ПРЕЗИДЕНТ ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИДЫ АРФÆ ИНФОРМАЦИОН АГЕНТАД «РЕС»-Ы КОЛЛЕКТИВÆН

 

Зынаргъ æмбæлттæ!

Айсут мæ хуыздæр арфæтæ, информацион агентад «Рес»-ы сырæзтыл 21 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Йæ сырæзты бонæй ИА «Рес» сси Хуссар Ирыстоны иууыл конкурентхъомдæр информацион фæрæзтæй иу, æмæ йæхицæн скодта аргъ æмæ ном, нæ республикæйы æмæ уымæн æддейæ ахсджиагдæр цауты тыххæй цы æрмæджытæ мыхуыр кæны, уыдон æцæгдзинады фæрцы.

Фидарæй мæ уырны, уæ куыстуарзондзинад, хъуыддагыл æнувыддзинад æмæ фердæхты фæрцы уæ архайд кæддæриддæр бæрæг кæй уыдзæн информацийы рæстдзинад æмæ тагъддзинадæй. Дызæрдыггаг нæу, сымах æдзухдæр кæй кусдзыстут уæ дæсныйады æмвæзадыл, æмæ уый та кæй уыдзæн уæ ахадгæ куысты бындур.

Ацы бæрæгбон мæ цæст уарзы ИА «Рес»-ы æппæт коллективæн фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ, æф-тиæгтæ æмæ хæрзиуджытæ.

 

 

ПАРЛАМЕНТЫ СÆРДАР БИБЫЛТЫ АНАТОЛИЙЫ АРФÆ ИНФОРМАЦИОН АГЕНТАД «РЕС»-ÆН

Зынаргъ æмбæлттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмæ мæхи номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын информацион агентад «Рес»-ы сырæзты боны цытæн.

Нæ республикæ æмæ нæ адæмы уæззау, мах ныхмæ информацион хæст куы райтынг æмæ уæззау информа-цион æрхъулайы куы бахаудтам, уыцы дуджы арæзт «Рес»-ы журналисттæ сæ къуындæг техникон авналæтимæ аккагæй æххæст кодтой сæ сæйраг хæс – информацион æрхъула атонын æмæ адæм æмæ дунеон æмæхсæнадмæ рæстдзинад фæхæццæ кæныны сæраппонд. Æмæ абон электрон информацион фæрæзты нысаниуæг куы сырæзт, уæд мах ныфс ис «Рес»-ы журналисттæ дарддæр дæр кæй хæцдзысты адæммæ объективон æмæ рæстаг зонæнтæ хæссыны принциптыл. Уæ удуæлдай куыст, профессионализм, журналисты куыстыл æнувыддзинад уын ратдзæн уе ‘мкусджыты æмæ адæмы æууæнкæй хайджын уæвыны æмæ республикæйы информацион агентадты рæнхъы аккаг бынат бацахсыны фадат.

Зынаргъ æмбæлттæ! Мæ цæст уын уарзы æнæниздзиад, амонд æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæ.

 

 

ПРЕЗИДЕНТ ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИДЫ АРФÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ КАЗНАЧЕЙСТВОЙЫ КУСДЖЫТÆН

Казначействойы управленийы зынаргъ кусджытæ! Зынаргъ æмбæлттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрады Казначействойы управленийы сырæзты боны цытæн.

Йæ уæвынады цыбыр æмгъуыды дæргъы Управлени йæхи равдыста, куыд æнтысгæйæ æмæ рæвдз йæ разылæууæг ахсджиаг хæстæ скъуыддзаггæнæг коллектив, афтæ, цæмæй нæ республикæйы финансон дисцип-линæ фидаргонд цæуа æмæ бюджетон фæрæзтæ та хардз цæуой æргомæй.

Фидарæй мæ уырны, дарддæр дæр уæ фæллой ахъаз кæй уыдзæн, нæ республикæйы разылæууæг экономикон æмæ социалон хæстæ æххæст кæнынæн.

Зынаргъ æмбæлттæ! Уæ профессионалон бæрæгбоны уе ‘рыгон коллективæн мæ цæст уарзы, цæмæй æдзухдæр кусат уæ профессионализм æмæ дæсныдзинадыл. Æнæ-низдзинад, æнтыст æмæ хæрзиуджытæй хайджын ут.

 

 

* * *

3 декабрь у Инвалидты дунеон бон. Уый у арфæйаг æфсон, цæмæй не ‘хсæн цы адæм цæры æмæ се уæнгтыл сæ бар кæмæн нæ цæуы, уыдон проблемæтæм аздахæм адæмы хъусдард. Цæмæй мах нæ зæрдыл дарæм, мах хæсджын кæй стæм, цыдæр аххосæгтæм гæсгæ сæхи-гъæдæй сæ бон цæрын кæмæн нæу, уыдон хъысмæтмæ уазал цæстæнгас ма дарæм æмæ сын æххуыс кæнæм.

Æз зæрдиаг бузныг зæгъын, онгхъуаг адæмæн сæ хъармдзинад æмæ хъусдард чи нæ хæлæг кæны, уыдонæн.

Уæлдай хорз ныхæсты аккаг сты уыцы адæм, инвалид сабитæн чи æххуыс кæны, цæмæй уыдон райсой ахуырдзинад, цæмæй сæ уа сомбоны ныфс. Кæд æмæ сымахæй бирæтæн къуындæг сты уæ фадæттæ, уæддæр мæ фæнды сымахæн зæгъын хуымæтæджы адæймаджы амонды, уарзондзинады æмæ циндзинады, кæрæдзи-æмбарынад æмæ æнæниздзинады фæндиæгтæ. Удвидар ут кæддæриддæр.

 

Цытимæ, РХИ-йы Хæстон архайдтыты рæстæджы фæцæфуæвæг æмæ инвалидтæн æххуысы фонды президент Плиты Мадинæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.