Ирыстон йæ æрдзы фæрцы рæсугъд у. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ уазал цæстæй кæсынц уыцы рæсугъддзинадмæ, уый нæ, фæлæ ма йæ фыдуынд дæр кæнынц. Кæм фæзынынц, уæлдайдæр та – улæфæн бынæтты, уым сæ фæстæ ныууадзынц алыгъуызон брæттæ.

Сӕрд улӕфыны рӕстӕг у, æмæ алчидæр йе ‘рбалæудмæ тынг зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсы.  Хъарм бонтӕ куы райдайынц, уӕд байгом вӕййы хиирхæфсæн рæстæг, физонджыты рæстæг, ӕмӕ хуыздӕр улӕфӕн бынӕттӕ горӕтæн ӕддейӕ, сӕйраджыдӕр, донбылгӕрӕтты байдзаг вӕййынц адӕмӕй.

Хъарм боныгъӕдтӕ «сайынц» адӕмы ӕрдзы хъӕбысмӕ, æмæ уый хорз хъуыддаг у, фæлæ… сӕ фӕстӕ бафснайыны мӕт бирæтæ не ‘ркæнынц æмæ сæ хиирхæфсæн бынат  райсы брондоны хуыз.

Донбылгӕрӕтты, улӕфӕн бынӕтты, суанг ма кувӕндӕтты цурты дӕр бирæтæ ныууадзынц сӕ брæтты æмæ афтæ фæлæзæрынц.

Уалдзӕджы райдианимӕ Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет сног кодта йӕ экологон акцитӕ республикӕйы аив къуымты. Ахӕм мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц ӕрвылаз дӕр, ацы аз акцийы масштабтӕ фӕуӕрӕхдӕр кодтой. Æмæ ныр дыууæ къуыри републикæйы цæрджытæ, скъоладзаутæ, волонтертӕ, прокуратурӕйы кусджытӕ, ӕвзонг тренертӕ ӕмӕ комитеты кусджытӕ сыгъдæг  кæнынц нæ республикæйы алфæмблай. Уыдон æрмæст Джеры дзуар ӕмӕ Сау дзуары алфӕмблай ӕрӕмбырд кодтой 60-йӕ фылдӕр голладжы брон.

Уæддæр сæ цæрæнбон бирæ фӕсивӕдон организацитӕ ӕмӕ бархион къордты хайадисджытæн. Уыдон азилынц, адæм фылдæр цы бынæттæм фæцæуынц, уыдоныл æмæ  сæ сæ бæсты бафснайынц, фæлæ сыл уыдон дæр нал тых кӕнынц. Куырыхон адӕмы сидтытӕ дӕр ӕмбӕлон фӕстиуджытӕм нӕ кӕнынц. Уавæр уæлдай мæгуырдæр у Цхинвал ӕмӕ Дзауы районты. Иуӕй ацы районтӕ горӕтмӕ сты хӕстӕгдæр, иннӕмӕй дзы ис бирӕ рӕсугъд бынӕттӕ ӕмӕ улӕфджыты ‘хсӕн сты уӕлдай «популярондӕр».

Махæй алчидæр зоны, æрдз нын кæй дæтты цард… Уый дæр зоны улæфын, ис ын йæхи ‘взаг. Æрдз у нæ ныййарæг æмæ нæ дарæг. Мах та йæ нæхи къухтæй сафæм, æндзарæм ыл арт æмæ йæ «хурх» кæнæм.

О, фæлæ… иутæ сыгъдæг кæной, æндæртæ та – чъизи? Хъыгагæн, республикæйы фылдæр кæны æнæзакъон брондæтты нымæц.

Хъыгаг уый у, æмæ брон кæныныл ахуыр чи у, уыдон кæй нæ сæттынц. Уæвгæй сæ алкæй дæр фæнды сæ алыварс сыгъдæг  уа, уый.  Фæлæ дæхæдæг рацу æмæ дæ алыварс бафснай æмæ йæ мауал чъизи кæн, дæ брон кæм æмбæлы, уым ныппар. Сыгъдæгдзинадыл чи нæ ауды, уыдон хъуамæ æмбарой, нæ горæт, нæ республикæ нæ иумæйаг хæдзар кæй у æмæ йæ чъизи кæнын кæй не ‘мбæлы. 

Цæрджытæй бирæтæ не ‘мбарынц, адæймаджы ном чи хæссы, уый хъуамæ брон æнæмбæлон бынаты ма æппара. Броны контейнертæ цæмæн сæвæрынц? Уырдæм бацæуын исчи йæ сæрмæ нæ хæссы  æви сын зын у. Мæнмæ гæсгæ  уый зын нæу. Уæдæ цæмæ хъуамæ уа нæ республикæйы ахæм нысæнттæ: «Брæттæ æппаргæйæ дæ ма ферох уæт скъох-къох кæнын». Кæмæйдæрты фехъусæм, ома нæм машинæтæ ис æмæ нæ брæттæ аласæм. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй, машинæты хицæуттæй дæр бирæтæ сæ брæттæ кæронмæ нæ фæхæццæ кæнынц – машинæйы рудзынгæй сæ раппарынц… Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет радон хатт ӕрсидтысты республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст дарой ӕрдзмӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ ӕфснайой улӕфыны фӕстӕ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.