Фæцис 2020 аз. Алы адæймаг дæр, алы куыстуат æмæ уагдон дæр йæ цæст ахæссы аивгъуыйгæ азыл, цы йын бантыст саразын, цы ма йын баззад бакæнинаг, уыдæттыл æмæ снывæнды ног фæндтæ æрбалæугæ азæн.

Нæ республикæйы размæцыды хъуыддаджы Знауыры районы хайбавæрд цахæм у, йæ цæрджыты фæрныгад рæзын кæныны къухы цы бафтыд, уый фæдыл у нæ ныхас районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сосланимæ.

– Куыд зонæм, афтæмæй, нæ республикæйы цы ахсджиаг объекттæ лæвæрд æрцыдысты эксплуатацимæ æмæ дарддæр чи рæзынц, уыдон арæзт цæуынц Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ацы программæмæ гæсгæ цахæм объекттæ арæзт æрцыдысты, кæнæ арæзт цæуынц уæ районы?

2019-2021 азтæн республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæмæ гæсгæ 2020 азы фыццæгæм кварталы Знауыры поселочы, эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 18 фатерон цæрæн хæдзары. Фатертæ уæрст æрцыдысты, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн уыдысты, ахæм бинонтæн. Ацы аз ма поселочы Инвестпрограммæйы фæлгæтты аразын райдыдтам дыккаг 18 фатерон цæрæн хæдзар, кæцы арæзт хъуамæ фæуа фидæн азы кæронмæ, афтæ ма фидæнмæ аразын райдайдзыстæм æртыккаг бирæфатерон хæдзар дæр.

– Знауыры район у аграрон регион. Цахæм уыд аивгъуыйгæ аз районæн хъæууон хæдзарады къабазы?

– Районы цæрджытæ, сæйраджыдæр, кæнынц фосдарды куыст, дыргъгуыст, халсаргуыст, афтæ тауынц нæмыгон культурæтæ дæр. Кусынæн бæзгæ зæххытæ æдæппæт районы ис 16131 гектары. Уыдонæй 6995 гектары сты хуымзæххытæ, 8649 гектары – сæрвæттæ æмæ 486 гектары та угæрдæнтæ. Фæлæ уыцы зæххытæ азæй азмæ кодтой къаддæрæй къаддæр æмæ ныртæккæ æрмæст хуымзæххытæ сты 3975 гектары. Зæххыты, сæйраджыдæр, кусынц арендатортæ. Уыдон районы æдæппæт сты 83 адæймаджы æмæ кæнынц нæмыгон культурæтæ тауыны куыст, афтæ ма байтауынц нартхор, хъæдур æмæ халсæрттæ.

Районы рæзы фосдарды куыст дæр. Æдæппæт хæ-дзарадты ис 2447 сæры ставдкъах фос. Уыдонæй хъуццытæ сты 1216 сæры. Цæрджытæ дарынц сæгътæ, фыстæ, хуытæ, мæргътæ, ис дзы мыддарды куыст чи кæны, ахæмтæ дæр. Фосдарды æмæ мыддарды куыст чи кæны, ахæм фермерон-зæхкусæгон хæдзарадтæ нæм ис 12.

Фосы æнæниздзинадмæ йæ хъус дардта районы ветеринарон службæ. Йæ кусджытæ вакцинаци арæзтой ахæм низты профилактикæйы фæдыл, куыд фадниз, сыбыраг хæлмагниз, æрраниз, эмкар, хуыниз, пастрелез, дерматит æмæ æндæртæ. Ставдкъах фосæн диагностикæ уагъд цыдис бруцеллез, туберкулез, лейкоз æмæ маститы фæдыл. Иртасæнты рæстæджы цы фæстиуджытæ райстой, уыдон уыдысты æвæрццаг. Афтæ ма уагъд цыдысты ветеринарон-санитарон куыстытæ дæр. Профилактикæйы нысанæн дезинфекци цыдысты бæрæг бынæттæ.

– Цæрджыты цардуагон уавæртæ хуыздæр кæныныл æдзух чи кусы, уый у цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Ацы структурæ та конкретонæй цы куыст бакодта аивгъуыйгæ азы?

– Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад зынгæ куыст бакодта аивгъуыйгæ азы. Йæ кусджытæ скъуыддзаг кодтой, цæрджыты тынгдæр чи тыхсын кодтой, ахæм фарстатæ. Уыдон та уыдысты нуазыны донæй ифтонгад, хъæутæм фæндæгты арæзтад æмæ æндæр цардуагон фарстатæ. Фæндæгты арæзтадыл куы дзурæм, уæд цалцæг æрцыдысты Знауыр-Зиууат, Знауыр-Балта-Нарджытæ, Принеу-Æхслит, Знауыр-Циклат, Бехъмар-Хъорнис-Цъор-бисы фæндæгтæ. Афтæ ма цалцæг æрцыдысты Хъорнис, Дзагъина, Азуат, Тигъуа, Цъорбис æмæ Фарны хъæуы мидæг фæндæгтæ дæр. Районы территорийыл арæзт æрцыдысты æртæ хиды, иу Цъорбисы хъæуы – автомашинæтæ кæуыл цæуынц, фистæгæйцæуæн хидтæ та Ходабул æмæ Ногхъæуы. Уымæй дарддæр ма арæзт æрцы-дысты транспортмæ æнхъæлмæкæсæн бынæттæ Знауыры поселочы, Балта, Исахъыхъæу, Фарн, Сихиат, Аунеу, Зиулет æмæ Принеуы хъæуты. Сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис районы хъæуты цæрджыты нуазыны донæй ифтонг кæнынмæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй климатон ивындзинæдты фæстиуæгæн сур кæнынц суадæттæ æмæ уый та мæгуырауæрдæм æндавы цæрджыты донифтонгадыл. Районы коммуналон службæйы кусджытæ донуадзæн хызæгтæ сцалцæг кодтой Тигъуа, Кæвдæстау, Ногхъæу, Циндара, Нарджытæ, Алигуат, Сыхуаты хъæуы. Донифтонгад фæхуыздæр Бехъмар æмæ Схлиты хъæуты – сарæзтой дзы цъайтæ. Цалцæг æрцыд Бухар-Знауыры централон донуадзæны донгуырæн. Ацы донуадзæнæй дон цæуы Знауыры райцентрмæ. Афтæ ма, самалчындæуыд сæрмагонд ифтонггæрзтæ нуазыны дон сыгъдæг кæнынæн. Уыдон æвæрд æрцæудзысты, куыддæр сæ æрласæм, афтæ.

Суадæттæ кæй сур кæнынц, уымæ гæсгæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы кусджытæ уæлæмхас куыстытæ бакодтой Терегуан, Мугут, Зиууат æмæ Хъорнисы хъæууон администрациты. Техникон æххуыс бакодтой Тигъуа, Цъæриттæ æмæ Ожорайы хъæуты цæрджытæн донуадзæн куыстытæ бакæныны фæдыл.

Районы коммуналон кусджытæ Знауыры поселочы хæрзарæзтадон куыстытæ бакодтой дыууæ коммуналон хæдзары æмæ районы администрацийы бæстыхайы алыварс. Цалцæг æрцыдысты Мугут æмæ Терегуаны скъолаты спортзалтæ, Терегуаны хъæуы хосгæнæн амбулатори, районы администрацийы актон зал, Мугут æмæ Бал-тайы хъæууон администрациты хатæнтæ. Ныртæккæ фæуынхъус у Знауыры райцентры сывæллæтты спортивон скъолайы хъазæн фæз, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты цыртдзæвæны территори схæрзарæзт кæныны фæдыл. Куыд поселочы, афтæ хицæн хъæуты дæр куыст цыдис уынгты рухсытæ саразыныл. Цалдæр хъæууон администрацийы организаци цыдысты брæттæ æмбырд кæнын æмæ сæ æмбæлон бынæттæм аласыны фæдыл куыстытæ.

– Ивгъуыд аз уæззау фæлварæн уыдис ахуырдзау фæ-сивæд æмæ ахуырады къабазы кусджытæн, коро-навирусон инфекци кæй апарахат, уый аххосæй. Цахæм у уавæр ацы фадыджы æмæ йыл куыд бандæвта ба-нысангонд тæссаг низ?

– Нæ районы ис 11 иумиагахуырадон уагдоны. Уыдоны кусынц 52 ахуыргæнæджы. Ивгъуыд аз районы скъолаты ахуыр кодта 295 ахуыргæнинаджы. Уыдонæй бирæтæ хайад истой куыд районон, афтæ республикон предметон олимпиадæты дæр. Фæлæ коронавирусон инфекцийы аххосæй республикон туры районы минæвæрттæ хайад райстой æрмæстдæр ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Районы масштабы уагъд цыдысты æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ, фæлæ ахуыры азы дыккаг æмбисы скъолаты баконд æрцыд карантин æмæ ахуыргæнинæгтæ рахыз-тысты дистанцион ахуырмæ. Сæвзæргæ уавæртæ бандæвтой ахуыры процессыл, афтæ ма рабæрæг сты бæрæг проблемæтæ дæр, кæцытæй сæйрагдæр уыд бирæ сывæллæтимæ интернет бастдзинад кæй нæ уыд, уый.

– Цахæм куыст цæуы цæрджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фæдыл?

– Ивгъуыд аз районы цæрджытæ социалон æххуыстæ истой закъонон æгъдауæй сфидаргонд фæткмæ гæсгæ. 240 бинонтæ 380 сывæллонæн истой сывæллæтты тыххæй æххуыстæ. Æмбæстæгты хицæн категоримæ хаст æрцыдысты, электроэнергийæ пайда кæныны тыххæй хатыртæй чи пайда кæнынц, уыдон.

Районы администрацийы фæрæзтæй рахицæн æрцыд 84000 сомы, иунæгæй чи цæрынц æмæ тынг чи тыхсынц, ахæм бинонты сугтæй сифтонг кæныны æмæ хостæ самал кæныны тыххæй.

Районы цæрджытæн медицинон лæггад кæнынц районон рынчындон, дыууæ хъæууон хосгæнæн амбулатори, 10 фельдшерон-акушерон пункты æмæ Ирталькы куыстуаты архайæг медпункт.

Цæрджытæн медицинон æххуысæй дарддæр ма, ам куыст цæуы эпидемийы ныхмæ æмæ санитарон-гигиенон мадзæлттæ уадзынимæ, санитарон-рухсадон куыст кæнынмæ.

– Фæсивæд нæ фидæн сты, уыдоныл аудын нæ сæй-раг хæс у. Цахæм куыст цæуы районы фæсивæды æхсæн?

– Бæрæг куыст цæуы районы фæсивæдон, физкультурон æнæнизгæнæн æмæ хъомыладон куыст организаци кæныны фæдыл. Сæйраг хъусдард здæхт цыдис уыдоны спорты æндæр æмæ æндæр хуызтæм бакæнын. Афæдзы дæргъы уагъд цыдысты алыгъуызы ерыстæ æмæ иу сын уыд хорз æнтыстытæ. Цæвиттон, футболæй республикон центры районы æмбырдгонд командæ бацахста фыццаг бынат.

Банысан кæндзынæн уый æмæ Знауыры поселочы кæй архайы дзюдойы нырыккон, комфортон  скъола. Ацы скъолайы æрмæст дзюдойæ нæ архайынц, фæлæ спор-тивон гимнастикæ æмæ шахматтæ дæр, ис дзы тренажерон зал, скъолайы архайынц 60 сывæллонæй фылдæр. Ам фæуадзынц алыгъуызон ерыстæ, алыгъуызон командæтæ дзы сæхи фæцæттæ кæнынц ерыстæм, фæлæ уæлдæр цы коронавирусы кой скодтам, уый аххосæй ивд æрцыдысты куыд республикæйы, афтæ Уæрæсейы дæр æмæ ацы скъолайы спортсментæн сæ бон хайад райсын нæ бацис.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.