«Кæцыфæнды кары адæймагæн дæр  цæмæй æнтыстытæ уа, уый тыххæй йæ сæйраджыдæр хъæуы, цы нысан равзæрста, уымæ фæндвидарæй цæуын. Уæд бафтдзæн йæ къухты, цахæмфæнды зын фæндагыл æм ма цæуа, уæддæр», – ахæм хъуыдытыл лæуд у не ‘мбæстаг æрыгон чызг Дыгъуызты Миленæ. 

Миленæ каст фæцис Цхинвалы скъола-интернат. Райдиан кълæсты ма куы ахуыр кодта,  уæд  скъолайы  физкультурæйы  ахуыргæнæг, ныртæккæ дзæнæттаг Уалыты Руслан рахатыд, Миленæ æвзонг чызг уæвгæйæ, æххæст кæй у физикон тыхæй æмæ-иу æй бахаста республикæйы ахуырадон уагдæтты ‘хсæн уагъдцæуæг фылдæр хатт армрестлингæй ерысты хайадисджыты скондмæ. Миленæйы ныхмæлæуджытæ-иу кæд лæппутæ уыдысты, уæддæр-иу фылдæр хатт ссис уæлахиздзау. Спорты ацы хуыз чызг арф айста йæ зæрдæмæ æмæ йæ бафæндыд горæты спортивон скъолайы армрестлинджы тренертæм бацæуын. Уый тыххæй бахатыд йæ ахуыргæнæгмæ, фæлæ уый не сразы йæ хъуыдыйыл æмæ йын загъта, зæгъгæ, кæд физикон æгъдауæй æххæст дæ, уæддæр дæ сылгоймаг, æмæ мæн нæ фæнды, цæмæй нæлгоймæгтимæ æвзарай дæ тых.  Фæлæ æрыгон чызг афтæ бауарзта ацы спорт, æмæ фæндвидарæй тырныдта йæ бæллиц сæххæст кæнынмæ æмæ йæ æппынфæстаг Уалыйы фырт бакодта нæ горæты спортскъолайы армрестлеры тренертæ Коцты Дмитри æмæ Джиоты Валерийы секцимæ. Ам цыбыр æмгъуыдмæ Миленæ равдыста хорз арæхстдзинад, фæндвидар æмæ ныфсджынæй бавнæлдта йæ уарзон спорты фылдæр æнтыстытæ райсынмæ. «Æппæтæй амонд-джындæр мæхи банкъардтон, фыццаг хатт мæ мæ тренертæ куы раппæлыдысты, уæд. Мæ ныфсыл æрбафтыд ныфс æмæ мæхицæн дзырд радтон, кæй сæ нæ фæсайдзынæн æмæ мын кæй уыдзæн аккаг æнтыстытæ»,- загъта Миленæ.

Фæстæдæр Миленæ хайад райста армрестлингæй Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг ерысты æмæ барухс кодта йæ архайдмæ цымыдисгæнджыты зæрдæтæ: фæуæлахиз йæхицæй бирæ цæттæдæр ныхмæлæууæгыл æмæ ахызт финалмæ, фæлæ финалон тохы йæ ныхмæлæууæг разынд тыхджындæр æмæ Миленæ та бацахста дыккаг бынат. «Дыккаг бынат бацахсын дæр æз мæхицæн æнтыстыл нымайын, фæлæ, сæйраджыдæр, æз  бамбæрстон, хуыздæр æнтыстыты тыххæй кæй хъæуы фылдæр кусын æмæ ноджы зæрдиагдæрæй æрæвнæлдтон трениров-кæтæ кæнынымæ» – радзырдта Дыгъуызон.

Дыууæ мæйы фæстæ æрыгон спорт-сменкæмæ æнхъæлмæ каст радон æнтыст. Цæгатирыстойнаг командæйы скоды хайад райста Уæрæсейы æрыгæтты ‘хсæн уагъдцæуæг ерысты æмæ 70 килограммы  уæзы категорийы спортсменты ‘хсæн ссис сызгъæрин майданы хицау.

2017 азы та Миленæ ногæй райста хайад Уæрæсейы Федерацийы æрыгон спорт-сменты ‘хсæн ерысты, рамбылдта сызгъæрин майдан æмæ баконд æрцыд Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы скондмæ. Уæды онг хæрз цыбыр рæстæг кæй цæттæ кодта, уый хынцгæйæ ацы уæлахиз бацахсын  Миленæйæн нымад æрцыд  стыр æнтыстыл. Уыцы аз майы мæйы Уæрæсейы командæйы сконды хайад райста Польшæйы уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты фыццаг бынаты ерысты. Рахис къухæй тохгæнгæйæ, ссис æвзист майданы хицау, галиу къухæй та фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытæй алкæуыл дæр æмæ ссис сыгъзæрин майданы хицау. Сентябры мæйы та Миленæ хайад райста Будапешты уагъдцæуæг дунейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты æмæ кæд не ссис уæлахиздзау, уæддæр нæ республикæмæ æрхаста бронзæ майдан.

2018 азы февралы мæйы Миленæ  Уæрæсейы Федерацийы фыццаг бынатыл ерысты 18 азы кары онг категорийы тохгæнгæйæ, бацахста фыццаг бынат æмæ ссис Уæрæсейы чемпионкæ. Уыцы æнтыст Миленæ схæлар кодта йæ уарзон ахуыргæнæг Уалыты Русланæн. «Ацы спорт æз бауарзтон уый æххуысæй, уый рахатыд, кæй мæм ис спорты ацы хуызмæ æв-зыгъддзинад  æмæ йæ райдианы кæд нæ фæндыд, цæмæй æз ацыдаин ацы хаххыл, уæддæр уый руаджы райдыдтон мæ фыццаг къахдзæфтæ мæ бæллиц æххæст кæнынмæ. Уый мæ разæнгард кодта, хи хъæбулыл куыд райай, афтæ радис ме ‘нтыстытыл. Кæддæриддæр мын уыд стыр ныфс, куыд йæ архайдæй, афтæ йæ зондамындтытæй дæр»,- загъта йæ уарзон ахуыргæнæджы мысгæйæ Миленæ.  2018 азы ма Миленæйæн  йæ къухты бафтыд къорд æнтысты. Июны мæйы Болгарийы Европæйы фыццаг бынат бацахсыны ерысты рахис къухæй тохгæнгæйæ рамбылдта дыккаг бынат. Октябры мæйы Анталийы дунейы фыццаг бынат бацахсыны рахиз къухæй ерысты ссис бронзæ майданы хицау. Ацы аз февралы мæйы  горæт Чеховойы та  уагъд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы  фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ æмæ Миленæ, рахиз къухæй тохгæнгæйæ, рамбылдта сызгъæрин, галиу къухæй тохгæнгæйæ та æвзист майдан æмæ ссис æвзæнгты ‘хсæн 70 килограммы уæзы 19-21 азы кары категорийы Уæрæсейы чемпионкæ.  Ахæм сты æрыгон чызджы спортивон æнтыстытæ.

Ивгъуыд аз Миленæ каст фæцис астæуккаг скъола æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПУ-йы медицинæ, хими æмæ биологийы факультеты, фæсаууонмæ та ахуыр кæны физкультурон факультеты. Йæ фидæны цард  армрестлингимæ бæтты æви нæ, уыцы фарстытæн æрыгон чызг фидарæй загъта йæ фидæн кæй нæ уыны æнæ йæ уарзон спортæй. Йæ абоны æнтыстыты фæдыл Уалыты Русланæй дарддæр бузныг зæгъы нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатолийæн æмæ йæ тренертæ Джиоты Валери æмæ Цоциты Ибрагимæн, афтæ ма нæ республикæйы Спорт æмæ туризмы фæдыл комитетæн кæй йын баххуыс кæнынц ерыстæм ацæуынæн, уый тыххæй.  Дыгъуызты Миленæ у нæ республикæйы иунæг чызг, спорты ацы хуызы бæрзонд æмвæзадмæ схизын кæмæн бантыст. Ныртæккæ йæхи дарддæр цæттæ кæны радон ерыстæм. Майы мæйы хайад райсдзæн Грецийы Европæйы фыццаг бынат бацахсыны ерысты æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ æмæ уæлахизы фæндиæгтæ. «Ныфс мæ ис, кæй мын бантысдзæн армрестлингы хуызы уæлдæр къæпхæнмæ схизын», – загъта спортсмен-кæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.