Турчы Республикæйы Абхазы адæмы Федерацийы сидт

Фæстаг рæстæджы кæй фехъуыстам, уыцы трагикон хабары тыххæй нæ зæрдæ фæрыст. Йæ адæм æмæ йæ бæстæ уарзæг хъæбул Дзабиты Инал рухсаг уæд. Тæфæрфæс кæнæм ирон адæмæн æмæ йæ бинонтæн. Уырны нæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон фæткмæ гæсгæ æфхæрд кæй æрцæудзысты аххосджынтæ.

Æхсызгон нын у, Президент Бибылты Анатоли уыцы хъуыддагмæ комкоммæ æмæ зæрдиагæй йæ къух кæй сæвæрдта, æмæ тæрхон, куыд æмбæлы, афтæ кæй уыдзæн, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах, Турчы цæрæг абхазаг диаспорæ куыд цины бонты уемæ стæм, афтæ абон, хъыджы бон дæр, не ʻфсымæрты фарсмæ стæм.

Тæлмац туркаг æвзагæй.

***

Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад “Алан”-ы сидт Хуссар Ирыс-тоны Президент Бибылты Анатолимæ æмæ хæдбар Республикæйы æппæт цæрджытæм

Мах, Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад “Алан”-ы уæнгты номæй, стыр салæмттæ æрвитæм Хуссар Ирыстоны Республикæйы алы цæрæгæн, æмæ курæг стæм, цæмæй нын не ʻргом ныхасмæ дæр байхъусат.

Цины хабары дæр æмæ хъыджы хабары дæр мах уемæ иумæ стæм алы хатт дæр, нæ хотæ æмæ не ʻфсымæртæ! Абон нæ зæрдæтæ сты алы ирон бинонтимæ, ирон мæдтимæ, кæцытæн фæхъуыдысты сæ хъæбултæ тохы Иры уæлахизы фæндагыл.

Нæ зæрдæтæ нын фæриссын кодта ног зын хабар – трагикон æгъдауæй фæхъуыд Ирыстоны кæстæртæй сæ иу – Дзабиты мыггагæй æвзонг æфсымæр. Зæрдæрыстæй хъынцъым кæнæм уемæ иумæ. Ацы сау хабар чи скодта, уыцы адæймæгтæ хъуамæ Хуссар Ирыстоны Паддзахады Фæткмæ гæсгæ æфхæрд баййафой.

Фаг уæд ахæм цаутæн!

Фæлæ ам, куыд фæнды зын ма уа, уæддæр комкоммæ зæгъинаг у сæйраг хабар: зианы фæдыл нæй гæнæн Ирон паддзахад халын, не ʻмбæлы махмæ ахæм къахдзæфтæ, уый не ʻгъдау нæу!

Турчы цæрæг ирон адæм сидынц Хуссар Иры алы æмбæстагмæ æмæ зæгъынц сæ ныхас: Ирыстоны паддзахады Фæткмæ гæсгæ æвзæрст Президент Бибылты Анатолийы фарс балæуын кæй хъæуы абон, уый. Дунейы цъарыл махæн æндæр Ирыстон нæй – Иумиаг Ирыстон – Цæгат æмæ Хуссар Алани! Дунейы цæрæг ирæтты скаст у абон сымахмæ! Фидар фæлæуут – знаджы фæндиаг ма фæуæм – дунейы сау тыхтæ нæ ныхмæ тох кæнынц. Фидарæй фæллæуæм сæ ныхмæ æмткæй!

Æндæр фæндаг нæй! Дунескæнæг Хуыцау нын æххуысгæнæг уæд!

Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад “Алан”-ы Советы номæй, Æхсæнады Сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.