Нæ республикæйы царды æрцыд стыр æнамонддзинад. Республикæ Хуссар Ирыстоны дыууын аст аздзыд æмбæстаг Дзабиты Иналы амæлæты хабар нынкъуысын кодта æппæт Республикæйы.

Æрцыд стыр трагеди, кæцы сау стъæлфæй хаст æрцæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны ног историмæ. Æхсæнадон организаци «Адæмы ныфс» карзæй æфхæры, цы æрцыд, уый æмæ нымайы нæхи æмбæстæгтæм ахæм ахастæн бынат кæй ма хъуамæ уа, домы республикæйы æппæт специалон, паддзахадон службæтæй, цæмæй равдисой хъæддыхдзинад æмæ æппæт сæ профессионализм, цæмæй ацы фыдракæнды фæдыл æппæт аххосджынтæ æрцæуой карзæй æфхæрд. Ахæм фыдракæндтæн ныббарæн нæй. Мах мæсæллæйы ныхæстæ зæгъæм фæмардуæвæг бинонтæн, йæ хиуæттæн æмæ йæ хæлæрттæн.

Уый  никуы æмæ ничи баивдзæн, фæлæ йæ рухс ном баззайдзæн  нæ зæрдæты. Макуыуал хъуамæ æрцæуа ахæм фыдракæнд.

Нæ зонджын адæммæ сидæм сабырдзинад æмæ æмбаргæдзинадмæ. Интернеты ис провокацион сидтытæ, кæцытæ нæ, гæнæн ис, æркæной ноджы фылдæр фыдбылызтæм. Æвæрд цæуынц бæрæг реваншистон сидты, кæцытæ кæнынц Республикæйы æрмæстдæр арф проблемæтæм.

Курæг стæм не ‘мбæстæгтæй, цæмæй Ирыстоны ацы зын рæстæджыты равдисæм хъæддыхдзинад æмæ æцæг ирон фидарзæрдæ. Фыдракæнджытæ та хъуамæ æргом æрцæуой æмæ лæвæрд æрцæуой иууыл карздæр тæрхондонмæ.

Ист æрцыд Республикон æхæсæнадон змæлд «Адæмы ныфс»-ы советы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.