритетон фарст.  Æмæ ис ахæм хæс, цæмæй уый дæр Кавказы уа хуыздæр гуырæн хæдзар, уыцы нымæцы йæ хъæуæг ифтонггæрзтæй сифтонг кæныны хъуыддаджы.

 

Фембæлдæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Анатоли Гулин банысан кодта, зæгъгæ, медицинон уагдæтты материалон-техникон базæйы æмæ ифтонггæрзтæй сифтонг кæныны программæ, кæцы фæуд кæны 2019 азы, уыдзæнис Кавказы иууыл хуыздæртæй сæ иу, хъæудзæн ма æрмæстдæр кадртæй ифтонгады фарст аскъуыддзаг кæнын.

«Кадрон ифтонгады фарст нырма у гом. Медицинон уагдæтты хъæуы сифтонг кæнын нырыккон кадртæй, кæцытæ арæхсдзысты ифтонггæрзтыл кусынмæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дзуапп дæтдзысты моралон-этикон домæнтæн, æмбæлон ахаст дардзысты рынчынмæ. Вæййы афтæ, æмæ пациенты зæрдæйы уагыл æвзæрæрдæм бандавы уымæ дохтыры, медицинон хойы ахаст. Уый иттæг ахсджиаг у. Æмæ нæ модернизацийы программæ, кæцы бакуыст æмæ фидар æрцыд 2015 азы, скъуыддзаг кæны æппæт ацы фарстытæ. Махæн ахсджиаг  у ацы программæ афтæ среализаци кæнын, цæмæй райсæм æнæниздзинад хъахъхъæныны нырыккон системæ», – загъта Анатоли Гулин.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыдис æнæниз-дзинад хъахъхъæныны системæйы рæзтмæ хауæг æндæр актуалон фарстытыл.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.