1-æм июны нæ республикæйы дæр банысан кодтой  Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон  бон. Нæ чысыл æмбæстæгтæн бæрæгбонон  мадзал бацæттæ кодтой нæ республикæйы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Цхуырбаты Татьянæ, Культурæйы министрад æмæ волонтертæ.

Ацы хъæлдзæг бæрæгбоны сæраппонд 1-æм июны нæ горæты Театралон фæзуаты уагъд æрцыдис бæрæгбонон концерт. Уырдæм æрæмбырд сты нæ республикæйы чысыл æмбæстæгтæ сæ ныййарджытимæ. Чысыл хæлæрттæн сæ мидбылхудт æмæ æхцон æнкъарæнтæн фенæн уыдис, Театралон фæзуаты сыл цы аргъæутты æмæ зынгæ мультфильмты персонажтæ æмбæлдысты, уыдонимæ æмбæлгæйæ. Кæд бæрæгбоны политикон мидис нæ республикæйы чысыл хуртæ не ‘мбæрстой, уæддæр уыдон сæ рæстæг æрвыстой тынг хъæлдзæгæй. Хиирхæфсæн концерты хайад райстой нæ республикæйы зынгæ зарæггæнджытæ, зынгæ аргъæутты æмæ мультфильмты персонажтæ, зæгъæм, «Смурфиктæ», «Красная Шапочка», «Маша и Медведь» æмæ афтæ дарддæр, афтæ ма нæ горæты гимнази «Альбион»-ы хор.

Нæ республикæйы чысыл хуртæн бæрæгбонон арфæ ракодта нæ республикæйы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Цхуырбаты Татьянæ. Уый йæ арфæйы ныхæсты рæстæджы æрсидт нæ республикæйы хистæр кары æмбæстæгтæм, цæмæй уæлдай æмбаргæ ахаст æвдисой кæстæртæм, уымæн æмæ уыдон уæлдай æххуысхъуагдæр сты. Загъта, зæгъгæ, ацы рæсугъд бæрæгбон арæзт æмæ цæттæгонд æрцыдис нæ республикæйы сæргълæууæджы æххуысæй. Уый фæстæ бæрæгбонон арфæимæ нæ республикæйы кæстæр фæлтæры размæ рахызт Президент Бибылты Анатоли.

УÆ ЦÆСГÆМТТЫЛ КÆДДÆРИДДÆР ХЪАЗÆД МИДБЫЛХУДТ!

Президент раарфæ кодта фæзуатмæ æрбацæуæг чысыл æмбæстæгтæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы цæры æгъдауджын æмæ рæсугъд чысыл фæлтæр. «Хуыцауы фæрцы уыцы рæстæджытæ фесты, сæ цардæн тынг тæссаг куы уыд, ныккæндты-иу сæ куы æмбæхстам. Абон махæн уыцы фадат ис, цæмæй сын аразæм æппæт дæр, цæмæй сæ цæсгæмттыл кæдфæнды дæр уа мидбылхудт. Ацы бæрæгбон у сывæллæтты – Ирыстоны фидæны. Æмæ мах иумæ æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй нæ кæстæрты сомбон рæсугъд уа», – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли. Республикæйы сæргълæууæджы раныхасы фæстæ нæ чысыл хуртæн æвдыст æрцыд театралон равдыст «Бременские музыканты», нæ республикæйы паддзахадон драмон театры артистты æмæ нæ республикæйы байкерты хайадистæй. Уыдон сæ бæрæгбонон музыкалон зарæг акодтой ирон æвзагыл. Чысыл хуртæн уæлдай æхсызгондæр уыд байкерты фæзынд.

Уыцы бон концертон программæйы уæлдай волонтертæ сывæллæтты цæсгæмттыл æмæ къухтыл ныв кодтой аквагримæй алыхуызон нывтæ. Иууыл популярондæр ныв сывæллæттæн уыд ирон тырыса. Зæгъæн ис, нæ республикæйы хъомыл кæнынц сомбоны æцæг патриоттæ.

Бæрæгбоны ма æвзонг техникты станц дæр сарæзта бæрæгбонон равдыст. Уыдоны арæзт æрмæджытæ цымыдис кодтой нæ чысыл хурты.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.