Куыд зонӕм, афтӕмӕй ныр цалдӕр азы дӕргъы Уӕрӕсейы Федерацийы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм Хуссар Ирыстонӕй ӕрвыст цӕуынц ахуырдзаутӕ алы ведомствойы хаххыл дӕр, цӕмӕй нӕ паддзахад ифтонг цӕуа ӕнӕмӕнгхъӕуӕг специалисттӕй. 2009 азы  Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Мидхъуыддӕгты министрады ӕхсӕн дӕр бафыст ӕрцыдис Бадзырд, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн нын алы аз дӕр УФ-йы профилон ахуыргӕнӕн-дӕтты хицӕн ӕрцӕуынц нысанмӕздӕхт бынӕттӕ. Нӕ Мидхъуыддӕгты министрад цавӕр специалисттӕй ӕййафы хъуагдзинад, уый рагацау сбӕлвырд кӕнынц ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн Уӕрӕсейы дӕр уыцы дӕсныйӕдтӕм райсынц хуссарирыстойнаг курсантты.

Ацы аз дӕр та Мидхъуыддӕгты министрады рӕнхъон скондимӕ кусыны фӕдыл управлени райдыдта исын куырдиӕттӕ УФ-йы милицийы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм ацӕуыны тыххӕй ахӕм дӕсныйӕдтӕм:;

– специалон радиотехникон системӕтӕ

– телекоммуникацион системӕты информацион ӕдасдзинад

– компьютерон ӕдасдзинад

– экономикон ӕдасдзинад

– национ ӕдасдзинады барадон ифтонгад.

Куырдиӕттӕ исдзысты 1-ӕм июнӕй 10-ӕм июнмӕ РХИ-йы астӕуккаг скъолаты рауагъдонтӕй ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй. Скъолаты рауагъдонтӕ ӕнӕмӕнгӕй фӕстаг ӕртӕ азы хъуамӕ ахуыр кӕной РХИ-йы скъолаты. Развӕлгъау 15 майы ведомствойы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕй арӕзт ӕрцыдис къамис, цӕмӕй кандидатты равзарыны процесс уа объективон.

   Милицийы хаххыл ахуырмӕ ацæуын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ радтой дзыхæйдзургæ æмæ фыссынæй фæлварæннтæ (устно, письменно), сӕххӕст кӕной физикон цӕттӕдзинадӕй нормативтӕ ӕмӕ рацӕуой медицинон къамис. Иу бынатмӕ цалдӕр адӕймаджы куы уа конкурсон бындурыл, уӕд фыццаджыдӕр ахуырмӕ райсдзысты сидзӕрты, мидхъуыддӕгты органты кусджыты ӕмӕ мидхъуыддӕгты органты кусджыты сывӕллӕтты.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.