РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембӕлд Паддзахадон драмон театры коллективимӕ. Уый сын раарфӕ кодта сӕ ног снысангонд директоры тыххӕй ӕмӕ сын ныфс бавӕрдта, хицауады къухдариуӕгады ‘рдыгӕй сӕм кӕй уыдзӕн уӕлдай хъусдард ӕмӕ кӕй кӕндзӕн алыварсон ӕххуыс. «Уалыты Мадинӕ у хорз организатор ӕмӕ разӕнгардгӕнӕг, ӕмӕ мӕ уырны, кӕй йын уыдзӕн, Паддзахадон драмон театры директорӕй кусгӕйӕ, ӕнтыстытӕ. Скъуыддзаг ӕрцӕудзысты бирӕ фарстатӕ ӕмӕ проблемӕтӕ, кӕцытӕ рагӕй фӕстӕмӕ лӕууынц уӕ коллективы раз. Фӕлӕ цӕмӕй зындзинӕдты сӕрты ахизӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕнгом балӕууын. Театры коллектив хӕссы иу уаргъ ӕмӕ йӕ хъуамӕ хӕссой иуырдӕм. Алырдӕм ӕй куы ивазой, уӕд дзы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, размӕцыд никуы уыдзӕн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент ма бахатыд сфӕлдыстадон коллективмӕ, цӕмӕй театры кадыл схӕцой бӕрзонд ӕмӕ сӕ профессионалон ӕмвӕзад та скӕной раздӕры æмвæзадмæ, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, хъыгагӕн, нӕ адӕмӕй айрох ис театр. «Театр махӕн у нӕ национ исад ӕмӕ дзы рагӕй фӕстӕмӕ нӕ сӕртӕ хӕссӕм бӕрзӕндты. Фидарӕй мӕ уырны, ацы аз кӕй бакӕндзыстут хъазуатон куыст ӕмӕ уӕ курдиаты фӕрцы кӕй барухс уыдзысты нӕ театруарзджыты зӕрдӕтӕ. Алы кусӕг дӕр, йӕ куыст куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы кӕна, цы дзы домынц, уый куы ӕмбара ӕмӕ йӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд ӕнтыстытӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй. Ныфс мӕ ис, тагъд рӕстӕджы театруарзджыты кӕй фӕхондзыстут уӕ премьерӕ «Фатимӕ»-мӕ», – загъта Президент.

Фембӕлды рӕстӕджы ма дзырд цыдис театры ног сывзӕргӕ фарстатыл, раарфӕ кодтой Президентӕн йӕ иузӕрдион ӕххуыс ӕмӕ хъусдарды тыххӕй. Иууылдӕр сразы сты уыцы хъуыдыйыл, ома ныридӕгӕн ис иттӕг хорз уавӕртӕ театры коллективӕн кусынӕн ӕмӕ ӕппынӕдзух хъӕуы архайын, цӕмӕй ног хӕрзарӕзт бӕстыхаймӕ адӕм цӕуой зӕрдӕрайгӕйӕ. Президент ма фехъусын кодта, зӕгъгӕ, театры коллективӕн тагъд рӕстӕджы уыдзӕн ног автобус. «Ног автобусӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтам ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕджы ӕркӕндзысты нӕ республикӕмӕ», – кӕронбӕттӕны загъта Бибылты Анатоли.

Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театр нӕ культурӕйы историйы ахсы ахсджиаг бынат. Зӕронд бӕс-тыхай арӕзт ӕрцыд 1931 азы ӕмӕ уӕдӕй 2005 азмӕ лӕггад кодта нӕ адӕмӕн, сӕ уӕззау царды зындзинӕдты рӕстӕджы-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ барухс кодта. Фӕлӕ 2005 азы зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн театры бӕстыхай басыгъд ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ театры коллектив дӕр рахау-бахауаг фесты. Ныр нын ис ног хӕрзарӕзт театр, кӕцыйы ӕддаг бакаст у зӕронд бӕстыхайы ӕнгӕс. Тагъд рӕстӕджы дзы ӕвдыст ӕрцӕудзӕн Хетӕгкаты Къостайы зынгӕ уацмыс «Фатимӕ»-йы мотивмӕ гӕсгӕ премьерон спектакль. Театры аивадон къухдариууӕггӕнӕг Дзуццаты Тамерлан куыд зӕгъы, афтӕмӕй ныридӕгӕн куыст цӕуы, цӕ-мӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ адӕмӕн бакӕной театры дуӕрттӕ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.