1920 азы Гуырдзыстоны Демократон Республикæ ирæтты ныхмæ цы геноцид сарæзта, ууыл сæдæ азы сæххæсты сæраппонд, геноциды трагедийы амæттæгтæн национ мысынад кæныны тыххæй уынаффæ кæнын:

1. 2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæуæд Мысæн аз.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад сифтонг кæнæт Мысæн аз ауадзыны фæдыл мадзæлттæ сорганизаци кæнын.

3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Мысæн аз сорганизаци кæнын æмæ ауадзыны фæдыл архайд оперативонæй координаци кæныны æвæрд æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы къудариуæггæнæгыл (Козаты И.В).

5. Ацы Барамынд æххæст кæныныл контроль кæндзынæн мæхæдæг.

6. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2019 азы 27 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.