Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дзуапп дæтты газет «Завтра»-йы фарстатæн

«Завтра»: Фыццаджыдæр уал мæ, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, фæнды дæуæн бузныг зæгъын, нæ газетæн интервьюйы тыххæй рæстæг кæй ссардтай æмæ дын раарфæ кæнон аивгъуыйгæ 2 августы – Уæлдæфон-десантон æфсады боны цытæн – куыд фæзæгъынц, раздæры десантонтæ нæ вæййы.

Бибылты Анатоли: Бузныг.

«Завтра»: Фыццаг фарста дæм: куыд æрмæст республикæйы Президентмæ нæ, фæлæ ма 2008 азы августы хæстон архайдтыты фæцæфтæуæвæг ветеранмæ дæр, – Хуссар Ирыстоны идеологийы цахæм бынат ахсы гуырдзыйы агрессийæн уæлахизхæссæг ныхкъуырд радтын?

Бибылты Анатоли: Райдайдзынæн уымæй æмæ Ирыстоны хуссар хай, кæд советон хицауады рæстæджы баконд æрцыд Гуырдзыстоны ССР скондмæ, уæддæр йæхи Гуырдзыстоны хайыл йæхи никуы нымадта. Махæн æппæт нæ историйы дæргъы Гуырдзыстонимæ нæ уыд ахæм духовон, историон, политикон, географион, территориалон бастдзинæдтæ, кæцытæ нын фадат лæвæрдтаиккой нæхи Гуырдзыстоны органикон скондон хайыл нымайынæн. Ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ сты æндæр æмæ æндæр этностæ, æндæр æмæ æндæргъуызон сты сæ æвзæгтæ, сæ менталитет, культурæ, истори, дунеæмбарынад. Советон Цæдисы рæстæджы ахæм хицæндзинадæн нæ уыд цавæрдæр антагонистон ныхмæлæуды характер, мах цардыстæм, зæгъæн ис, сабырæй, фæлæ уæд дæр рæстæгæй рæстæгмæ, алы 10-15 азы-иу махмæ уыдис змæстытæ. ХХ-æм æнусы 30-æм азты дæр уыдысты ахæм змæстытæ, сæ инициатортæ уыдысты студенттæ, кæцытæ домдтой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бакæнын æмæ йæ Цæгат Ирыстонимæ баиу кæнын. Уæд уыдоны иууылдæр æрцахстой, тæрхон сын рахастой 10 азæй 25 азы онг ахæстоны фæбадын. Уый фæстæ дæр уыдысты ахæм змæстытæ, фæлæ сыл æргом тынг нæ дзырдтой, куыд нæ дзырдтой, цы аххосæгтæм гæсгæ-иу фæзындысты, уыдоны тыххæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ист цыдысты цавæрдæр мадзæлттæ, цæмæй сын сæ аххосæгты иуварс кодтаиккой, фæлæ-иу сын фæстиуæг нæ уыд. Гуырдзиæгтæ æмæ ирæтты ‘хсæн арæзт цыдысты æмкъайадтæ, бинонтæ, афтæ уа æви уфтæ –  нормалон ахастытæ уыдис, кæд ам дæр Гуырдзыстоны ССР хицауиуæгады ‘рдыгæй сабыр æлхъывдад уыдис, уæддæр. Адæмты хæлардзинад уæд нымад цыдис советон паддзахады æмæ коммунистон идеологийы ахсджиагдæр фарстатæй сæ иуыл. Стыр хæлардзинад не ‘хсæн нæ уыд, фæлæ знаджы цæстæй дæр кæрæдзимæ нæ кастыстæм.

Гуырдзыйы фарсимæ нæ ахастытæ фыццаг хатт скарз сты 1989 азы. Уæд Тбилисы хицауиуæгадмæ æрцыдысты националисттæ, сæ сæргъ Звиад Гамсахурдиа, афтæмæй, кæцытæ æрмæст дзургæ нæ кодтой, цæмæй æнæгуырдзиаг цæр-джытæ тард æрцæуой гуырдзиаг территорийæ, фæлæ ма уыцы нысанæн арæзтой практикон къахдзæфтæ дæр. Æмæ нын нæ автономи куы аивтой, уæд ирæттæ хъуамæ аскъуыддзаг кодтаиккой, дарддæр цы аразын хъæуы æмæ цæмæ хъæуы тырнын. Нæ адæм не сразы сты националистон Гуырдзыстоны хицауиуæгады бын уæвын.

1992 азы 19 январы ауагъд æрцыд референдум, кæцыйы хайад райстой æвзарджыты 96,9 проценты. Уыдонæн сæ 99,91 проценты сæ фæндон равдыстой Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй. Хъыгагæн, ССР Цæдис кæй фехæлд æмæ Уæрæсе йæхæдæг дæр кæй слæмæгъ, уымæ гæсгæ уыцы референдумы фæстиуджыты ничи банымадта, фæлæ куыдфæнды ма уа, Хуссар Ирыстоны адæм уæд равдыстой сæ фæндвидардзинад æмæ бафидар кодтой сæ тырнындзинад Гуырдзыстонæй хæдбар уæвынмæ, куыд иу адæм, афтæ ирæтты бахъахъхъæнынмæ.

Историйы, кæй зæгъын æй хъæуы, вæййы ныхмæвæрд цæвиттонтæ дæр. Цæвиттон, кæддæр украинæгтæ æмæ беларусæгтæ уыдысты иу адæм, уырыссæгтимæ этнос, стæй фæстæдæр сæ историон фæндæгтæ фæхицæнтæ сты. Сæ рæзты æмвæзад æндæр æмæ æндæр у Кореяйы цæгат æмæ хуссар хæйттæн, цыран иу адæм ныр 70 азы дæргъы ис хæстон уавæры! Иутæ дзы размæ цæуынц иуæрдæм, иннæтæ та – æндæрæрдæм.

Мах та нæ фæнды нæ æмтуг æфсымæртимæ хицæн фæндæгтыл цæуын, æппынкъаддæр иу æмæ æрдæг – дыууæ мин азы чи уæвы, уыцы историон иудзинад пырх кæнын.

Æмæ, зæгъгæ, æгæрыстæмæй, абон Гуырдзыстонимæ ахастыты æппæт проблемæтæ дæр скъуыддзаг æрцыдысты, уæддæр уый нæ равзæрстыл нæ бандавдзæн. Уымæ гæсгæ æз, куыд мæ æмфыдыбæс-тæйонты фылдæр хай, ирон адæмы баиу, йæ рæзт уынын уыцы здæхты, кæцыйы мах иууылдæр цæрæм: Уæрæсейы фарватеры, Уæрæсейы Федерацийы сконды – нæ сæйраг политикон хæсыл. «Уæрæсеимæ иумæ уæвын!» – уый æрмæст рæсугъд лозунг нæу, уый у нæ историон равзæрст. Абон, гуырдзыйы агрессийæн ныхкъуырд радтыны фæстæ, Уæрæсе у нæ æдасдзинады гарант. Æдасдзинады ацы контур ныридæгæн арæзт æрцыд, уый уæвы æмæ æн-тысгæйæ рæзы ныр дæс азæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæтæ дзурынц, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад у, уæд хъуамæ хæдбарæй баззайа алкæмæй дæр, æмæ æндæр ахæм ныхæстæ. Фæлæ алкæмæн дæр хъуамæ æмбæрстгонд уа, нæ республикæйæн йæ фæндзайминон цæрджытимæ кæй нæ уыд шанстæ æххæст хицæнæй, хæдбарæй уæвынæн, æмæ ныртæккæ дæр йæ бон нæу йæхæдæг йæхицæн уæва. Махæн кæддæриддæр æмбæрстгонд уыд, нæ рæзтæн, иумиагæй сисгæйæ. Хуссар Ирыстоны уæвынадæн иунæг фæндаг у Уæрæсеимæ цæдис, уымæн æмæ Ирыстонæн йæ цæгаттаг æмæ стырдæр хай, цыран цæры 700 мин адæймаджы бæрц, ис Уæрæсейы Федерацийы сконды æххæстбарджын субъекты бартимæ æмæ мах дæр логикон æгъдауæй фæнды, дунейы хицæн адæмты номхыгъды уæвын нæ, фæлæ семæ.

«Завтра»: Цахæмæй уыныс ды Гуырдзыстонимæ дарддæры ахастыты?

Бибылты Анатоли: Ныр-тæккæ цавæрдæр официалон æмвæзадыл махæн ницы ахастытæ ис – уый у уыцы бæстæ, кæцы æргомæй æрбабырста махмæ æмæ фактон æгъдауæй æххæст кодта ирон адæмы геноцид. Уымæ гæсгæ геноциды факт нæ банымайгæйæ, уый тыххæй меморандумыл æмæ кæрæдзийы ныхмæ тыхæй не спайда кæныны фæдыл сразы-дзинадыл къухтæ не ‘рфыс-гæйæ, нæ республикæйы хæдбардзинад нын нæ банымайгæ-йæ, махæн дзурæн ницæуыл ис. Растдæр нæ ахæм позици мах хъахъхъæнæм, Женевæйы уагъд чи цæуынц, уыцы дискусситы. Фæлæ абон æз Гуырдзыстоны нæ уынын ахæм политикты, кæцытæн сæ бон уый у саразын уый тыххæй уыдонмæ нæдæр политикон, нæдæр хи-сæрмагонд æхсардзинад ис. Но-джы ма уый æмæ Гуырдзыстон рагæй кæй ис АИШ-ы æддагон разамынады бын æмæ йæ тынг æмбæхсгæ дæр нæ кæнынц. Мах ахæм ситуацимæ, иумиагæй сисгæйæ, кæсæм æдыхстæй, фæлæ уæддæр не ‘мбарæм, цæмæн хъæуы Гуырдзыстоны адæмы сæ бæстæйы милитаризаци, Фæскавказы æдзухон æфсæддон маневртæ, америкæйаг биологион æмæ биохимикон лабораторитæ сæ территорийыл æмæ æндæр ахæмтæ.

«Завтра»: Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады дарддæры дунеон банымадæн исты перспективæтæ ис?

Бибылты Анатоли: Хуссар Ирыстоны суверенитет, куыд зонут, афтæмæй ныридæгæн банымадтой дунейы цалдæр бæстæйы æмæ ам мах никуыдæм тагъд кæнæм, ацы здæхты баныхæстæ уагъд цæуынц бирæ бæстæтимæ. Ам нын стыр æххуыс кæнынц уæрæсейаг дипломаттæ æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, мах нырма фендзыстæм, ИНО-йы чи сты, уыцы бæстæтæй нæ иу нæ, фæлæ цалдæр кæй банымайдзысты. Æмæ мах куы фехъусын кæнæм кæцыдæр бæстæимæ баныхæсты тыххæй, уæд уайтагъд фæзынынц ныхдуртæ, уыцы бæстæйыл АИШ æмæ йе ‘мцæ-дисонты ‘рдыгæй æндæвдад, Гуырдзыстон райдайы фыссын протесты нотæтæ æмæ афтæ дарддæр. Уымæ гæсгæ мах кусæм сабыр, æдыхстæй æмæ нæ уырны, нæ архайдтытæн, æппынфæстагмæ, кæй уыдзæн æнтыст.

Æрæджы æз официалон визитимæ уыдтæн Никарагуайы. Ацы латиноамерикæйаг бæстæ Уæрæсейы фæстæ банымадта нæ хæдбардзинад æмæ Хуссар Ирыстоны адæм æгæрон бузныг сты президент Даниэль Ортегайæ, æппæт никарагуайаг адæмæй, ахæм æхсарджын æмæ махæн ахæм ахсджиаг уынаффæйы тыххæй, кæцы сын фæфылдæр кодта Иугонд Штаттимæ, афтæ ма се ‘мцæдисонтæ æмæ вассалтимæ ахастыты сæ проблемæты. Фæлæ Даниэль Ортега æмæ йе ‘мтохгæнджытæ – сандинистты нæ фæнды АИШ-ы гегемониимæ æрфидауын æмæ ныфсджынæй хъахъ-хъæнынц сæ национ интерестæ.

«Завтра»: Куыд аразут уæ экономикæ, цахæм у экономикон рæзты æмвæзад, цахæм проблемæтæ ис экономикæйы, цахæм у экономикон политикæ?

Бибылты Анатоли: Экономикæйы тыххæй куы дзурæм, уæд ам сæйраг у, инвестортæ нæм цæуын кæй райдыдтой æмæ æрмæст Уæрæсейæ нæ. Цæвиттон, тагъд нæ экономикон рæзты министр ацæудзæн Сиримæ, цыран къухтæ æр-фысдзысты сразыдзинадыл экономикæйы къабазы. Хъырымимæ бадзырдæуыд сæндонкуыст æмæ сæнуадзæн кондад райтынг кæныны тыххæй. Ныридæгæн мах уадзæм æмæ Уæ-рæсемæ ласæм сæн, кæцы у иттæг гъæдджын. Хицæн инвестортæ фæрæзтæ бавæрдтой дыргъкуысты, уæлдайдæр та фæткъуыйы дыргъдæттæ уæ-рæхдæр кæныны. Ныссагъдæуыд дæсгай гектартæ талатæ æмæ уыцы фæзуæттæ дарддæр фылдæр кæндзысты. Инвестицитæ цæуынц дзидзакуыстгæнæн кондадмæ, минералон дæттæ уадзынмæ. Хъæуæг инфраструктурон проекттæ æххæст кæныны нын стыр æххуыс кæны Уæрæсейы хицауиуæгад. Иумиагæй сисгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны экономикæйы хъæуы сытынг кæнын, нæ республикæйы цæрджыты æфтиæгты æмвæзад нæу бæрзонд, фæлæ мах нæ къухтæ нæ ауадзæм, кусæм æмæ зонæм, цы нæ хъæуы саразын, уый.

«Завтра»: Анатоли Ильяйы фырт, дæхæдæг дæхицæн цы сбæлдвырд кодтай, дæ райгуырæн зæхх куы хъахъхъæдтай æмæ дæ алыварс цы стыр бæллæхтæ цыдис, уæд цахæм фæлтæрддзинад райстай, цы бавзæрстай æмæ цы федтай, уыдонæй?

Бибылты Анатоли: Æз дын æй зæгъдзынæн æмæ бамбардзынæ, цахæм уыд мæ уды уавæр. Гуырдзыйы æрбабырсты рæстæджы мæ сывæллæттæ уыдысты фронты хаххæй дыууæсæдæ метры æддæдæр, мæ цардæмбалы фыдæн йæ хæдзары ныккæнды æмæ кæдфæнды дæр гæнæн уыд бахаудаиккой знаджы къухтæм. Тохтæ цыдысты растдæр уыцы уынджы æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм уавæры уыдысты Цхинвалы æппæт хъахъхъæнджытæ дæр. Мах хъахъхъæдтам нæ хæдзæртты, нæ хиуæтты, нæ сывæллæтты, нæ фидæн æмæ нæ фыдæлты ингæнты. Мах æнкъардтам æппæт уыдæттæ æмæ ахæм æнкъарæнтæ уыдис горæт æмæ республикæйы æппæт хъахъхъæнджытæм дæр. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, агрессормæ ахасты та уыдысты æнæуы-нондзинады æмæ фыдæхы æнкъанрæнтæ, уымæ гæсгæ, æгæрыстæмæй нæм Уæрæсе куынæ æрцыдаид æххуысмæ, уæддæр сын фадат ничи радтаид, цæмæй ам, нæ зæххыл, нæ хæдзæртты фысымиуæг кодтаиккой. Хæдзармæ дæм абырæг хæцæнгарзимæ куы бацæуа, уæд ахæм хуыз нæ равдисдзынæ, цыма ницы æрцыдис: кæнæ æмбæхсгæ кæндзынæ, кæнæ лидзгæ, кæнæ та хъахъхъæнгæ. Мах, ирæтты, хæдзары уæвгæйæ, нæ бафæндыд æмбæхсын дæр æмæ лидзын дæр мах райдыдтам нæхи хъахъхъæнын. Мах кодтаиккам партизанон хæст, цæйнæфæлтау цагъартæ æмæ æцæгæлонтæ уыдаиккам. Ныгуылæны та афтæ кæй бæлвырд кæнынц, зæгъгæ, Уæрæсе зыдта Саакашвилийы плæнтты тыххæй, йе ‘фсæдтæ ам 7 августы кæй уыдысты – уый у бынтондæр дзæнгæда.

Гуырдзыйы агресси ссис нæ иудзинады катализатор.

«Завтра»: Абон республикæйы гарзджын тыхтæ цы уавæры сты, йæ царды цахæм бынат ахсынц? Цахæм техникæйæ ифтонг сты, авиаци уын ис?

Бибылты Анатоли: Æнæдызæрдыгæй, нæ гарзджын тыхтæ сты Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынхъомдзинады бындур. Кæд бирæтæ афтæ дзырдтой, зæгъгæ, махæн æфсад нал ис, уæддæр уый афтæ нæу  æфсад, кæй зæгъын æй хъæуы, ис. Ис уæззау техникæ, артиллери, рог бронемашинæтæ. Хæстон авиаци махæн нæй, ахæм уаргъ хæссын республикæйæн йæ бон нæу æмæ нæ уæлдæфон тыгъдад хъахъхъæныны мах ныфс ис Уæрæсейæ. Иумиагæй сисгæйæ, нæ æфсад цы æмвæзадыл ис, уым у фаг эффективон æмæ цæттæ у йæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ.

«Завтра»: Æппæтиумиаг æфсæддон хæс уæм ис?

Бибылты Анатоли: О, махмæ ис æппæтиумиаг æфсæддон хæс. Ацы азы размæ ацы закъондæттынадон нормæ æххæст цыдис равзаргæйæ, фæлæ ныр Хъахъхъæнынады министры раз хæс æвæрд æрцыд, цæмæй кармæ гæсгæ æфсадмæ кæмæ æмбæлы æрсидын, уыдон иууылдæр хъуамæ рацæуой æмгъуыдон æфсæддон службæ. Адæймаг æфсады куынæ баслужбæ кæна, уæд æй иу тыхон структурæмæ дæр нæ райсдзысты куыстмæ.

«Завтра»: Ноджы ма æфсæддон темæмæ чи хауы, иу ахæм фарста. Ныр сусæггаг нал у, америкæйæгты Гуырдзыстон кæй хъæуы, куыд потенциалон плацдарм Ираны ныхмæ хæсты. Уый тыххæй уыдон Анаклийы аразынц арфдонджын порт, тыхджындæр кæнынц инфраструктурæ… Уайы афтæ æмæ уын Иранимæ иумæйагиндоевропæйаг уидæгтæй дарддæр ис иумæйаг знаг дæр АИШ-ы хуызы. Исты æмархайдтытæ уын ис Исламаг Республикæимæ?

Бибылты Анатоли: Хъыгагæн, нырма махæн Ираны нæй цавæрфæнды официалон минæварад кæнæ минæвар дæр, фæлæ ацы здæхты ис æвæрццаг динамикæ. Ирайнаг дзыллон информацийы фæрæзтæн мæ фыццаг интервьюйы фæстæ баныхæстæ райдыдтой дипломатон æмвæзадыл, уыдис Ираны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры реакци, гæнæн ис фембæлд уа декабры мæйы. Уый серьезон хъуыддаг у нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ дарддæр рæзын кæныны.

«Завтра»: Æз уыдтæн уæ диссаджы рæсугъд ног драмон театры, музейы, горæты астæу ис зынгæ литератор æмæ нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы цырт. Культурæмæ ахæм ахаст æхсызгон у адæймагæн. Цахæм нысаниуæг ис культурæйæн республикæйы идеологийы, ирон адæмы хæдидентификацийы?

Бибылты Анатоли: Культурæмæ мах здахæм сæрмагонд хъусдард. Ды ракодтай театр æмæ музейы кой. Фæлæ уыдон сты æрмæстдæр стыр бæрзæндтæ. Абон æппæт не скъолаты ис адæмон музыкæ æмæ кæфтыты ансамблтæ, ис нæм сывæллæтты сфæлдыстадон галуантæ, ис ног университет  уымæн дæр ис йæхи музей, бирæ нæм ис архитектурон цыртдзæвæнтæ хæхты. Национ культурæмæ, йæ рæзтмæ хъус дарын, æнæдызæрдыгæй, у ахсджиаг хъуыддаг нæ республикæйæн. Æнæхъуаджы нæ дзурынц: кæд дæ фæнды адæмы скуынæг кæнын – амар ын йæ культурæ.

Нæ этносы хæдидентификацийæн нæй гæнæн æнæ традицион хæрзæгъдаудзинад, æнус-ты æрфæнтæй ныры дугмæ хи истори нæ зонгæйæ. Цæмæн райдыдтам нæхи хонын ирæттæ? Чи сты нæ фыдæлтæ? Мах куы ферох кæнæм, чи стæм æмæ кæцæй рацыдыстæм, уæд нæ бамбардзыстæм, кæдæм цæуæм, уый. Алантæ сты нæ фыдæлтæ, скифтæ дæр сты нæ фыдæлтæ, махæн ис Нарты эпос, нæ адæмæн ис чырыстонады агъоммæ традицитæ æмæ ис чырыстонады æнæбайсгæ удварнон тых. Уыдон кæрæдзийы ныхмæ не сты. Чырыстон уырнынад æмæ разаманты традицитæ куы райсæм, уæд сæ иумæйагдзинæдтæ цъус ссарæн нæй.Цæвиттон, махмæ бæрæгбонон фынгыл кæддæриддæр вæййы æртæ уæливыхы æмæ кусæрттаджы сæр. «Тайная Вечерия» æвдыст кæм цæуы, уыцы зындгонд нывмæ куы бакæсæм, уæд уым дæр ис æртæ кæрдзыны æмæ кусæрт-таджы сæр. Нæ историйы æнæскъуыйгæдзинад зыны суанг ныры бонтæм.

Ныртæккæ мах аразæм стыр иумæйаг мемориалон комплекс, нæ хæдбардзинад хъахъхъæнгæйæ, хъæбатырæй чи фæмард сты, уыдонæн. Йæ центры уыдзæн дыууæ салдаты цыртдзæвæн: уырыссаджы прототипæн мах равзæрстам Уæрæсейы Хъайтар Денис Василийы фырт Ветчиновы, йæ бюст ис нæ горæты. Ироны прототип та ссис хъайтарæй фæмардуæвæг «афгайнаг» Джиоты Влад, «Басмач», зæгъгæ. Афтæ символикон æгъдауæй фидар æрцæудзæн нæ адæмы равзæрст – Уæрæсеимæ уæвын.

«Завтра»: Анатоли Ильяйы фырт, стыр бузныг дын нæ ныхасы тыххæй.

Васили ПРОХАНОВ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.