РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли азылд æмæ бабæрæг кодта, 2008 азы хæсты рæстæджы цы хæдзæрттæ ныппырх, уыдоны арæзтад куыд цæуы, уый.

Парти «Иугонд Ирыстон»-ы хæрзаудæн фонды фæрæзтæй Президенты бахæсмæ гæсгæ ацы аз цалцæг æрцыдысты 6 фатеры. Æртæ фатеры та нырма нæ фесты цалцæггæнæн куыстытæ. Æндидзынгæнæн куыстыты хайад исынц горæт Цхинвалы администрацийы кусджытæ дæр.

Дудайты Павел, кæцыйы цæрæнуат ныппырх стыркалиброн нæмгуыты комкоммæ сæмбæлдæй, куыд радзырдта, афтæмæй 10 азы дæргъы цард æххуырст фатеры.

«Фæстаг дæс азы дæргъы æз цардтæн æххуырст фатеры, фæлæ ныр нæхи цæттæ кæнæм нæ ног цалцæггонд фатермæ балидзынмæ. Æз бузныг дæн нæ Президентæй, нæ цæрæнуат уый бахæсмæ гæсгæ æрцыд цалцæг», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта дыууæ фатеры Джиоты Аланы уынгыл æмæ иу фатеры та – Сталины уынгыл. Фатертæй сæ иуы хицау Кокойты Гурам радзырдта, зæгъгæ, ивгъуыд азы кæрон уый бахатыд Президентмæ, цæмæй йын баххуыс кæна йæ фатер сцалцæг кæнынæн.

«Мæ фатер бахъыгдард 2008 азы августы цауты рæстæджы. Президент мын ныфс бавæрдта, 2018 азы мæ фатер цалцæг кæй æрцæудзæн, уымæй æмæ мæнæ ныр цæттæ у», – загъта Кокойты Гурам.

Островскийы уынгыл цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдонæй иуы фатеры хицау Кобесты Верæ нын радзырдта, зæгъгæ, цалдæр азы рахау-бахау кæны йæ хæстæджыты хæдзæртты. Ныр йæ бинонтæ æрбаздæхдзысты сæхи цæрæнуатмæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны пырх цæрæнуат у иууыл серьезондæр проблемæтæй сæ иу æмæ йæ аскъуыддзаг кæнынмæ уый лæмбынæг йæ хъус дардзæн.

«Ацы аз фæнд кæнæм 15 хæдзары сцалцæг кæнын Цхинвалы æмæ 15 та – республикæйы районты. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ æппæт уыцы хæдзæрттæ пырх æрцыдысты 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Уæдæй нырмæ не ‘мбæстæгтæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ хæдзæрттæ кæд сæндидздзысты, уымæ», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма бабæрæг кодта Харебаты Исахъы уынджы пырх хæдзæртты æмæ бахæс кодта дыууæ ног хæдзары саразын. Бабæрæг кодта горæты цады дæр, цыран куыст цæуы йæ алфæмблайы территори схæрзарæзт кæныныл. Сæрмагондæй уым хæрзарæзт æрцыд сывæллæтты фæзуат æмæ муниципалон хæдзæрттæй иуы кæрт, кæцы ис Сталины уынгыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.