Ирон музыкалон аивадæн стыр лæггæдтæ чи бакодта, уыдоны нымæцмæ хауы Карницкая Нинæ дæр. Уый уыд алыварсон курдиаты хицау æмæ йæ архайд бæрæгæй разынд, куыд композитор, педагог æмæ музыкалон-æхсæнадон архайæг, афтæ. Уый райгуырд Новосибирскы горæты æмæ музыкæйы хаххыл ныллæууыд 7-аздзыдæй, музыкалон уацмыстæ та фæлдыста 9-аздзыдæй.

   Карницкая Н. ахуырад райста Ростовы музыкалон ахуыргæнæндоны, фортепианойы ахуырад райста профессор М. Л. Пресманмæ æмæ йæ теоретикон дисциплинæты зонындзинæдтæй та  фæхайджын кодта профессор Н. З. Хейфец. 1929 азы каст фæци Бакойы консерваторийы композицийы кълас профессор Б. В. Карагичевы разамындæй, 1931 азы та фортепианойы кълас ( профессор М. Л. Пресман). 1926-38-æм азтæм уыд Бакойы музыкалон техникум æмæ музыкалон ахуыргæнæндоны фортепиано, теоретикон дисциплинæтæ æмæ композицийы ахуыргæнæг. 1938-48-æм азтæм та Бакойы консерваторийы фидæны специалисттæн цæстуарзонæй лæвæрдта йæ зонындзинæдтæ, уыд ма Кусæг фæсивæды театры композитор, афтæ Бакойы Сомихаг театры æмæ Азербайджаны Æвзонг сценæмæкæсджыты театры педагог. 1941-46-æм азты уыд Азербайджаны Композиторты цæдисы уæнг.

Карницкая Нинæ 1948 азæй суанг 1975 азмæ цард Ирыстоны. 1948-61-æм азмæ уыд Дзæуджыхъæуы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг æмæ теоретикон хайады сæргълæууæг. 1951 азы уыд Цæгат Ирыстоны сабырад хъахъхъæныны комитеты уæнг, 1956 азæй та Цæгат Ирыстоны  композиторты Цæдисы правленийы уæнг. Карницкая Н. 1975 азы аздæхт йæ райгуырæн горæтмæ æмæ уым цард æмæ куыста суанг йæ амæлæты бонмæ. Уымæн ирон музыкалон аивады йæ лæггæдты тыххæй лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы ном, хорзæхджын æрцыд «Кады нысан» æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 30 азы юбилейон майданæй.

Нинæ Цæгат Ирыстоны фæцард 27 азы æмæ республикæйы музыкалон ахуырад æмæ композиторон сфæлдыстады размæцыдæн бакодта ахъаззаг лæггад. Йæ ахуыргæнинæгты номхыгъдмæ ахæссын хъæуы Гæздæнты Б.,Ефимцова Л., Хъæбойты Н., Хъаныхъуаты Л., Кокайты Б. Йæ урокты амынддзинæдтæ æрæмысгæйæ, Хъæбойты Н. уыдон схуыдта æнахуыр диссаг. «Ахуыргæнæндоны студент кæд уыдтæн, уæддæр, Нинæ Андрейы чызг йæ амынддзинæдтæ райдыдта музыкалон ахуырады дамгъæтæй. Уый мын фæхъæздыгдæр кодта мæ музыкалон-теоретикон зонындзинæдтæ. Уый лæвæрдта ахæм бындур, кæцыйыл алцы аразæн дæр уыд», – æрæмысы Хъæбойы фырт.

Карницкая Нинæ Ирыстоны ныффыста йæ иууыл хуыздæр уацмыстæ. Концерт №1 фортепианойæн оркестримæ ныффыста 1960 азы æмæ ссис ирон музыкæйы ацы жанры фыццаг хуызæг. Раст у, 1950 азы Кокойты Т. ныффыста фантази «Азау» фортепианойæн оркестримæ, 1961 азы та фæзынд Æлборты Ф. фортепианон концерт, кæцы бирæ рæстæджы сценæмæкæсджыты æмæ профессионалты хъусдард аздæхта йæхимæ. Фæлæ Карницкаяйы фыццаг фортепианон концерты нысаниуæг дæр егъау у. Ацы уацмыс хицæн кæны йæ ирд тематикæ, фантазийы хъæздыгдзинад, фортепианон фактурæ æмæ техникæйы алыгъуызондзинадæй. Сфæлдыста ма ахæм уацмыстæ, куыд поэмæ «Джызæлдоны былгæрæтты» æмæ дзы дзырдæуы Дзæуджыхъæуы бын тохтыл, Хетæгкаты Къостайы амæлæты 50 азы тыххæй, симфонион элеги «Къостайы мысынæн», Цæгат Ирыстоны Советон хицауады сырæзтыл 40 азы тыххæй, поэмæ «Уарзон Ирыстон» , музыкæ спектакльтæн 100 фылдæр æмæ æндæртæ. Йе сфæлдыстад, педагогон æмæ музыкалон-æхсæнадон архайд тынг бандæвта республикæйы музыкалон профессионализмы размæцыдыл.

Фæстаг 8 азы Карницкая цард йæ чызг-мæ Новосибирскы горæты. Фæлæ уым дæр нæ рох кодта Ирыстоны, стыр æхсызгондзинады æнкъарæнтиæ мысыд республикæйы, уарзта йæ йæ удыйас. Композиторы фæстаг фыстæджытæй иуы ис ахæм ныхæстæ : «Мæ зæрдæ ис Ирыстоны».

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.