Æнæниздзинад хъахъхъæныны хаххыл Уæрæсейы Федерацийæ квалификаци-джын специалисттæ æрхонын махæн æнæмæнгхъæуæг у хос кæныны фæстиуджытæ фæхуыздæр кæнын тыххæй, афтæ ма Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады аппараты чи фæзынынц, ахæм алыгъуызон фарстытæ скъуыддзаг кæныны тыххæй дæр, — ИА «Рес»-æн фехъусын кодта РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты ми-нистр Григори Кулиджанов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ нормативон-барадон базæ, кæцы хъуамæ развæлгъау скъуыддзаг кæна æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы фарстатæ, комплектгонд нæу æххæстæй.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы, куыд æндæр къабæзты, афтæ уæвынц бæрæг проблемæтæ æмæ фарстытæ, кæцытæ домынц се скъуыддзаг кæнын, æмæ ам дзырд цæуы хос кæныны фæстиуджытæ фæхуыздæр кæнын æмæ рынчынтæм хъус дарыныл, — загъта Кулиджанов. — Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы разамынады ’хсæн къухты бафтыд сразыдзинад хос кæныны æмæ закъон-сфæлдыстадон куысты æх-хуыс бакæныны тыххæй. Мах курæг уыдыстæм, цæмæй нын баххуыс кодтаиккой ахæм специалисттæй, кæцытæ нæм кæй нæ уыдысты, уый тыххæй æвзæрстам проблемæтæ, бæлвырддæрæй та уыдон сты сы-вæллæтты психоневролог, клиникон психолог æмæ дохтыр-эндоскопист — ацы профилы специалист Къозонты Алан архайы закъондæттынадон органы, у парламенты Æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл ко-митеты сæрдар. Уымæй дарддæр ма мах куырдтам, цæмæй æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады аппаратæн йæхицæн баххуыс æрцæуа ахæм специалист æрбахоныны, кæ-цымæ уа куысты стыр фæлтæрддзинад практикон Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы.

Иу кæнæ иннæ бынатмæ кандитаттæ æвзарын æххæст цыдис кадрон агентады хаххыл», — фæбæлвырддæр кодта йæ ныхас Кулиджанов.

«Эндоскопист æмæ сывæллæтты психоневролоджы кандидатты фæдыл мах ныхас кодтам уæлдæрлæууæг къухдариуæгадимæ, — банысан кодта министр. Ардæм чи æрцæуой, уыцы специалисттæн арæзт æрцæудзысты æппæт уавæртæ дæр. Уыдонимæ иумæ пациентты сæхимæ исдзысты хуссарирыстойнаг коллегæтæ. Уымæй дарддæр ма æнæниздзинад хъахъхъæныны ми-нистрадæн бацамындæуыд, куыд уынаффæгæнæг, афтæ медицинон зонæдты доктор Игорь Галы кандидатурæ, кæ-цыимæ мах фембæлдыстæм Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны минæварады æмæ æруынаффæ кодтам æппæт фарстытыл дæр, суанг Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федераци цалын-мæ нæ банымадта, уыцы æмæ æндæр историон цаутыл дæр, 80-æм азты райдайгæйæ. Æз ма афтæ радзырдтон, уыцы азты нæ æнæниздзинад хъахъхъæнынад кæй куыста экстремалон уавæрты æмæ нын æвзæр бæрæггæнæнтæ кæй нæ уыд».

Кулиджанов радзырдта йæ уæрæсейаг коллегæимæ иумæйаг куысты тыххæй, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ нын уыдон кæнынц методикон æххуыс æмæ уый зынгæ æх-хуыс кæны махæн нæ куысты.

«Мах кусæм министрады ведомствæйон дæлхæйттимæ, сæрмагондæй, районон рын-чындæттимæ æнгомæй. Галь йæхæдæг федта æмæ базонгæ куысты уавæртимæ, — йæ ныхас адарддæр кодта министр. — Кæй зæгъын æй хъæуы, куысты алкæмæн дæр гæнæн ис уа йæхи цæстæнгас, фæлæ быцæуы райгуыры рæстдзинад æмæ алы куысты дæр ахæм метод æххуыс кæны хæстæ эффективонæй скъуыддзаг кæнынæн».

Информацион агентадимæ ныхасгæнæг ма куыд загъта, афтæмæй иумиаг архайды процессы зонгæ кæнынц кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ дæр.

«Куысты иумиаг формæ иттæг хорз æндавы нæ архайдыл æмæ уый мах æнæмæнг хъæуы», — загъта министр.

Уымæй дарддæр ма Кулиджанов хъусдард аздæхта, педиатрон хайæдты хицæн специалисттæ кæй нæй, уымæ.

«Кæронмæ фæхæццæ кæны сывæллæтты рынчындоны арæзтад, кæцы ифтонг æрцæу-дзæн иттæг хорз ифтонггæрзтæй, фæлæ та уæддæр æвзæры проблемæ, хъæуæг специалисттæ кæй нæй, уый фæдыл,- банысан кодта Кулиджанов. — Сывæллæтты æртæ хайады, кæцытæ махмæ архайынц республикон соматикон рынчындоны се штаттимæ, рахиздзысты ног бæстыхаймæ. Уымæй дарддæр ма ам уыдзысты ахæм хайадтæ, кæцытæ раздæр махмæ нæ уыдысты: сывæллæтты реанимацион хайад, ноггуырд сывæллæттæм зилыны дыккаг этапы хайад, реабилитацион блок æмæ бирæ æндæртæ. Æмæ ам махæн фæзыны проблемæ, ахæм специализациты фæдыл махмæ специалисттæ кæй нæй, уымæ гæсгæ. Ноджыдæр нæ фæнды æрсидын Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты нæ рауагъдонтæм, цæмæй æрыздæхой нæ райгуырæн бæстæм æмæ кусын райдайой ног, ифтонггæрзтæй ифтонг сывæллæтты рынчындоны».

Кулиджанов банысан кодта, зæгъгæ, бынæттон специалисттæ куынæ æрцæуой, уæд Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады ногæй бахъæудзæн кадрон агентадмæ бахатын æнæмæнгхъæуæг дохтыртæ æрбахоныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.